Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!..

«ИУДЗИНАДЫ ЗИЛАХАР»

18 ноябры 2023 азы «Уастырджийы кувæн къуыри» ОО «Ирон Федераци» æмæ ЦИРÆИМЗ аразынц Фыццаг Республикон националон спорты хуызтæй Мыггæгты ‘хсæн ерыстæ — «Иудзинады Зилахар». Призовой фонд: 1 бынат — 75 000 сомы; 2 бынат — 50 000 рублей; 3 бынат — 25 000 рублей. Ерыстæ уыдзысты Октябрыхъæуы Гагарины уынг 22, Тедеты...

«Ирон дæн æз»-ы фæдон

Вадим йæхи нымайы ирон адæймагыл. Райгуырд Ирыстоны, йæ фыццаг ныхæстæ скодта дыгуронау æмæ йыл йæ зæрдæ нал ивы. Республикон конкурс «Ирон дæн æз»-ы чи фæуæлахиз, уый ныр та сси нæ программæйы хъайтар.

«Иудзинады ЗИЛАХАРЫ» ЕРЫС

Джеоргуыбайы мæйы 18 бон, Горæтгæроны районы, Октябрыхъæуы Тедеты Е. номыл конд спорты галуаны арæзт æрцыд Республикæйы националон спорты хуызты ерыстæ мыггæгты ‘хсæн. Ерысты архайдтой фондзæссæдз адæймагæй фылдæр, лæггадгæнджытимæ иумæ. Ерысы бацыдысты ахæм мыггæгтæ: Багатæ, Бирæгътæ, Хуыгатæ, Дзерантæ, Цъæхилтæ, Туатæ, Цгъойтæ, Хетæгкатæ, Гаглойтæ, Гæбæратæ, Кодзатæ. Мыггæгтæ сæхи фæлвæрстой чъоппæй, фат æхсынæй,...

Джеоргуыбайы 15 бон 2023 аз равзæрд «Сæлбиты мыггаджы змæлд»

Абоны бон бæрæггонд у Сæлбиты мыггаджы сæйраг æмбырдæй. Йæ архайджытæ æмхъæлæсы уагæй равзæрстой разамынддæттæг æмæ йæ хæдивджыты: Разамонæг – Сæлбиты Гайтойы фырт Гайрбег 1-аг хæдивæг – Сæлбиты Хъазыбеджы фырт Тамир 2-аг хæдивæг – Сæлбиты Алымбеджы фырт Альберт 3-аг хæдивæг – Сæлбиты Хаджимураты фырт Казбек

Гыкъынаты равдыст

Æрвылазон аивадон гыкъынаты равдыст

https://youtube.com/shorts/Ki3NjHioX38?feature=share

Уастырджимæ кувæн къуыри

Уастырджимæ, кæнæ та Лæгты Дзуармæ кувæн къуыри ирон кадджындæр бæрæгбæттæй иу у. Бæрæг кодтой раджы дæр æмæ ныр дæр. Гъемæ нæ программæйы иртасæм, Дзуары бонтæм куыд æмæ цæмæй куывтой, уый. Дзурæм, къуырийы дæргъы бинонтæй алкæуыл дæр цы хæстæ æвæрд уыди, уый тыххæй дæр. iRYSTON TV

«Мыкалгабыртæ. Авд Авды сты»

24-æм мартъийы ахицæн Цогойты Тамерланы чиныг «Мыкалгабыртæ. Авд Авды сты»-йы презентаци.

Гыкъынаты æрвылазон æрмдæсниады равдыст

Ирон æвзаджы рæзтыл æмæ национ культурæйы бынтæ кæстæртæм рæсугъдæй фæхæццæ кæныныл архайы æхсæнадон змæлд «Иудзинад». Уымæй уæлдай ма дзы ис лæвар ирон кæфтытыл, ирон фандырæй цæгъдыныл сахуыр кæнын, стæй ма музыкалолон инструменттæ æмæ куклатæ арæзыныл. 21 мартъийы æнæхъæн дуней бæрæг кæнынц куклатæ чи аразы, уыдоны профессионалон бон. Уый фæдыл змæлд...

Малусæг. Гæджынон-Хабæты Риммæ

Нæ уарзон Ирыстоны зæхх хъуаг никуы уыд разагъды адæмæй. Бирæ кадджын, дзырддзæугæ адæм цæры Ирыстоны. Уыдон кад æмæ намысимæ хæссынц ирон адæймаджы сыгъдæг ном, æнæкæрон уарзтæй уарзынц...
Powered by WordPress | Designed by: All Premium Themes Online. | Thanks to Top Bank Free Premium WordPress Themes, wordpress themes 2012 and Free WP Themes