Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!..

Тыхосты дзуар

Вера для осетина вплетена во все аспекты бытия и отражается во всех актах его жизнедеятельности, она растворена в сознании нашего народа. Один из первых исследователей осетин В.Ф. Миллер говорит: «Имя Хуцау беспрестанно в устах осетина: оно слышится в большинстве пожеланий, которыми так щедро снабжен этикет повседневной жизни…» Одним из проявлений духовной культуры осетин предстают святилища – дзуары. Осетия буквально усыпана святилищами, дзуары и куывандоны для нас не просто материальные символы нашего вероисповедания, они предметные выразители духовного своеобразия, определяющего нас как осетин, носителей определенного типа религиозности и цивилизационного выбора.
Среди многочисленных дзуар(ов)-покровителей осетины также выделяют Тыхост, говоря о содержании его функций Айларты И. отмечает: «Бахъуыды заман кувæг-кусæг лæгæн тых-хъару йæ уæнгты цы зæд уагъта, уый хуыдтой Тыхост. Тыхост фæдисты заман æххуысмæ цыди йæ кувæг адæммæ, хæстон æмæ куысты хъаруимæ лæгдзинады ныфс уагъта сæ зæрдæты». О Тыхосте у нас сохранились представления, передаваемые в устных рассказах из поколения в поколение, их смысл и значение раскрываются в обрядовой практике и в поучительных притчах. «Тыхост у ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу. Кодтой йæ хуымгæнæны мæй, Куадзæны размæ хуыцаубоны æнæхъæн хъæубæстæй. Тыхостмæ адæм куывтой, зын, æвзæр, тыхст уавæры-иу куы бахаудысты, уæд. Kæд ма сын исчи баххуыс кæна, уæд æрмæстдæр Тыхост, уымæй ма-иу сæ уыди ныфс. …Хæссы тæвд рæстæг, быдыртæ бахус сты, бæстæ судзы, сæфынц хортæ. Адæм цъысымы бахаудысты, сæ фæстаг ныфс ма Тыхост у. Æмæ йæм кувынц, цæмæй фæлмæн къæвда рауадза: сæфынц адæмæй, фосæй, сæрвæтæй, уыгæрдæнæй. Æмæ-иу къæвда рацыд, фæлмæн къæвда.. Искæйы тагъд æххуыс бахъуыд, уæд-иу ныхъхъæр кодта «Фæдис, Тыхост, дæ сæр мæ бахъуыд!» Æмæ, дам-иу, Тыхост барæджы хуызы йæ цуры февзæрд».
«Иу лæппу, зæгъы, йæ фыстæ хызта. Бафæндыд æй Тыхосты фенын æмæ ныхъхъæр кодта:
– Фæдис, Тыхост! Дæ сæр мæ бахъуыд.
Тыхост йæ цуры фегуырд æмæ йæ фæрсы:
– Кæцæй дыл цæуы тых?
– Никæцæй. Дæ фенын мæ фæндыд æмæ дæм уымæн ныхъхъæр кодтон.
Уæд ын Тыхост загътæ:
– Æз хынджылæггаг нæ дæн. Цавддур фест. Мæнæн та гъе уый у мæ бон.
Æмæ, дам, лæппу цавддур фестад…».
Адæмон сфæлдыстады Тыхост у Уациллайы хорз æмбал. Æмæ-иу æм куывтой: «О Тыхост, зоныс нын нæ тыхст уавæр, бахус сты нæ зæххытæ, сæфæм æмæ дæ курæм, зæгъ Уациллайæн æмæ къæвда рауадза».
Один из дзуар(ов) посвященных Тыхост(у) находится в Куртатинском ущелье рядом с селением Цымти, над п. Фиагдон. Здесь Тхосты Дзуар был восстановлен всего несколько лет назад из руин, в данном состоянии он пребывал ряд десятилетий. Однако в этот период святилище не было забыто, здесь, как и сотни, а вероятно и тысячи лет назад проводился обряд инициация Цæуæгкаг, его назначение ввести в круг мужчин трехлетних мальчиков. Уже с этого возраста мальчикам прививались чувство ответственности, ценности характерные для мужчины осетина, наполняющие понятие Æгъдау.
Къарджиаты Бекыза писал «Цæуæггаг. Лæппуйыл æртæ Куадзæны куы ацæуы, уæд ын Куадзæны цыппæрæмы саразынц «цæуæггаг», ома, уæдæй фæстæмæ лæппуйæн ис цæуыны бар куывдмæ дæр æмæ хистмæ дæр. Уыцы цæуæггаг алкæм нæ кодтой.thost8Цæуæггаг скæнынц афтæ: лæппуйæн йæ къахæй йæ къухмæ цы хъæуы, уый ног балхæнынц æмæ йын скæнынц сæрак дзабыртæ, сæ хъустыл хæрдгæбыд æвæрд куыд уа, афтæ, ноджы сæрак зæнгæйттæ, мидæггаг хæлаф æмæ хæдон, куырæт, цухъа, рон минтъалæй арæзт, минтъал гыццыл хъама, хъусбос, сахаты бос, стæй ирон дамбацайы хуымпъыр, уæлдзарм худ, уæлейы йыл хæрдгæйæ лыстæг куыстæй нывæвæрдтытæ (уæлтаутæ). Хæдзары бинонтæ акæнынц кусарт, сцæттæ кæнынц нозт, хæринæгтæ, æрхонынц сыхбæсты. Лæппуйы фæсивæдимæ арвитынц Мадымайрæмы кувæндонмæ куывды. Уыцы ранмæ цæуæггаджы лæппутимæ æрæмбырд вæййы бирæ адæм. Цæуæггаджы лæппутæн саразынц хъæдын фæттæ æмæ сыл бакæнынц алыхуызон хæцъилтæ, гæнæк æмæ амал цас уа, уыйасæй глази хæцъилтæ. Йæхимæ кæмæн нæ уа, уый искæмæй дæр ракуры. Мадымайрæмы кувæндоны цур скувынц, цæуæггаджы лæппутæн сæ худтæ сисынц, сæ сæртæ сын зыгъар даст ныккæнынц фыццаг хатт. Куывд куы фæвæййынц, уæд сын сæхицæн ацаходын кæнынц. Адæм фæминас кæнынц, фæзарынц æмæ заргæ æрцæуынц хъæумæ. Цæуæггæгты бæрæгбон чи кæны хъæуы, уыдон хъуамæ иу ранмæ дæр æрæмбырд уой æмæ иумæ куывд скæной, æмæ бон-изæрмæ хъæлдзæгæй арвитой».
Уди ма дзы, æмæ ис, ахæм æгъдау, Тхосты дзуары цур ис ныхас хистæртæ иу леппуйы сбадын кодтой ныхасы семæ æмæ йæ фарстой — зæгъæм мæнæ ахæм цау æрцыди æмæ куыд бакæнæм, зæгъ дæ хъуды. Æртæ азы цыд лæппутæн нæ фыдæлтæ лæджы кад кодтой æмæ сæ ахур кодтой лæг уæвын. Ныр дæр нæ дуджы махæй нæ ’сты рох нæ фыдæлты рæссугъд æгъдæуттæ, æмæ куыд раздæр, афтæ ныр дæр, Тхосты дзуары куывды вæййы Цæуæггаг.
thost1Группа единомышленников, идейным вдохновителем и руководителем которых выступил Джанайты Слава, посчитала своим долгом возродить святилище, thost4на котором проводятся красивые обряды призванные укрепить веру в помощь высших сил, веру в собственные силы и в силу братства и солидарности во время,thost3 когда маховик пропаганды запущен для укоренения у нас мысли о нашей слабости, никчемности, эгоистического самосозерцания и поиска личного спасения.thost7Во время расчистки и строительства были обнаружены артефакты, оставленные некогда в качестве мысайнаг(а) на дзуар(е), это явственные свидетели древности культа, а также непрерывности его почитания.thost6 В истории Тыхосты дзуар(а) была пора когда мысайнаг, которым дзуар был наполнен, просто растаскивался, о чём свидетельствовали старшие. В наше время участниками восстановления были извлечены из-под руин немногочисленные остатки предметов разных эпох, периодов, начиная с глубокой древности, характеризующих культ Тыхост, образующих непрерывную, наглядную связь наших современников с предками. thost5Сейчас, как то было годы, десятилетия, и века назад, также как во времена наших предков, на возрожденном дзуар(е) совершаются красивые обряды, возносятся молитвы, наполняющие живой энергией сердца людей, дающие надежду на достойное будущее нашего народа. В наше зыбкое время, отмеченное потерей моральных ориентиров, навязанных ложных целей, тем не менее, осетины все более и более осмысливают себя в качестве этноконфессиональной общности, носителями великой духовной культуры, несмотря на реакционные попытки привить нам убеждения о невозможности и даже вредности оставаться самими собой, следовать принципам нашего Æгъдау облагораживающего человека, дающего четкие нравственные ориентиры человеколюбия, справедливости для всех
Для нас очевидно, что порыв и сила возрождения нравственных начал, благородных устоев Æгъдау будут вовлекать в себя достойных представителей нашего народа, коим будет под силу пронести и передать будущим поколениям сокровища и красоту духовной культуры осетинского народа.

Член совета Республиканского Общественного
Движения «Иудзинад»
Моргоев Хетаг

Вы можете оставить комментарий, или ссылку на Ваш сайт.


Оставить комментарий

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

Powered by WordPress | Designed by: All Premium Themes Online. | Thanks to Top Bank Free Premium WordPress Themes, wordpress themes 2012 and