«Иудзинад» адæмы æнгом кæны

0
587

Иу сценæйыл ерыс кодтой, уымæй размæ районты цы æркастытæ уыд, уым чи фæуæлахиз, кæнæ районтæ комкоммæ кæй сминæвар кодтой, уыцы сæрæнгуырдтæ: Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайы ахуырдзау Калоты Георги (йæ ахуыргæнæг — Уалыты Илонæ)DSC01774Рахизфарсы районæй брутаг лæппу Багаты Арсен (йæ ахуыргæнæг — Калоты Ларисæ), DSC01786Алагиры районæй мызуйраг лæппу Хъайтыхъты Тимур DSC01777Горæтгæрон районæй ногираг лæппу Тотраты Чермен (йæ ахуыргæнæг — Гæджиты Езетхан) DSC01843æмæ Михайловскæй Джусойты Георги (йæахуыргæнæг — Битарты Дианæ)DSC01836.
Ерысдзауты арæхстдзинадæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ: РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты министры хæдивцг Бæгъиаты Алан, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы ахуырады управленийы сæргълæууæг Гозымты Раман, паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы музыкалон программæты режиссер, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Газайты Зоя, Турчы цæрæг ирæтты минæвар Пухаты ЗалеDSC01917æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы советы уæнг Дзуццаты Феликс æмæ Сунжæйы фарастазон скъолайы директор Хуыгаты Ӕхсар. Бæрæгбон амыдтой «Иудзинад»-ы советы уæнг Токты Валодя DSC01835æмæ Алагиры 2-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хъæцмæзты Фатимæ.Лæппутæ сæхи равдыстой иу иннæмæй арæхстджындæр æмæ сæрæндæрæй. Ӕмæ та царды ныфс æрбауылæн кодта нæ зæрдæтыл. Лæппутæ æз хуыздæр æмæ арæхстджындæрæй бацыдысты ерысы нывæцæн «Ирон дæн æз» DSC01873 ныффыссын æмæ аив бакæсынæй, алчидæр йæ мыггаджы истори радзурын, мыггаджы бæлас бацæттæ кæнын æмæ мыггаджы таурæгътæй радзурынæй. Тынг сæрæн разындысты, хæлттæ сæппаргæйæ, ирон бæрæгбæттæ æмæ хцдзары мидæг рагон ирон кусæн дзаумæтты нысаниуæг æмæ ахадындзинады тыххæй радзурынмæ. Уæдæ кафын, зарын æмæ æмдзæвгæтæ аив кæсынмæ дæр сæхи равдыстой æнаиппæй. Тохы гимнау зæрдæмæхъаргæ уыдысты Тотраты Черменæн йæхи фыст æмдзæвгæйы ныхæстæ: «Дзурут нæм, нæ мадæлтæ, иронау, науæд ныл мæгуыры бон кæны!»DSC01810Кæм фылдæр цыд, кæм — къаддæр. Фæлæ иууылдæр быд уыдысты лыстæг уисæй. Сæ хуылф та сæрст уыд хъуджы фаджысæй (уæ фарн бирæ), цæмæй хоры нæмгуытæ зæхмæ ма згъæлдаиккой, уый тыххæй”. DSC01901Къамисы уæнгтæ сагъæсы бацыдысты: мызуйраг æнаипп, сæрæн лæппу Хъайтыхъты Тимур æмæ ногираг хиуылхæст, æгъдауджын æмæ хæдæфсарм сæрæнгуырд Тотраты Черменæн сæ æнтыстыты æвдисæн нымæцтæ кæрæдзимæ æрлæууыдысты хæстæг. Ӕнцон нæ уыд, фæлæ сбæрæг сты хуыздæртæ. Фыццаг бынат лæвæрд æрцыд Хъайтыхъты Тимурæн, DSC01919Къамисы уæнгтæ сагъæсы бацыдысты: мызуйраг æнаипп, сæрæн лæппу Хъайтыхъты Тимур æмæ ногираг хиуылхæст, æгъдауджын æмæ хæдæфсарм сæрæнгуырд Тотраты Черменæн сæ æнтыстыты æвдисæн нымæцтæ кæрæдзимæ æрлæууыдысты хæстæг. Ӕнцон нæ уыд, фæлæ сбæрæг сты хуыздæртæ. Фыццаг бынат лæвæрд æрцыд Хъайтыхъты Тимурæн,DSC01922 дыккаг — Тотраты Черменæн, æртыккаг — Джусойты Георгийæн. Ӕхсæнад «Иудзинад»-ы советы сæргълæууæг Кучиты Батрадз, советы уæнгтæ Мæрзойты Тамерлан, Туаты Алан, Хадыхъаты Ацæмæз æмæ Берозты Уырызмæг арфæ ракодтой уæлахиздзаутæн æмæ сæ схорзæхджын кодтой конкурс-æркасты майдантæй.DSC01884Куыд скъоладзаутæн, афтæ сæ ахуыргæнджытæн дæр лæвæрд æрцыдис æхцайы премитё, Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ерысы иннæ архайджытæ дæр райстой Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ӕнæрхъуыдыйæ нæ баззадысты, ацы хорздзинад саразыныл зæрдиагæй чи бакуыста, уыцы хæрзгæнджытæ дæр. DSC01857Бæрæгбон сæ аивадæй саив кодтой æрыгон зарæггæнджытё Айларты Дианæ, DSC01807Гуырцъыты Зёлинæ, фæндырдзæгъдæг Цгъойты Айрат, Алагиры 3-æм скъолайы кафджыты къорд, йæ аивадон разамонæг — Гусалты Альбинæ, дæсны зарæггæнæг Гæбуты Светланæ æмæ иннæтæ.
— Куыд адджын дæ, мæ ирон æвзаг, куыд дойны дæ кæнын! — загъта Пухаты Зале. — Цалынмæ цæрон, уæдмæ мын ацы фембæлдтытæ уыдзысты мысинаг. Раст хурæркастау, зæрдæйæн стут царды бон! Уæ цæрæнбон бирæ, мæ адæм! Турчы цæрджытæн Ирыстон у йе стыр ныфс. Ӕнусмæ цæр, Ирыстон!..DSC01862
Конкурсы уæлахиздзау Хъайтыхъты Тимуримæ мын рауад ахæм ныхас:
— Тимур, цавæр æнкъарæнтæ дын æрхаста дæ уæлахиз?
— Раст зæгъгæйæ мын ацы хабар тынг æхсызгон у. Кæд ерыс хуыйны, уæддæр архайæг лæппутæн уыд стыр бæрæгбонау. Систæм хæлæрттæ. Ацы бæрæгбон чи сарæзта, уыдон дæр хуыйнынц «Иудзинад» æмæ нæ бæрæгбон дæр у фæсивæды иугæнæг фæрæз. Иудзинад нæм куы уа, уæд нæ фыдæлтау уыдзыстæм æнгом æмæ æгъдауджын.
— Уый æнхъæл уыдтæ æмæ фыццаг бынат бацахсдзынæ?
— Кæд ме уæны нæ кæсын! Мæ хæлæрттæ рагагъоммæ æууæндыдысты мæ уæлахизыл. Фæлæ сын загътон, тагъд ма кæнут, ацы фæзы уæлахиз адæймаг нæй, иууылдæр иухуызæн хъаруджын стæм, уымæн æмæ дзурæм иронау æмæ ирондзинадыл.
— Цавæр бæллиц дæм ис?
— Мæ мадæлон æвзаг, нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ намыс фæлтæртæм хæссын. Цæмæй цæра æмæ хъуыса Ирон лæджы ном.
— Цы уарзыс?
— Уарзын мæ фыдæлты тыххæй таурæгътæм хъусын æмæ æмæ мадæлон æвзаг.
— Ныр дæсæм къласмæ цæуыс, фæлæ скъола каст куы фæуай, уæд дарддæр цавæр дæсныйад райсыныл ахуыр кæндзынæ?
— Ме ‘фсымæримæ уарзæм хъæдæй алы хуызы хæдзары дзаумæттæ æмæ зæрдылдарæн сувениртæ аразын. Фæлæ мæ бæллиц у хæдзараразæгыл сахуыр кæнын. Уый мæм хъæдимæ куыстæй ахсджиагдæр хъуыддаг кæсы. Мыййаг, Ирыстонæй ахуыр кæнынмæ, йе кусынмæ дард горæтмæ куы ацæуон, чи йæ зоны, райсомы бон цы уыдзæнис, уæддæр мæ зæрдæ мæ Ирыстон æмæ мæ адæмыл никæд сивдзынæн.
— Кæй руаджы дæ цыма сæрæй къæхтæм ирондзинады халтæй нывæзт?
— Мæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад, фыццаджыдæр, цæуы мæ бинонтæй, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ хъæубæсты цæрджытæй, мæ хистæртæ æмæ кæстæртæ кæрæдзимæ цы цæстæнгас дарынц, уымæй. Ӕз дæр архайын уыцы рæсугъддзинад адарддæр кæныныл.
DSC01766Нæ фыдæлтæ, дам, уайдзæфæй рынчын кодтой, фидисæй — мæлгæ. Тæхуды, ацы арфæйаг ахуыргæнджытæ се скъоладзаутимæ куыд бæстон бакуыстой, æмгуыппæй афтæ Иры фæсивæдмæ бавнал, уæд уый кæуылты амонд уаид. Уайдзæф æмæ фидисæй дæр хызт уаиккам, æмæ нæм ЮНЕСКО, ирон æвзаг сæфы, зæгъгæ, зæгъын дæр нал бауæндид. DSC01982Дидинæг чи нæ калы, уый, дам, дыргъ нæ дæтты. Ӕхсæнад «Иудзинад»-ы уæнгтæ цы ахсджиаг мадзал сарæзтой, уымæй рауад ирондзинады дидинæгкалгæ уалдзæг. Уæдæ дыргъ дæр уыдзæн!

ХЕТӔГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.