Пятница, 19 апреля, 2024
spot_img
ДомойКувæндæттæИудзинад нæм куы уа...

Иудзинад нæм куы уа…

Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уыд æмбырд. Ацы хатт æхсæнады советы уæнгтæ фембæлдысты Дыгургомы хъæуты дзуарылæгтимæ.
Æмбырд цыбыр разныхасæй байгом кодта змæлды советы сæрдар Кучиты Батрадз. Уый фæстæ ныхас адарддæр кодта советы уæнг Мæрзойты Тамерлан. Мæрзойы-фырт фембæлды архайджытæм фæсидт, цæмæй «кæрæдзимæ æнгом æрбалæууæм æмæ архайæм ирон адæмы иудзинадыл, уа нын иу нысан, цæмæй нæ сомбон уа рæсугъд æмæ æнаипп».
— Ныртæккæ ирон адæм цæрынц алы рæтты, — загъта дарддæр Мæрзойы-фырт, — уымæ гæсгæ алчидæр «йæхи гуылы бын æндзары». Мæ ныхас куы фæбæлвырддæр кæнон, уæд Дæргъæвсы, Куырттаты, Уæлладжыры æмæ Дыгургомæй рацæуæг адæмæй алкæмæ дæр йæхи æгъдæуттæ æмæ хицæндзинæдтæ ис, куыд цины, афтæ зианы хъуыддæгты дæр. Уымæ гæсгæ кæд ирон адæм стæм, уæд не ’гъдæуттæ дæр иухуызон хъуамæ уой. Алы мыггаджы хистæры хæс дæр у йæ кæстæрты хорз хъуыддæгтыл ахуыр кæнын. Хъуамæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кувгæ кæнæм. Уымæн æмæ, æгъдау кæмæ уа, диныл чи æууæнда, уыцы адæймаг фыдракæнд никуы сараздзæн.
Дарддæр ирон адæмы æрбаиудзинады фæдыл дзырдта Мæхческы хистæр Дзагкойты Идолæ. Уый дæргъвæтин рæстæг ахуыргæнæгæй фæкуыста бынæттон скъолайы, уыдис Мæхческы адæмон депутатты советы сæрдар. Дзагкойы-фырт æмбырды архайджыты æргом аздæхта, абон мадæлон æвзаг цы уавæры ис, стæй йæ кæстæртæ куыд ахуыр кæнынц, уымæ.
digora3
— Ныртæккæ уавæр афтæ у, — бафиппайдта Дзагкойы-фырт, — æмæ мадæлон æвзагыл республикæйы быдырон хъæутæ æмæ хæхбæсты цæрджытæй фæстæмæ ничиуал дзуры. Уымæ гæсгæ мæ фæндон ахæм у, цæмæй ирон æвзаг ахуыр кæной канд иумæйагахуырадон скъолаты нæ, фæлæ ма астæуккаг профессион æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ та сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын хъæуы фыццæгæм къласæй фæстæмæ.
Куыд хистæр æмæ кæстæрты зондамонæг, афтæ Дзагкойты Идолæ дзырдта хъомылады фарстатыл дæр. Ныртæккæ æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæй бирæтæн куыст кæй нæй, уымæ гæсгæ сæхи цы фæкæной, уый нæ зонынц æмæ бонасадæн кæнынц. Фæлæ ныр ацал-ауал азы ницы арæзт цæуы.
Æмбырды бæстон ныхас рауад цины æмæ зианы фынгæвæрдтæ æмæ æгъдæуттыл дæр. Зæгъæм, раст нæу зианы фынгыл æртæ чъирийы æвæрын, кусарты сæр дыууæ дихы кæнын, кувгæйæ чъиритыл ныххæцын æмæ афтæ дарддæр. Æмбырды архайджытæ дзырдтой дзуæрттæм кувыны тыххæй дæр. Идолæ куыд загъта, афтæмæй августы бирæ адæм æрцæуы Комы дзуары бæрæгбонмæ. Хохы Дыгуры цæрджытæ кад æмæ радимæ иннæ дзуæртты нæмттæ дæр кæй арынц, уый тыххæй сæ раныхæсты дзырдтой Малиты Ацæмæз, Мæрзойты Аркади, Зæгæлты Мирон æмæ иннæтæ. Байсонгъуырты Мухтар куыд бафиппайдта, афтæмæй рацарæзты куыстытæ цæуынц Гæлиаты Авд дзуары кувæндоны. Ныронг уал йæ иу хаймæ зылд æрцыд Хъыбызты Трофимы, Джеджыты Тельмæны, Хъалаты Жорик æмæ Оледжы хъæппæрисæй. Езеты Сослан та сæм материалон фæрæзтæй фæкаст.
— Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ дзуæрттæм хъæуы кувын, — загъта Мæрзойты Тамерлан, – фæлæ хатгай фехъусæн вæййы, ницы æххуыс мын кæнынц, зæгъгæ. Æмæ дын дзуæрттæ куыд хъуамæ баххуыс кæной, кæд адæмæн æвзæрдзинæдтæ кæныс æмæ фыдгæнæг дæ, уæд. Хъуамæ алчидæр сыгъдæгзæрдæ уа, æмæ уæд Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæй дæр рох нæ уыдзынæ.
Кæронбæттæны æмбырды архайджытæ уынаффæ рахастой ирон адæмы æрбаиу кæныны тыххæй сæрмагонд сидт бацæттæ кæныны фæдыл.
ТОХСЫРТЫ Къоста

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ