Вторник, 19 марта, 2024
spot_img
ДомойКувæндæттæБахъахъхъæнæм нæ сыгъдæг кувæндæттæ…

Бахъахъхъæнæм нæ сыгъдæг кувæндæттæ…

Æхсæнадон змæлдæй адæм сты райгонд, афтæмæй йæ уидæгтæ царды уадзы. Æрæджы Алагиры районы кадджын уавæры байгом æхсæнадæн йæ ног хайад. Дарддæр сæ хъуыдыйы ис алы районы дæр ахæм хайад байгом кæнын. Уый фадат дæтты, «Иудзинад» йæ размæ цы ахсджиаг нысантæ сæвæрдта, уыдон царды ныффидар кæнынæн.
Ирыстоны бирæ мадзæлттæ вæййы æрвылаз. Фæлæ «Иудзинад» цы хъуыддаг сарæзта, ахæм дзы нæма уыд. Фыццаг хатт иумæ æрбамбырд кодта, Ирыстоны адæм Дунескæнæгмæ, зæдтæ æмæ дауджытæм цы кувæндæтты кувынц, уыцы сыгъдæг бынæтты дзуарылæгты. Цæмæй иумæ æрныхас кæной, абон нæ кувæндæттæ цы уавæры сты, ууыл. Фыццаг æмбырдмæ фæхуыдтой Уæлладжыры комы зæдбадæнты цы кувæндæттæ ис, уыдоны дзуарылæгты. Архайдтой дзы Мызуры, Зджыды, Ходы, Зруджы, Санибайы æмæ иннæ хъæуты минæвæрттæ.
«Иудзинад»-ы радон æмбырды Уæлладжыры комы дзуарылæгтæ цæлхæмбырдæй æрныхас кодтой, чи цавæр дзуæрттæм кувы, цавæр нозтæй сæм кувы, кæцы мыггæгтæ сæм кувынц, сылгоймæгтæн бар ис сæ бынмæ цæуынæн æви нæй, уый тыххæй. Радзырдтой цы уагыл ацæуынц сæ кувæнбæттæ уый дæр.
Æмбырд байгом кодта ацы змæлды советы уæнг Мæрзойты Тамерлан:
-Мах не ‘ппæт дæр тырнæм ирон адæмы иудзинадмæ. Фæнды нæ цæмæй иу уа нæ зонд, нæ хъуыды, нæ хъуыддаг. Нæ абоны фембæлд дæр уыцы нысан хæссы. Фембæлдзыстæм алы комы дзуарылæгтимæ дæр, нæхимæ фæбæрæг кæндзыстæм сæ хъуыдытæ æмæ курдиаттæ, æмæ афтæмæй кусдзыстæм, æрмæст нæхи хъуыды нæ, фæлæ адæмы иумæйаг хъуыды æмæ курдиаттæ æххæст кæнгæйæ. Хъуамæ аздахæм не ‘ргом нæ кувæндæттæм, базилæм сæм. Радзурæм æмæ хъуыддагæй равдисæм нæ кæстæртæн нæ сыгъдæг табугæнæн бынæтты ахадындзинад, ирон лæджы царды цы бынат ахсынц, уый. Бафиппаинаг у, абон нæ æгъдæуттæм бирæ ивддзинæдтæ кæй æрцыд хаст, уый. Уый нын ивы нæ цæсгом. Иудзинад кæм уа, уым адæм нæ уыдзысты суйтæ æмæ дихтæ. Нæ куыст скодтам комгай.
Фыццаг раныхас кодта Мызуры дзуарылæг Сохиты Сослан:
-Мызуры фынддæс хæдзарæй фылдæр нал ис. Фæлæ не ‘гъдау куыд домы, афтæ æххæст кæнæм нæ бæрæгбæттæ кувæндæтты. Сæ бынæттæ сты бæрзонд сыгъдæг ран. Сбæрæг кæнæм Хуыцауы дзуары, Уастырджийы, Мызуры Уациллайы, Мыкалгабыры, Ичъынайы, Мады-Майрæмы, Алардыйы, Тутыры, Фæлвæрайы бæрæгбæттæ. Ис ма дзы, мах кæй нал зонæм, фæлæ нæ фыдæлтæ кæмæ куывтой, ахæм дзуæрттæ дæр. Къусбар абон ничиуал кæны, фæлæ раздæр кодтам. Кувæндæттæ мах не ‘рхъуыды кодтам, нæ фыдæлтæй нын баззадысты. Æмæ сын рохгæнæн нæй. Сылгоймæгтæ дыууиссæдз метрæй хæстæгдæр кувæндонмæ нæ цыдысты. Хъæуы сæрмæ нæм ис Хъæуы зæды кувæндон, æмæ-иу хъæумæ чындз хæссой, йе та хъæуæй чындз хæссой, уæд–иу æй фыццаг бахуыдтой ацы бынатмæ æмæ йæ фæдзæхстой Хуыцауыл, зæдтæ æмæ дауджытыл. Йæ фарсмæ ис Мады-Майрæмы кувæндон. Сывæллон–иу кæмæн райгуырд, уыдон сæ ноггуырды фæдзæхстой уым æртæ кæрдзынимæ.
Рекомы дзуары тыххæй раныхас кодта Дзлиаты Хъазыбег:
-Сылгоймагæн цæуыны бар уыд æрмæстдæр Мады-Майрæмы, Алардыйы, Чызджыты кувæндонмæ æмæ Хуыцауы дзуары бынмæ. Иннæ дзуæрттæн сæ ном дзургæ дæр нæ кодта. Кувæндоны бынмæ карз нозт хæссæн нæ уыд. Не ‘мбæлы дæлимоны нозтæй Хуыцаумæ æмæ сыгъдæджытæм кувын! Рекомы кувæн бонмæ нæлгоймæгтæ сфыцынц ирон бæгæны æмæ уымæй уæлдай карз нозт фынгыл нæ вæййы. Нывондаг аст мæйы дæргъы сыгъдæг хойрагæй фæхæссæм æмæ йæ дзуары бон акусарт кæнæм.
Ходы хъæуы дзуарылæг Едзиты Андрей та ма йæхæдæг дæр хорз хъуыды кæны, кувæндоны бынмæ æртæ уæливыхы æнæмойгонд чызджытæн куыд кæнын кодтой, уый. «Кувæндонмæ алы хуызы хойраг хæссæн нæ уыдис,- загъта Андрей. — Абон дæ зæрдæ цы не ‘рцагура, æмæ цы нæ разындзæн фынгыл. Пъамидоры цæхджынæй райдай æмæ салаттæй фæу. Кусæрттаг дæр-иу хæдзары аргæвстой æмæ-иу æй сыгъдæгæй дзуары бынмæ сластой. Мæ фыд-иу афтæ фæдзæхста, йæ нозты авг дæр дзуары бын мачи ныууадзæд, зæгъгæ. Ходы фæцæуынц æмæ фæкувынц Алардымæ, Елиамæ, Мады-Майрæммæ, Тхосты дзуармæ, Сау комы зæдтæ æмæ дауджытæм (уырдыгæй къæцæл рахæссæн дæр нæ уыд, дзуар дæ бафхæрдтаид),Тæтæртуппы, Уациллайы, Чызджыты кувæндонмæ. Арæх фæзæгъынц, кувын хъæуы æхсырæй дæр, зæгъгæ. Фæлæ æз никæд федтон, нæдæр фехъуыстон уыцы æгъдау. Федтон бæгæны æмæ къуымæлæй кувгæ».
Æгъуызарты Мæирбег Зджыды дзуарылæг у. Уыдон дæр кувынц, уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы дзуæрттæм се ‘ппæтмæ дæр æмæ Тутырмæ. Æппæты кадджындæр дзуарыл сæм нымад у Алардыйы дзуар. Уæлдай кадджындæр æмæ йæ бæрнондæрæй бæрæг кæнынц алы аз. Ноггуырд цы бинонтæм уыд, уыдон уырдæм хастой хъалон. Равзарынц хистæр кувæг, кæстæр кувæг æмæ дуаргæнæг. Цæмæй скувынц, уыдонæй алчидæр йæ хæдзармæ ахæссы хай.
«Абон йæ хæдзары сасир дæр ничиуал дары,- загъта Мæирбег. — Цæттæйæ сæ кувинæгтæ æрбахæссынц. Уый стыр рæдыд у, мæнмæ гæсгæ. Махмæ-иу бæгæны фыхтой нæлгоймæгтæ. Къусбар-иу ракодтой. Чи йæ бæлццоны номыл лæвæрдта сæрмагондæй, чи та йæ рынчын цæмæй адзæбæх уа, уый номыл. Æмæ-иу сæ дзуарылæг æрхъуыды кодта сæ номыл ракуывдæй».
Сæ хъуыдытæ ма загътой Санибайы дзуарылæг Гæцойты Ладемыр, ирон адæмы традицион уырнынады динон организаци «Уæллаг Ир»-ы разамонæг Хъайтыхъты Ростислав æмæ иннæтæ.
Кæронбæттæны хатдзæгтæ скодтой «Иудзинад»-ы советы уæнгтæ Кучиты Батрадз æмæ Туаты Алан.
«Нæ рæсугъд æгъдæуттæ абон иумæйагæй куы нæ банывыл кæнæм, уæд райсом нæ кæстæртæ сæ къухтæ фæрсæрдæм акæндзысты, æмæ зæгъдзысты, мах нæ хистæртæм уыцы æгъдау куы нæ федтам, зæгъгæ, — бафиппайдта Туаты Алан. — Ирыстоны ис тынг хорз фæсивæд. Ацы хъуырдухæн рæстæг сæ хорз хистæры сæр куыд хъæуы, афтæ сæ кувæг лæг дæр нæ хъæуы. Хистæры хæс у кæстæрæн хорз æгъдау равдисын, æмæ кæстæр куы рæдийа, уæд ын уайдзæф бакæнын. Арæх нæхæдæг æвдисæн вæййæм, зианы фынгыл хистæр йæ тамакойы фæздæг дæр куыд скалы, уымæн. Уымæн уайдзæф бакæнгæйæ, фæстæмæ фехъусæн ис ахæм дзуапп, ома, дам, зиан дæр бирæ уарзта тамако, æмæ ницы кæны. Ахæм хистæрæн йæ кæстæр æгъдауылхæст никæд уыдзæн. Бирæ фæсивæд ныртæккæ «сидзæртæ» сты, сæ ныййарджыты не ‘вдæлы сæ цоты хъомыл кæнынмæ. Сымахæй нæ ис ныфс, бахъуыды сахат кæддæриддæр нæ фарсмæ кæй æрбалæудзыстут. Бузныг уын уый тыххæй».
Цы æрмæг æрæмбырд кæной, уыдон хаст æрцæудзысты интернетмæ дæр. Цæмæй Ирыстоны адæм пайда кæной нæ зæгъинæгтæй æмæ фæсарæнты цæрджытæн дæр фадат уа не гъдауимæ хæстæгдæр базонгæ кæнынæн.
Зæдтæ æмæ дауджытæ сты карз, сæхимæ хæстæг нæ уадзынц чъизидзинад, хин æмæ мæнгард митæ. Нæ кæнынц хатыр дзуар æфхæрæгæн. Уый нæ фыдæлтæ хорз зыдтой æмæ сын сæ кувæндæттæ сыгъдæгæй дардтой, кодтой сæм табу. Уымæн æвдисæнæн баззадис бирæ таурæгътæ. Сæ арфæ уæ алкæйы дæр уæд!
Фембæлд аивæй кæронмæ ахæццæ. Хуынд адæм баззадысты разыйæ сæ фысымты арфæйаг хъуыддæгтæй æмæ дарддæр дæр кæндзысты æмгуыст.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

Чи у дзуарылæг æмæ йыл цавæр хæстæ æвæрд ис?
РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Хæтæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, этнограф ЦГЪОЙТЫ Хазби æмбарын кæны афтæ:
— Кувæндонмæ цæстдарæг, куывддонты Хуыцауыл, зæдыл, дуагыл чи бафæдзæхсы, сæ кувинæгтæй сын чи скувы, мысайнæгтæ чи бæстон кæны, уыцы бæрнон æмæ куырыхон адæймаг у дзуарылæг. Уый у, кувæндон кæй номыл у, уымæй адæмы ‘хсæн минæвар. Рæстаг, сыгъдæг удæй, йæ хъуыддæгтæй, дзаума æмæ буарæй дæр, æгъдауджын, адæмы æмæ зæды, дуаджы уарзон адæймаг. Раздæр-иу æй æвзæрстой хъæуы кæнæ комы Ныхасы. Уым-иу адæм æмхуызонæй се ‘хсæнæй рахицæн кодтой, йæ кары чи бацыд, ахæм цалдæр хуыздæр лæджы. Дзуары бынмæ сыгъдæг удæй бацæуыны аккагыл кæй нымадтой, ахæмты. Уый фæстæ-иу цал уыдысты, уал халы скодтой. Хæлттæй æрмæстдæр иуыл фыст уыдаид «Хуыцауы хал». Иннæтæ сыгъдæг уыдысты. Кувæндоны бæгæныйæ кувæн стыр хъæзын къусмæ — уацамонгæ мæ-иу сæ æркалдтой, къусы сæр-иу сыгъдæг хæцъилæй æрæмбæрзтой. Хæлттæ-иу сцагътой, стæй æвзæрст лæгтæ, æнæдзургæйæ, иугай, къусмæ нæ кæсгæйæ, истой хæлттæ.
«Хуыцауы хал» фыст-иу кæуыл уыд, уый-иу чи сласта, уымæн, дам, Хуыцау дæр æмæ, кувæндон кæй номыл у, уый дæр æххуыс кодта, уыдоны фæндон дæр у, æмæ хъуыддагыл дызæрдыг ничи кодта. Ног æвзæрст дзуарылæгыл-иу кувæндоны фарн бафтыдтой. Æмæ–иу йæ хæстæ æххæст кæнын райдыдта.
Дзуарылæг æрмæст кувæг нæу, уый йæ хъус дары кувæндоны уавæрмæ, йæ сыгъдæгдзинадмæ, йæ мысайнæгтæм. Йæ бæрæгбоны æрцыдмæ йæхи хуызæн уæздан æмæ æгъдауылхæст лæгтимæ базилынц кувæндонмæ, æрцæттæ кæнынц æппæт дæр. Бацархайы, цæмæй бæрæгбон ацæуа рæсугъдæй, аивæй, мидисджынæй, зæрдæрухсæй.

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ