Вторник, 19 марта, 2024
spot_img
ДомойНовости«Иудзинад»-ы фыццаг къахдзæфтæ нæ районы

«Иудзинад»-ы фыццаг къахдзæфтæ нæ районы

Æхсæнадон змæлд «Иудзинад» юридикон æгъдауæй фидаргонд куы рцыдис, уæдæй нырмæ бирæ рæстæг нæ рацыдис, фæлæ уæддæр бирæ адæм æрбамбырд кодта йæ алыварс. Ацы æхсæнадон змæлд цы нысантыл кусы, уыдонæн йæ сæйрагдæр у æппæт ирон адæмы баиу кæнын. Архайынц, цæмæй не мзæххонтæ мауал кæной дихтæ, цæмæй æрбалæууой кæрæдзийы фарсмæ æмæ æмзонд, æмдыхæй бахъахъхъæной нæ культурæ, æгъдæуттæ æмæ мадæлон æвзаг.
Æрæджы «Иудзинад» -æн нæ районы байгом ис хайад. Йæ сæргълæууæгæй æвзæрст æрцыдис Токты Владимир.
Foto13
Токы-фырты хорз зонынц районы. У фæлтæрдджын ахуыргæнæг, æхсæнадон архайæг, хъæубæсты нымад лæг. Йæ фыст æрмæджытæ арæх фенæн вæййы газеты фæрстыл. Газеткæсæг ын аргъ кæны йæ хъæздыг æвзаг æмæ дзырдарæхстдзинадæн. Ног æвзæрст разамонæг дысвæлдæхтæй бавнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Бацæттæ кодта сæрмагонд мадзал, цæмæй нæ районы цæрджытæн бамбарын кæна «Иудзинад»-ы нысантæ, базонгæ сæ кæна змæлды советы уæнгтимæ.
Нысан бон районы библиотекæйы кæсæн залмæ æрбамбырд сты интеллигенцийы минæвæрттæ, горæты скъолаты ахуырдзаутæ, «Иудзинад»-ы районы хайады минæвæрттæ Мзокты Аслæн6бег æмæ Къаболаты Юрий, мыггæгты советы минæвæрттæ Хетæгкаты Таймураз, Гæззаты Виктор, Хъалæгаты Батраз. Уымæй уæлдай ма мадзалмæ хуынд æрцыдысты «Иудзинад»-ы советы уæнгтæ Дзæуджыхъæуæй ¬– Кучиты Батраз, Мæрзойты Тамерлан æмæ Берозты Уырызмæг, Фæрниаты Эльбрус. Фысымтæ бацæттæ кодтой мидисджын литературон-музыкалон композици. Хъæздыг уыдис канд æмдзæвгæтæй нæ, фæлæ ма кафтæй, зардæй. Уазджыты сæ курдиатæй сбуц кодтой Алагиры фæндзæм, æртыккæгæм æмæ цыппæрæм скъолаты ахуыргæнинæгтæ.
Фыдæлтæй нын цы фæтк баззад, уымæ гæсгæ Гæззаты Виктор ирон бæгæныйæ скуывта æртæ чъирийы æмæ физонæг, бафæдзæхста рæзгæ фæлтæры Хуыцауыл. Загъта, зæгъгæ, кæй дары йæ зæрдæ, районы адæм «Иудзинад»-имæ кæй балымæн уыдзысты, ууыл.
Тынг разыйæ баззад мадзалæй Кучиты Батраз дæр, Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы Координатор:
–Зæрдæ райы Алагиры цæхæрцæст фæсивæдæй, ис мæ ныфс, сæ сомбон кæй уыдзæнис рæсугъд æмæ бæллиццаг. Махæн нæ фидæн сты нæ рæзгæ фæлтæр, æмæ сæ рухс сомбон аразгæ у махæй, хистæртæй. Мах сын нæхи дæнцæгæй куы равдисæм иудзинад æмæ æнгомдзинад, уæд уыдон дæр, æнæмæнгæй, мах бафæзмдзысты.
Уазджытæй алкæмæн дæр радтой ныхасы бар. «Иудзинад»-ы советы уæнгтæ бæлвырд радзырдтой æхсæнады цымыдисаг проект «Иудзинады мæсыг æмæ къона»-йы тыххæй, байуæрстой залы бадджытæн сæ газет, кæцы уадзынц ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл.
Мадзалы фæстæ Токты Владимирмæ радтам цалдæр фарстайы, æмæ сын радта бæстон дзуæппытæ.
–Владимир, æхсæнадон змæлд «Иудзинад» куыд равзæрд?
–Фарон ацыдис Ирыстоны мыггæгты минæвæртты æмбырд, кæцымæ æрбацыдысты мин æмæ æрдæг адæймагæй фылдæр. Уыдоны нымæцы уыдтæн æз дæр. Дзырдтам дзы ирон адæмы цардарæзты риссагдæр фарстатыл. Уæд рахастой уынаффæ æхсæнадон змæлд «Иудзинад» саразыныл. Æхсæнад ницы бар дары политикæйы хабæрттæм, нæ сæйрагдæр хæс – нæ номы – ирон адæмы иудзинад.
– «Иудзинад»-æн ма ахæм хайæдтæ кæцы районты ис?
– «Фыццаг зæрватыкк» у нæ район, гъемæ нын æй Хуыцау цины минæвар фæкæнæд. Куыд советы уæнг, афтæ у мæ бон зæгъын, не хсæнад кæй фæнд кæны тагъд рæстæджы иннæ районты дæр ахæм хайæдтæ байгом кæнын.
— Владимир, куыд дæм кæсы, «Иудзинад» æрбынæттон уыдзæн нæ районы?
–Мæнмæ гæсгæ, о. Не æхсæнады нысантæ алы ирон адæймагæн дæр хъуамæ уой хæстæг æмæ æмбаргæ. Ныфс дарын, кæй æрхъусдзысты не мзæххонтæ не змæлды сидтмæ, кæй рбалæудзысты нæ алыварс, цæмæй иумæйагæй бакусæм нæ мадæлон æвзаг, нæ Ирыстоны фидæныл.
-Цæмæй уæ æхсæнады уæнг суай, уый тыххæй цы хъæуы?
–Сæйраг домæн- уарз дæ райгуырæн бæстæ. Раст зæгъгæйæ та нæм ницы сæрмагонд домæн ис. кæйдæриддæр фæнды, табуафси, саккаг кæнæнт! А дыууæ боны байгом уыдзæн нæ хайады офис, уæдмæ та уал сæ бон у мæнæ ацы номырмæ æрбадзурын: 89284967186, цæмæй сын се ппæт фарстатæн дæр бæлвырд дзуапп радтон.
— Стыр бузныг!

Гуытъиаты Алинæ.
Къам систа Магкæты Иринæ

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ