Четверг, 25 апреля, 2024
spot_img
ДомойНовостиИудзинад кæм уа, уым фидæн дæр ис!

Иудзинад кæм уа, уым фидæн дæр ис!

Бæлвырд куыд у, афтæмæй 2014 азы 18 майы форум «ALANIA»-мæ фыццаг хатт æрæмбырд сты ирон мыггæгты минæвæрттæ. Æрныхас кодтой ахсджиагдæр фарстатыл. Ардыгæй Цæгат Ирыстоны республикæйы æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы советы уæнгтæ дысвæлдæхтæй бавнæлдтой æмæ равдыстой зæрдæмæдзæугæ, иннæтæн дæр бафæзминаг чи у, ахæм хъæппæрис. Уыдон сты Кучиты Батрадз, Мæрзойты Тамерлан, Кучиты Руслан, Фæрниаты Эльбрус, Берозты Уырызмæг, Фадзайты Æхсарбег, Таболты Сергей, Туаты Алан æмæ Хадыхъаты Азæмæт. Арæх фембæлынц алы мыггæгтæй æвзæрст минæвæрттимæ.
tyr1
Æхсæнадон змæлды æмбырды уазджытæ ацы хатт уыдысты Цгъойты, Гуырцъыты, Гёззаты, Наниты, Фæрниатæ æмæ Токты мыггæгты хистæртæ. Фембæлды архайджытё цæлхæмбырдæй æрныхас кодтой, абон ирон лæджы зæрдæ цы агайы, ахæм ахсджиаг фарстатыл. Æмбырд иннæ хæттытау ныр дæр амыдта «Иудзинад»-ы советы координатор Кучиты Батрадз. Уый уазджытæн æгасцуай загъта æмæ сæ базонгæ кодта сæ куысты сæйрагдæр нысантимæ.
Ныхас адарддæр кодта «Иудзинад»-ы советы уæнг Мæрзойты Тамерлан:
— Фарн уæм бадзурæд, Ирыстоны дзыллæ! Нæ куысты фыццаг нысан у, нæ фыдæлтæй нын цы æвзаг æмæ æгъдæуттæ баззад, уыдон, стæй уæд нæ сыгъдæг кувæндæттæ бахъахъхъæнын, нæ табуйаг хæхтæм базилын. Абоны хуызæн æмбырдты цы уынаффæтæ рахæссæм, уыдон æххæст кæнын æмæ афтæмæй Ирыстоны мыггæгтæн æххуыс кæнын иудзинадмæ фæндагыл цæуынæн.
tyr7
Нæ хъару нæ иудзинады ис. Фæлæ нæ абон раст цыма исчи æлгъитгæ ракодта, уыйау ныддихтæ ис Ирыстон. Иудзинадмæ куы нæ цæуæм, уæд не ‘гъдау дæр фесæфдзæнис æмæ не ‘взаг дæр.
tyr8
Иннæ ахсджиаг хъуыддаг у нæ республикæйы Конституцимæ ног уагæвæрд бахæссын, цæмæй закъонмæ гæсгæ хъахъхъæд цæуа ирон æгъдау. Нæ нысан у иумæйагæй, æмдыхæй Иудзинады мæсыг самайын, фыдæлтæй баззайгæ зиу расидын æмæ афтæмæй Иудзинады къона саразын. Уый уаид нæ иумæйаг Фарн æмæ Намысы бынат нæ сæйраг сахары мидæг.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм мæсыг æмæ къона аразгæ сты æмзонд-æмвæндæй. Хъуамæ алы мыггагæн дæр уа мыггаджы Ныхас. Ныридæгæн бирæ мыггæгтæ рауагътой мыггаджы чингуытæ, скодтой мыггаджы бæлæстæ. Алы мыггаг дæр хъуамæ афтæ бакæна. Акæсæм-ма нæ алыварс. Иу мыггаг дæр йæхицæй нæ рæзы. Алчидæр нæ кæйдæр хæрæфырт у. Адæймаг йæ тъымы-тъыматы дæр куы зона, уæд афтæмæй Ирыстон æнцон уарзæн у. Нæ мыггæгты хорздзинæдтæ куы бахъахъхъæнæм, уæд Ирыстон цæрдзæн. Афтæмæй нæ мыггæгты сæрæндæр æмæ æгъдауджындæр минæвæрттæй хъуамæ иу æрвыст æрцæуа «Иудзинад»-ы цæдисмæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ æмбырдты цы уынаффæтæ рахæссой, уыдон та хъуамæ царды æрцæуой æххæстгонд, — загъта Мæрзойы-фырт.
Мыггæгты минæвæрттёй бирæтæ сæ хъус æрдардтой ацы æхсæнадон змæлды программæмæ. Куыд дарддæр, афтæ фылдæрæй-фылдæр кæны архайджыты нымæц Ирыстоны алы мыггæгтæй. Бирæтæ ныридæгæн æрбалæууыдысты сæ фарсмæ æмæ цæуынц нысанмæ.
tyr3
Фыццаг та уал, ацы хъуыддаджы фæлтæрдджындæр цы мыггæгтæ сты, уыдоны минæвæрттæ радзырдтой, сæ мыггæгты советтæ ныронг цы фæзминаг хъуыддæгтæ скодтой, уыдоны тыххæй.
Гёззаты Виктор загъта:
— Нæ мыггагæн дæс азæй фылдæр ис совет. Хистæртæ хæссынц уынаффæтæ, æмæ сæ кæстæртæ æххæст кæнынц сæ хистæрты хъусдардæй. Интернеты тыгъдады кæстæртæ байгом кодтой нæ мыггаджы сайт, ис дзы мыггаджы тыххёй историон æрмæджытæ, зонинæгтæ æмæ хъусынгæнинæгтæ.Уæдæ фидаргонд æрцыдыстæм Юстицийы министрады æгъдауæй хицæн фондæй. Æхца æрæмбырд кæнæм æмæ сæ хъуыддаджы бахардз кæнæм. Сног кодтам дыууæ кувæндоны. Рынчынтæн не ‘ххуысы хай бахæссæм. Мыггаджы ис курдиатджын фæсивæд. Уыдон сæхи мидæг байгом кодтой ансамбль. Сæ арæхстдзинадæй аив кæнынц нæ алы бæрæгбон дæр. Циндзинад нын нæ зæрдæтæм хæссынц. Куыд æмбæлы, афтæ бацæттæ кодтам нæ мыггаджы бæлас. Тынг бирæ æрмæг æрæмбырд. Мæ бон у иннæ мыггæгтæм дæр фæкæсын ацы хъуыддаджы. Нæ хъус дарæм, æххуысхъуаг чи у, уыцы адæммæ дæр. Рæстæгæй-рæстæгмæ нæм вæййы мыггаджы куывд. Хуссар Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары дæр нын цæры хотæ æмæ æфсымæртæ, æмæ уыдоны дæр нæ ферох кæнæм нæ иумæйаг бæрæгбонмæ æрбахонын. Уымæй уæлдай, нæ мыггагæн ис йæхи газет «Гæззаты ныхас». Байуарæм æй мыггаджы æмæ æрвадæлты ‘хсæн, суанг Кæсæг-Балхъары дæр. Афтæ кусæм, нæ сомбоныл хъуыды кæнгæйæ.
— Зæрдæ райы, уыйбæрц ныфсджын æмæ хъæппæрисджын адæм иумæ кæй æрбамбырд сты, уымæй. Æнæмæнг, ам цыдæр хорз хъуыддаг рæзы, æмæ йын хъæуы, мæнæ раст суадонæн куыд вæййы, афтæ фæндаг раттын, цæмæй дарддæр царды ныффидар уа æмæ размæ рацæуа,— загъта Гæззаты мыггаджы минæвар Мæирбег
Æмбырды архайджытæ, Иудзинадмæ цæугæйæ, хастой уынаффæтæ, дзырдтой сæ фæндæттæ, сæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ.
Цгъойты фæрнджын мыггаджы минæвæртты хистæр Цгъойты Таймураз архайджыты базонгæ кодта сæ мыггаджы советы куыстимæ:
tyr6
— Фондз азæй фондз азмæ мыггаджы куывды æрæмбырд вæййынц нæ къабæзтæ. Архайынц нæ республикæйы æхсæнадон царды. Абон Ирыстоны алы мыггаджы ‘хсæн дæр ис, йæ ных бакъуырын кæмæн хъæуы, ахæм кæстæртæ. Фылдæр хъусдард уыдонмæ хъæуы. Хъыгагæн, кæрæдзиуыл нæ хæцæм, фæлæ нæ цины æмæ нæ хъыджы дæр, ирон адæмæн куыд æмбæлы, афтæ кæрæдзи фарсмæ æрбалæууæм. Фондты архайд раппæлинаг у. Хорз уаид, стыр мыгæггты фондтæ-иу гыццыл мыггæгтæм куы фæкæсиккой бахъуыды рæстæг, уæд. Уый дæр дзурæг уаид адæмы иудзинадыл,— загъта Таймураз.
tyr5
— Ирыстоны абон тынг бирæ æркæсинаг фарстатæ ис. Æз дæр æй зæгъдзынæн, бирæ хистæртæ сæ кæстæрты фадыварцмё кæй нал кæсынц, уый. Сæ цæстытæ бахгæдтой сæ кæстæрты худинаджы митæм кæсгæйæ,— загъта Гуырцъыты Олег.— Хистæр царды уымæн хъæуы, æмæ кæстæрты раст фæндагыл æвæра. Фæлæ бирæтæй уыцы фæтк ферох ис.
Бынтон æндæр уыд Зæнджиаты Мысырбийы раныхас. Уый бафарста: «Зæгъут-ма, хорз адæм, кæцы мыггаг бахъоды кодта, йæ мыггаг ын чи фидиссаг кæны, йæ кад ын йæ къæхты бын чи ссæнды, уыдоныл?! Мах та бакодтам. Нал дæр сæ нæ циндзинадмæ хонæм, нал дæр зианмæ. Нæхимæ сæ хæстæг нал уадзæм. Ноджыдæр баныхас кодтам карз бафхæрын, чындзæхсæвты, циндзинæдты ирон æгъдау чи халы, уыдоны. Ирыстон армыдзаг йеддæмæ нæу, нæуæдз æртæ та нæм алы динтæ æмæ конфесситæ ис. Уанцон нæу! Алкæй дæр нæ абон уа, райсом уа, нæ фыдæлтæ цы мæрдты бæсты сты, уырдæм хъæудзæн. Мах уын Кад æмæ Æгъдау куы ныууагътам, уæд сын сымах цы бакуыстат, зæгъгæ, нæ уым куы бафæрсой, уæд уымæй ничи тæрсы? Æз тæрсын… Мах æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы фарсмæ ныхасы æмæ хъуыддаджы дæр æрбалæудзыстæм. Ирыстонæн йæ кад раздахын хъæуы».
tyr9
Сæ хъуыдытæ ноджыдæр загътой Фæрниаты Эльбрус, Туаты Алан, Хъалæгаты Батрадз, Гуырцъыты Хадзымурат, Цгъойты Тамерлан, Æгъуызарты Барис æмæ æндæртæ.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ