Вторник, 19 марта, 2024
spot_img
ДомойБез рубрикиФорумФОРУМÆЙ ЦАЛДÆР РАНЫХАСЫ

ФОРУМÆЙ ЦАЛДÆР РАНЫХАСЫ

Ирон адæм Хуыцауæй арфæгонд уæнт!

Абон цы минæварджын æмбырды стæм, ахæм нырмæ никуыма уыд. Форум иу кæны ирон адæмы æппæт къабæзтæ, минæвæрттæ дзы ис алы ирон мыггагæй дæр. Æмæ хъуыддаг канд уый мидæг нæй, æппæтадæмон форум зын саразæн кæй у, сæйраг уый у, æмæ æрмæст ахæм минæварджын æмбырдæн ис адæмы номæй дзурын æмæ уынаффæ кæныны бар. Хъыгагæн, фæстаг рæстæг æхсæнады фидар кæнын райдыдта рæдыд хъуыды, ома, ныртæккæ ирон мыггæгтæн ницыуал ахадындзинад ис. Уый нæ, фæлæ ма иуæй-иу «зондджынтæ»  тæрхон дæр рахастой мыггагæн, куыд æхсæнадон институтæн, хъыгдарыны хос у, æндæр ницæмæн хъæуы ныры царды, зæгъгæ. Фæлæ йæ не ‘ппæт дæр уынæм, зынаргъ æмбæлттæ, нæ фыдæлтæ рагæй фæстæмæ кæмæй пайда кодтой, уыцы мадзал абон дæр тынг хорз кусы, мах дæр дзы спайда кодтам, нæ форум цæттæ кæнгæйæ. Сæйраг у, цæмæй адæм зæрдиагæй æууæндой цы хъуыддаджы балæууыдысты, ууыл, царды рауадзынмæ кæй хъавынц, уыцы фæндтыл.

Форумы æрæмбырды фыццаг æфсон у ахæм: фæстаг азты Ирыстоны, ирон адæмы ‘хсæн рынау парахат кæнынц нæ адæмæн æцæгæлон дзыллон культурæ. Иннæрдыгæй нæм бырсынц кæйдæр динтæ æмæ нын ныддихтæ кодтой нæ адæмы. Уыдон ныридæгæн фæхицæнтæ кодтой канд районтæ нæ, фæлæ мыггæты  æмæ суанг бинонты дæр. Дины тыххæй ныхæй-ныхмæ æрлæууынц æфсымæртæ дæр. Уыцы фыдбылызы фæзындтытæ халынц ирон адæмы традицион культурæ, сафынц нын нæ иудзинад.

Ахæм уымæн уавæрмæ æрцыдыстæм, æмæ бирæтæ не ‘мбарынц ирон æгъдауы стыр ахадындзинад. Ирон æгъдауы фæрцы фервæзтысты ирон адæм тызмæг историон заманты, уый фæрцы бахъахъхъæдтой сæ ирондзинад. Абон дæр ма нæ адæмы кæд исты бæтты æмæ æнгом кæны, уæд уый у ирон æгъдау.

Ныры ирон адæмæй рох нæу, сæ историон райгуырæн бæстæ Кавказæй чи фæхауæггаг, уыцы æнамонд фæлтæр. Бирæ ирон фæлтæртæ баисты ивгъуыды хæстон-политикон цауты амæттаг æмæ  батадысты æндæр адæмты ‘хсæн. Карз хæстыты, æвирхъау тохты ирон адæм равдыстой диссаджы хъару æмæ лæгдзинад, нæ басастысты цыфыддæр уавæртæн, фæлæ уыйхыгъд лæмæгъ разындысты  сабыр царды – адзæгъæл сты æцæгæлон культурæты фæдыл, ферох кодтой ирон æгъдæуттæ, ирон æвзаг, нæ истори, ирон зондахаст.  Ныгуылæны æмæ Скæсæны адæмты культурæмæ зынгæ бавæрæн бахæсгæйæ, кæйдæр паддзæдтæ фидар кæнгæйæ, сæхæдæг æвæд сæфт фæкодтой. Ахæм сты историйы уроктæ. Йæхи чи нæ зоны, йæ культурæйыл æнувыд чи нæу, уыцы адæмы сæ рæузонддзинад æркæны æвзæр фæстиуджытæм.

Ныртæккæйы заман дунейы размæцыд бæстæты стыр цымыдисæй кæсынц ирон адæмы историон-культурон бынтæм. Ныгуылæн Европæйы, Америчы, Израилы, Китайы, азиаг бæстæты нымаддæр университетты, наукон центрты ахуыргæндтæ алывæрсыгæй иртасынц нæ фыдæлты бынтæ, зæрдиагæй ахуыр кæнынц ирон æвзаг. Ам нæхимæ та фыдæлты æвæджиауы хæзнатæ сафгæ кæнæм. Æнæвгъауæй доны бын фæкодтой нæ адæмы удварны æмæ материалон культурæйы цыртдзæвæнтæ, табуйаг бынæттæ, мин азтæ кæуыл цыд, уыцы хъæууæттæ.

Дунеæмбарынд ирон æгъдауы вазыгджын хицæндзинæдтæй иу уый мидæг ис, æмæ йæ æххæстгæнджытæ нæ аразынц аргъуантæ. Кувæндон сын у æнæкæрон дун-дуне. Уымæ гæсгæ, ирон адæм не скæнæг Хуыцаумæ кувынц гом арвы бын, Хуыцауы сконд æрдзон Кувæндоны. Ахæм кувæндон сын рагæй-æрæгмæ сты хæхбæстæ. Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ иннæ дунеон табуйаг бынæттæй дæлдæр нæ лæууынц. Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, уыцы табуйаг бынатмæ æндæр динтæ куы фæхæццæ уой, уæд уымæй хæлд цæуы Хуыцауы Кувæндон.

Ирон адæмы традицион удварнон культурæ у хъæздыг, алцæмæй æххæст. Ирыстоны хæхбæстæ дихгонд сты кæмттыл, алы комæн дæр ис йæхи аудæг дзуæрттæ. Иутæн дзы ис æппæтадæмон нысаниуæг. Уымæ гæсгæ, Ирыстоны хæххон хай адæмæн уыд табуйаг рагзамантæй, алы динтыл хæст куынæма уыдысты, уæдæй нырмæ.

Дунейы ныффидар бæлвырд ахастдзинад адæмты, культурæты табуйаг бынæттæм, уыцы ахастдзинад ахæм у, æмæ табуйаг бынæттæн нæй æндæр адæмтæн бацахсæн. Ирæттæ та кæйдæрты аххосæй сæ сыгъдæг дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ  æндæр адæмтæн сфыццаг кодтой, æмæ дзы уыдон хицауиуæг кæнынц, сæхи дин сын куыд амоны, афтæ. Уый стыр хæрамдзинад у, тæригъæддаг ми. Ахæм культурон агресси халы дунеон барады фыст адæймаджы сæйраг бартæ æмæ сæрибартæ.

Сæрмагондæй зæгъын хъæуы уый, æмæ дунейы историйы дæргъы табуйаг бынæттыл  карз тох кæй цæуы. Уыцы бынæттæ, центртæ цы адæмы сты, уыдоны къухы куы нæ уой, уæд сыл нæ аудынц, ницы ахъаз сын сты, æмæ адæмæн лæмæгъ кæны сæ удварн, сæфтмæ цæуынц. Уымæ гæсгæ алы адæм дæр йæ кувæндæттæ хъахъхъæны æцæгæлон культурæтæй, æндæр адæмы дины æндæвдæй. Ардыгæй хатдзæг кæнын: Ирыстоны хæхбæстæ официалонæй нымайын хъæуы табуйаг бынатыл. Ацы проект сæххæст кæнынæй та Ирыстон, стæй æнæхъæн Кавказ дæр суыдзæн æппæтдунеон культурон процессы архайæг. Кавказ нал нымайдзысты фæсвæд, фæстæзад, хъæддаг адæмты бæстæйыл. Уымæй уæлдай, фæбæрзонддæр уыдзысты Уæрæсейы  статусон æууæлтæ, куыд скифты-сæрмæтты-аланты фарнимæ баст паддзахад, афтæ.

Фарста ахæм хуызы алыг кæнынæй мах никæй бартæ къахыр кæнæм, никæцы дины минæвæртты æфхæрæм. Дунейы динтæй алкæцыйæн дæр ис табугæнæн центртæ, кæм фæзындысты æмæ архайдтой, уыцы бынæтты, æмæ алы конфессийы минæвæрттæ дæр сæ дины домæнтæ уым æххæст кæнæнт. Ирон адæмæн дæр афтæ – Ирыстонæй уæлдай махæн фыдыбæстæ нæй. Сæ табуйаг бынæттæ сыгъдæгæй хъахъхъæнгæйæ, ирон адæм бахъахъхъæндзысты сæхи. Æндæр гæнæн æмæ амал нын нæй. Æрдзæй нын лæвæрд ис ирæттæ уæвыны хæс æмæ бар, фыдæлтæ нын ныууагътой фæрнæйдзаг ирон æгъдæуттæ, æмæ уыцы хæзнатæ никæмæн дæттинаг стæм.

Туаты Таймураз


Амондджын æмæ фæрнджын уæд ирон адæм!

Ныртæккæ бирæ разæнгад фæсивæд æнувыдæй архайынц ирон адæмы табуйаг бынæттæ сног кæныныл. Фæлæ ахæм стыр иумæйагнацион хъуыддаджы иунæгæй  цастæ бантысдзæн? Æрмæст паддзахадон æмвæзадыл алыг кæнæн ис, нæ фыдæлтæ нын цы монон æмæ культурон бынтæ ныууагътой, уыдон бахъахъхæныны фарста. Уæхæдæг æй уынут, Ирыстоны, ирон адæмы национ культурæ иудадзыг æнæфсонæй æфхæрынц æндæр культурæты минæвæрттæ, ахæм уавæры паддзахады (Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны) фыццагдæр хæс æппынкъаддæр у  нæ адæмы фыдбылызы митæй бахъахъхъæнын. Ирон адæм никуы никæй бахъыгдардтой, никæй культурон домæнтæ æххæст кæныны ныхмæ уыдысты. Зындгонд у нæ быхсондзинад. Фæлæ уый афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ нын нæ райгуырæн бæстæйы, нæ фыдыуæзæгыл æддагон исчи амона, кæцы Хуыцаумæ кувын хъæуы, уый. Йæхицæн аргъ чи кæны, уыцы адæмтæй иу дæр ахæм хъуыддаг нæ ныххатыр кæндзæн.

Ныхас цы Меморандумыл æмæ закъоны проектыл цæуы, уыдон æххæстæй дзуапп дæттынц дунеон æмæ уæрæсейаг барадон домæнтæн. Уыцы фæндагыл ныфсджынæй рагæй цæуынц раззагдæр бæстæтæ. Табуйаг бынаты классикон дæнцæг у Ватикан – гыццылмур паддзахад Римы мидæг. Паддзахад хæссы «дæсныфæрсæн обауы» ном. Рагзаманты Ватиканы зæххытæ уыдысты æдзæрæг, уымæн æмæ сæ Рагон Римы нымадтой табуйаг бынæттыл.

Иннæ дæнцæг – Сыгъдæг Афоны хох – æрдæгсакъадах Скæсæг  Грецийы. Административон æгъдауæй Грецийы Республикæйы  уый у сæрмагонд иуæг. Дунейы æппæт чырыстæттæн та – табуйаг бынæттæй иу, хъахъхъæны йæ ЮНЕСКО.

Иннæ табуйаг бынат Лхаса – Китайы Тибеты автономон районы горæты хай. Тибетаг æвзаджы Лхаса нысан кæны «Хуыцæутты бынат». Æндæрбæстаг  туристтæн ардæм цæуæн нæ уыд. Сыгъдæг бынатыл нымад у хох Кайлас дæр Тибеты. Буддизм æмæ индуизмы дины фыстыты Кайласы тыххæй загъдæуы: «Иу адæймагæн дæр нæй Хуыцæутты цæрæн хохмæ схизæн, Хуыцæутты цæсгæмттæ чи фена, уый марынинаг у». Ныронг дæр хохы цъуппыл адæймаг нæ уыд, уырдæм схизыны бар нæ дæттынц Далай-ламæ, милуангай уырнæг адæмтæ æмæ къорд дунеон организацийы.

Пысылмæтты табуйаг бынæттæм хауы горæт Меккæ. Уый ис Саудоваг Аравийы ныгуылæн хайы Сырх денджызæй сæдæ километры æддæдæр. Ардæм пысылмæттæ кувынмæ æрцæуынц æнæхъæн дунейæ дæр. Саудоваг Аравийы закъонмæ гæсгæ горæтмæ цæуæн нæй æндæр диныл хæст адæмæн.

Дæнцæгæн æрхæссæм иннæ табуйаг бынат – горæт Иерусалим Хæстæг Скæсæны. Дзуттаг динтыл хæст адæмæн Иерусалим у уæлдай цытджын сахар, ис дзы иудаизмы, чырыстон дины æмæ пысылмон дины кувæндæттæ. Динтæм гæсгæ горæт дихгонд у æртæ хайыл. Алчидæр сæ хъахъхъæны йæхи  табуйаг бынæттæ æмæ йæхи интерестæ.

Æхсæнадон ахастдзинæдты демократизациимæ Уæрæсейы Федерацийы ивд æрцыд фæдзæхст зæххыты юридикон-барадон статус. Зæгъæм, ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты Республикæ Бурятийы сакъадах Ольхон – бурятаг адæмы фыдæлты табуйаг бынат – официалон æгъдауæй нымад æрцыд «сæйраг кувæндоныл» æппæт манголтæн æмæ Центрон Азийы адæмтæн.  Сакъадахæн ис сæрмагонд нысаниуæг. Ольхоны сыгъдæг бынæттæм адæмæн  цæуæн нæй.  Ныр къорд азы дæргъы Республикæ Алтайы, Республикæ Тывайы табуйаг бынæтты статус дæттыны фарстатæ лыггонд цæуынц паддзахадон æмвæзадыл. Куыд уынут, афтæмæй, иумæйагариаг нысаниуæг кæмæн уа, ахæм табуйаг центр саразыны фарста фыццаг мах нæ æвæрæм.

Абон кæуыл дзурæм, уыцы документты сæйраг нысан у ирон адæмы фидæны фæлтæртæн нæ традицион культурæ æмæ дунеæмбарынад – ирон æгъдау – бахъахъхъæнын. Фарста ахæм хуызы сæвæрынимæ æнæ сразы  нæй, уымæн æмæ дунеæмбарынад у адæймаджы монон царды бæрзонддæр къæпхæн; адæймаг удæй у, йæ дунеæмбарынад цавæр у, ахæм. Уымæ гæсгæ нæ, кæд нæхи бахъахъхъæнын фæнды, куыд наци, афтæ, уæд хъуамæ, фыццаджыдæр, хъахъхъæнæм нæ традицион дунеæмбарынад, нæхи зондахаст. Ирон æгъдауимæ  бахъахъхъæндзыстæм нæ  табуйаг бынæттæ дæр, ома, Ирыстоны хæхбæстæн официалонæй фæдзæхст бынæтты статус лæвæрд кæй æрцæуа, уый фæрцы, уымæн æмæ уыдон сты ирон адæмы дунеæмбарынад – ирон æгъдауы – материалон бындур. Ныхас цæуы ууыл, цæмæй паддзахадон æмвæзадыл РЦИ-Аланийы æмæ Хуссар Ирыстоны парламенттæ хæхбæсты кувæндæттæ банымайой табуйаг бынæттыл. Æрмæстдæр афтæмæй, æхсæнад æмæ паддзахадон структурæты иумæйаг архайдæй ис бауромæн барæй арæзт фыдбылызæн. Æрмæст афтæмæй нæ бауадзыстæм нæ табуйаг бынæттæ фесафын, бахъахъхъæндзыстæм нæ адæмы культурон хæзнатæ.

Ахадгæ у уый дæр, æмæ нæ фæндæттæ сæххæст кæнынæн æхцайы хæрдзтæ кæй нæ хъæуы, æрмæст барадмæ кæй хауынц, уымæ гæсгæ.

Губаты Витали


Ирон адæм Хуыцауæй арфæгонд уæд!

Боны фæткы фарстатæ куы федтон, раныхасгæнджытæм куы байхъуыстон, уæд æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: ам ныхас кæуыл цæуы, уыцы хъуыддæгтæ æмæ фæндæттыл бирæ тæрхон кæнын нæ хъæуы. Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй уыцы фæндæттæ цæуынц ирон адæмы уды тæгтæй, æмæ сыл алы ирон лæг дæр хъуамæ зæрдиагæй сæмбæла.

Фæлæ иугæр ахæм минæварджын æмбырды боны фæткмæ хаст æрцыдысты, уæд хъуамæ зæгъæм нæ хъуыдытæ. Ныхас цæуы ууыл, цæмæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны конституцитæм хаст æрцæуа æмбæлгæ улæмхасæнтæ. Уыдонæй хъуамæ, фыццаджыдæр, нæхицæн бæлвырдгонд уа, культурон æгъдауæй чи æмæ цы стæм, уый. Æндæр ныхасæй, фæндон хаст цæуы, цæмæй дыууæ Ирыстоны конституциты фыст æрцæуа, ирæттæм, куыд адæммæ, куыд нацимæ цавæр сæрмагонд æууæлтæ æмæ хицæндзинæдтæ ис, уый амонæг уагæвæрдтæ. Ныртæккæйы конституциты фыст ис, республикæты паддзахадон æвзаг ирон æвзаг кæй у, уый. Уыцы статьятæй арæзт æрцыд юридикон-барадон бындур, цæмæй паддзахадон æмвæзадыл æвæрд æмæ лыггонд цæуой ирон æвзаджы хъахъхъæны æмæ рæзын кæныны фарстатæ. Ома, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ныры конституци адæмæн бар дæтты, цæмæй  хицауадон структурæтæй домой ирон æвзаджы рæзтыл æппæт мадзæлттæй кусын: цæмæй иронау дзурой скъолаты, сывæллæтты  рæвдауæндæтты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты, кусæндæтты æмæ афтæ дарддæр.

О фæлæ Цæгат Ирыстоны Конституцийы йæ кой дæр нæй иннæ ахсджиаг æууæлæн. Нæ национ удварнон культурæйы хицæндзинæдтæ чи амоны, наци цæй фæрцы стæм, уыцы æууæл. Уымæ гæсгæ æз разы дæн ацы форум саразæгæй. Нæ традицион дунеæмбарынадæн ирон æвзаджы  ис мидисджын дзырдбаст – ирон æгъдау. Ирон æгъдау куы нæ уа, уæд нæй ирон лæг, уæд уæвæн нæй ирон адæмæн дæр. Ирон нацийæн æнæ ирон æвзаг уæвæн куыд нæй, афтæ.

Хæдхæцæг паддзахы заман, советон дуджы сдзурæн дæр нæ уыд ирон æгъдауы тыххæй, куыд нæ адæмы национ культурæйы бындур, афтæ. Уыцы фадат фæзынд демократон паддзахад Уæрæсейы Федерацийы, уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Конституцимæ æмбæлгæ уæлæмхасæнтæ бахæссын уыдзæн иттæг раст мадзал. Бæргæ, ууыл раздæр куы батыхстаиккам. Конституци Сæйраг закъон уымæн у, æмæ дзы хъуамæ амынд уой бындурон æмбарынæдтæ, æууæлтæ, номхæссæг нацийы культурон цæсгом чи бæрæг кæны, ахæмтæ. Абоны бонмæ дыууæ Ирыстоны конституциты нæ адæмы национ цæсгом æвдисæг ирон æгъдауы кой кæй нæй, уый стыр рæдыд у. Ацы ахсджиаг фарста куы нæ алыг кæнæм, уæд фыддæр уавæрмæ цæудзыстæм, дарддæр хæлдзæн нæ национ культурæ, уый аххосæй нæ адæм къортдæ-дихтæ кæндзысты. Хъыгагæн, уыцы зæрдæриссæн хъуыддæгтæ алчидæр алы бон дæр уыны йæхи цæстæй.

Хуссар Ирыстоны Конституцийы 33 статьяйы 2 пункты дзырдæуы: «Православие и традиционные осетинские верования являются одной из основ национального самосознания осетинского народа». Мæнмæ гæсгæ, ацы статьяйы автортæ баиу кодтой, баиу кæнæн кæмæн нæй, ахæм хæйттæ, уый иу. Фæлæ та ам дæр, уæхæдæг куыд уынут, афтæмæй нæй сæйраг æмбарынад ирон æгъдау. Конституцийы текстмæ уый хаст куынæ æрцæуа, уæд «традицион ирон уырнынæдтæ» æмæ æндæр ахæм ныхæстæ уыдзысты бынтон æнæпайда.

Ирон адæмы табуйаг бынæттæ сног кæныныл дзургæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ Сæйраг Кавказы астæуккаг хай æфцæджы фæйнæ фарс у индоевропæйаг дунейы егъау æмæ рагон табуйаг бынат. Рагæй нырмæ йын ис иумæйагариаг нысаниуæг. Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæххон хæйдтæ сты ирон æмæ иннæ ариаг адæмты удварны рæзты материалон бындур – рагзамантæй абоны онг. Табуйаг бынæттæ, кувæндæттæ, дзуæрттæ дзы ис минæй фылдæр. Уымæ гæсгæ, алы иронæн дæр табуйаг чи у, уыцы бынæттæ бахъахъæнын, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны конституцитæм уæлæмхасæнтæ бахæсгæйæ, уый фæстæ «Ирон адæмы табуйаг бынат» саразын æппæт дзыллæтæ дæр  банымайдзысты арфæйаг хъуыддагыл. Нæ фæндæтты ма  зæрдæмæдзæугæ уый дæр у, æмæ сæ нысан ирон адæмы национ хъузджы бакæнын нæу, æппындæр нæ. Сæ нысан у æппæт индоевропæйаг (ариаг) адæмты ирон æгъдауы фæрцы æрбангом кæнын.

Стыр бузныг абоны историон æмбырд бацæттæгæнджытæн, форум ныридæгæн сси нæ дуджы зынгæдæр цаутæй иу.

Туаты Алан


 Фарн уæм бадзурæд, ирон адæм!

Мах абон ам цы хъуыддаджы фæдыл æрымбырд стæм, уый у ирон адæмæн сæ тæккæ ахсджиагдæр æмæ æппæты сæйрагдæр –  нæ дзуæрттæ, нæ табуйаг хæхбæстæ, æмæ Хуыцауæй нын лæвæрд æвæджиауы хæсæвæрд – ирон æгъдау,ирондзинад бахъахъхъæны хъуыддаг. Уыдон сты хæстæг æмæ зынаргъ алы ирон адæймагæн дæр. Уымæй уæлдай,  уый у уыцы иунæг мадзал – абон ма нæ ирон адæмы цæй фæрцы ис æрбамбырд кæнын, цæй номыл ис нæ  иудзинад равдисын, уый.

Абон ирон адæм алы рæтты, алы бæстæты цæрынц,  фæлæ афтæмæй æппæт ирон мыггæгтæн дæр сæ гуырæн авдæн у нæ Иры табуйаг хæхбæстæ, æмбал кæмæн нæй ахæм дзуарджын бæстæ. Ирыстоны иунæг мыггаг дæр нæ разындзæн Иунæг Стыр Хуыцаумæ чи нæ кувы æмæ  цы хæхбæстæй рацæуæгæ у мыггаг,  уымы дзуæрттæн кад чи нæ кæны, йæхи цыл бафæдзæхсынмæ чи нæ тырны.

Ирыстон хуымæтæджы бæстæ нæу- уый у уæларвон сыгъдæг тыхтимæ æнгом баст. Куыд æй зонæм афтæмæй, нæ рагонфыдæлтæ –скифтæ, сæрмæттæ цæугæ цард кодтой Скæсæнæй Ныгуылæнмæ цынæ бæстæ,  цынæ зæххыл цардысты, амæй ай бæркадджындæр, аивдæр бынæтты, хъарм дæнджызты æмæ фурды алыварс. Фæлæ  сæхицæн тæккæ рæбинагдæр , бæстондæр, сæйрагдæр цæрæнбынатæн равзæрстой абоны Ирыстоны хæхбæстæ , Кавказы тæккæ астæу. Цымæ цæмæн, сæ бон куы уыди хуыздæр бынæттæ равзарын? Уымæн æмæ уый уыди Хуыцауимæ баст зæхх!

Æрмæстдæр ирон адæм æмæ æрмæстдæр Ирыстоны хæхбæсты бафæрызтой бахъахъæнын,  Хуыцау канд ирон адæмæн нæ, фæлæ æнæхъæн Зæххы къорийы адæмтæн цы Дуне сконды  сусæг зонындзинæдтæ æмæ  царды уагæвæрдтæ радта, уыдон. Ирон адæмæн уыцы хæзна бантыст бахъахъхъæнын  сæ ирон Æгъдауы фæрцы.

Ирон Æгъдау у тынг рагон. Уый нын баззад нæ рафыдæлтæ –нартæй.  Æмæ йæ схонæн ис зонындзинæдты æмбисонды  хæзнадон. Уымæн ирд æвдисæн у  арф мидисджын ирон æмбисонд: «Æгъдау у ацы дунейæ Хуыцауы дунемæ фæндаг  амонæг».

Ома, ирон æгъдауы домæнтæ чи æмбары æмæ цæ чи æххæст кæны, уый у рæстзæрдæ, æнæхин, уæздан, сыгъдæгуд адæймаг, эволюцийы къæпхæнтыл бæрзондæй бæрзонддæр чи хизы, æмæ Хуыцауæн уарзон чи у, ахæм адæймаг. Уымæн нæм баззад ноджыдæр ахæм амбисæндтæ: «Искæйы мулкмæ ма бабæлл», «Искæй фыдгой фæсаууонмæ ма кæн», «Давæггаг æххормагæй дæр дæ дзыхмæ ма сис», «Алцæмæн дæр бæрц зон» æмæ бирæ æндæртæ. «Худинаджы бæсты мæлæт»

Адæймаджы сæйраг хæс кæддæриддæр уыд ацы Мæнг дунейы бафæразын сыгъдæгæй бахъахъхъæнын йæ УД. Уымæн æмæ, куыд æй зонæм, афтæмæй Зæххыл ис куыд Хуыцауæй æрвыст сыгъдæг тыхтæ, афтæ хæрам тыхтæ дæр. уыдон ирон æмбисонд куы дзуры, афтæмæй алы бон дæр алы хъуыддагæй сайынц адæймаджы, Хуыцауæй йæ дард кæнынц æмæ йæ сæхи дунемæ ласынц».

Алы адæймагæн дæр ис бар йæхи фæндонмæ гæсгæ равзарын кæцы тыхтыл æууæнды æмæ кæуыл фæдзæхсы йæхи, уый. Уый тыххæй уыд афтæ ахсджиаг ирон æгъдауы домæнтæ æххæст кæнын, раст æмæ зылын æмбарын, цы фæтчы, цы нæ фæтчы, цы æмбæлы, цы не мбæлы, уыдæттæ  кæнын нæ зоныджын фыдæлтæ нын цæ куыд бафæдзæхстой, афтæмæй.

Иу хатт ма йæ зæгъын, уыдон сты æнæхъæн Дун Дунейы уагæвæрдтæ, символтæ —  канд ирон адæмы нæ фæлæ. Афтæмæй та цæ Хуыцау  бабар кодта ирон адæмæн æмæ цæ æрмæст уыдон, æрмæст Ирыстоны хæхбæсты бафæрызтой бахъахъхъæнын цалдæр мин азы дæргъы. Ирыстоны цы бирæ  дзуæрттæ ис, уыдоны æххуысæй.

Цалынмæ ирон адæм хæхбæсты цардысты, æнгом, иузæрдион уыдысты, иу æгъдауыл хæцыдысты, афæдзы мидæг бирæ бæрæгбæтты æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ, хуцауæн табу кæнгæйæ – уæдмæ нæ дзуарджын хæхбæстæ уыд хъахъхъæд æцæгæлон адæймагæй, фыдгæнæгæй.

Дзуарджын бæстæйы табуйаг зæххыл нæй куыдфæндыйæ цæрын, хи æвзæр дарын, нæй дзы чъизи митæ кæнын. Уый тынг хорз зыдтой нæ фыдæлтæ.бирæ рæттæм цæуын æппындæр нæ фæтчыд, иунæг къалиу дæр ахæм къохæй, кæнæ хъæдæй рахæссæн нæ уыд.

Абон та æдзæрæг хæхты йæхи раст исчи куынæ дара, уæд дзуæрттæ сæ хорзæх куы тауынц, афтæ сæ бон у бафхæрын дæр. æмæ мА уæд сæ азары иннæтæ дæр суддзысты.

Цæмæй нæ табуйаг ххбæстæ сыгъдæгæй, куывддон бынатæй баззайа, уый тыххæй мах, æппæт ирон мыггæгты минæвæрттæ, абон ам æрымбырд стæм, цæмæй равдисæм нæ иузæрдиондзинад Хуыцау нын цæ хæзнатæ радта, уыдоныл – нæ кадджын дзæурттыл æмæ нæ фæрнджын æгъдæуттыл!

Равдисæм нæ иудзинад, фыдæлты фæдзæхст махæй рох кæй нæу, нæ Иры зæхх не ппæт дæр мадау кæй уарзæм, стыр аргъ ын кæй кæнæм! Ирыстон уæлахиз уæд!

Нæ Иры фарн æмæ кад хæхтæй бæрзонддæр уæнт!

Хамыцаты Олег


Фарн уæд нæ абоны æмбырды!

Фарн уæд уæ алкæйы хæдзары!

Абон мах ам кæй æрымбырд стæм, уый банымайæн ис стыр национ бæрæгбоныл, æмæ вазыгджын историон  хабарыл! Уымæн æмæ мах абон æвдисæм  нæ иудзинад нæ тæккæ сæйрагдæр хъуыддаджы мидæг!

Ахъуыды ма кæнæм, абоны онг ирон адæм бахъахъхъæдтой суанг рагон замантæй, нарты, царциаты дугæй цæм цы æгъдæуттæ  æмæ рагон кадджын дзуæрттæ æрхæццæ сты, уыдон!

Мах  нæ ныууагътам нæ дзуæрттæн лæггад кæнын нæдæр нын нæ роны æнусты дæргъы алыхуызон æрцæуæггаг динтæ  куы тъыстой, уæд. Нæдæр атеизмы дуджы нæ бынтон æнæхуыцау скæнынмæ куы архайдтой, уæд . Афтæмæй та уыцы заман, советон рæстæджы,  дунеон динтæ чи хуыйнынц(мировые религии), чырыстон, пысылмон æмæ æндæртæ- уыдонæн  сæ бон нæ баци атеизмы ныхмæ æрлæууын. Куыд æй хъуыды кæнæм, афтæмæй  советон хицауад  аргъуантæ æмæ мæзджыдтæ ныппырх  кæнын кодта, адæмы цæм кувынмæ  цæуын нал уагъта.

Фæлæ ирон адæмы та ничи бафæрызта бауромын . цыфыддæр заманты дæр,  уæддæр адæм цыдысты ирон куывддон бынæттæм, дзуæрттæм æмæ цын зæрдиагæй се гъдæуттæ æххæст кодтой!

Æрæджы ма ахæм цау дæр фехъуыстон : Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæсты размæ Ленингоры районы  гуырдзы æрбынат кодтой, ирæтты сæ хъæуты  нал уагътой цæрын, тæссаг уыд хæхтæм цæуын. Æмæ уым баззад ирон дзуар , Уастырджийы кувæндон. Æмæ мын афтæ радзырдтой: иу сæрæн ирон лæг, дам,  уæддæр алы аз дæр, дзуарæн йæ боны,  æгъдауимæ, куыд æмбæлы афтæмæй-иу уæддæр ссыди уырдæм, Уастырджийыл йæ комбæсты адæмы бафæдзæхсынмæ.

Ирыстоны хæхбæстæ хуымæтæджы нæ схуыдтой нæ фыдæлтæ Табуйаг зæхх. Æнæхъæн Зæххы къорийы дæр æндæр никуы ис Ирыстоны цас ис, уыйбæрц куывддон бынæттæ, куыд дзурынц, афтæмæй минæй фылдæр сты.

Нарты кадджытæм гæсгæ, кæддæр незаманты Хуыцау æрымбырд кодта Уазайы цъуппыл дзуæртты, зæдты, дауджыты æмæ цæ алкæмæн дæр бабар кодта Ирыстоны  сæрмагонд кæмттæ. Уыцы кæмттæм  цæ арвыста, æмæ уым равзæрдысты сæ кувæн бынæттæ. Бæрзонд хæхты ырбынат кодтой зæдты тæрхондонтæ-Хъæриу-хох, Урс-хох, Бур-хох æмæ æндæрты,  зæдтæ кæм фæуынаффæ кæнынц, уыцы бынæттæ. Уыдонимæ баст ис бирæ таурæгътæ.  Уыцы рæтты зæдтæ æргом æвдыстой сæхи æмæ се ххуыс адæмæн.

Уымæй уæлдай Ирыстоны баззад бирæ тæмæссаг хабæрттæ алæмæты миниуджытæ кæмæ уыд, ахæм дзаумайы тыххæй. Зæгъæм, Сидæны Мыкалгабыры сæйраг куывддон бынаты, дам кæддæр уыд бæгæныйы цæхгæр. Уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ бæркады ном дæр уымæ гæсгæ баззад. Уыцы цæхгæрæй цас фæнды куы æвгæдтаиккой бæгæны кувынæн,  уæддæр нæ къаддæр кодта.

Иннæ таурæгъ  та баст у Æвзæндаджы кувæндонимæ. Кæддæр, дам, Хæрисджыны сæрмæ бæрзонд ран уыд  кувæндон, æмæ-иу уыйонг лæг куы схæццæ ис, уыд-иу мидæмæ бахызт бакувынмæ æмæ дзы-иу баййæфта кувинæгтæ. Лæг –иу скуывта сахуыста æмæ-иу дарддæр йæ фæндагыл аразт ис. Фæлæ, дам, иу хатт уым  иу æнæмæт лæг  цæхх кæрдзынæй сахуыста, фæлæ дарддæр æй цæуын нал хъуыди, æмæ фæхуыссыд кæрдæгыл стæй ногæй баразт ис кувæндонмæ кувынмæ нал фæлæ та , дам, дзы кувинæгтæй ахæрон. Уыцы хъуыдытимæ куыд фæцæйхæццæ кодта кувæндонмæ, афтæ , дам, ныггуыпп кодта йæ дуар æмæ кувæндон цавддур фестад. Абон дæр егъау дурыл бæрæг дарынц йæ дуары æмæ йæ рудзынджы бынæттæ.

Уыдис ма ахæм мигæнæн, æппæт кувæг адæмыл-иу йæ бæгæны кæмæн сфаг ис, Фаллаг комы, Регахы Хуцауы дзуары.

Ирон адæммæ кæддæр Туалгомы уыд æпутоны кæрдæг дæр. иу сыф-иу дзы лæг куы аууылтта, уæд-иу æй æнæхъæн бон хæрд нал хъуыд.

Уæдæ цас уыдис æмæ ис абон дæр Уæларвон рæхыстæ. Уыдон æвæрд сты кувæндæтты. Зæгъæм, Дзывгъисы дзуары, Лæцы Хуыцауы дзууары, Гудцаты найфаты, Доныфарсы Рæхысы дзуары æмæ æндæрты. Уымæй уæлдай уыдысты лæвæрд хицæн мыггæгтæн дæр ахæм табуйаг дзаума: зæгъæм, Саламатæн æмæ Джериатæн уæларвон рæхыстæ , Сохитæн диссаджы хæзна- Сафа, зæгъгæ. Æвæрд  дзы уыд Сыгъзæрин фæрдгуытæ, æмæ рагон чиныг. Темыратæн дæр лæвæрд уыдысты фæрдгуытæ æмæ къус, Атайтæн туг æмæ æхсыр кæмæй ракалд, ахæм бæркадхæссæг къодах. Уæдæ цыкурайы фæрдгуытæ кæмæ ис, ахæм хæдзæрттæ дæр чысыл нæй Ирыстоны.

Æппæты цымыдисагдæр та у Хидыхъусы хъæузæды кувæндоны равзæрд. Дзуар кæй номыл конд у,  уый куыд дзурынц бынæттон цæрджытæ, афтæмæй уыд Ивард зæд, Уæларвæй зæххмæ адæмы æхсæн фæцæрынмæ йæ æрырвыста Хуцау. Æмæ уый 7 азы Хидыхъусы цард, адæм æй уынгæ нæ кодтой, хъусгæ та йын йæ ныхæстæ кодтой. Уый цын йæхæдæг амыдта, кæм, куыд саразын хъæуы кувæндон, куыд кувын æмбæлы, уыдон. Уынгæ та йæ кодта æрмæст зындгонд Мырзаганты Гисо 170 азæй фылдæр чи фæцард, уый.

Æмæ афтæ ис бирæ амæй ай цымыдисагдæр цаутæ æрхæссын дзуæртты равзæрды тыххæй.

Уымæ гæсгæ мæ фæнды зæгъын,  мах абон кæй хъæуы рахæссын уынаффæ, цæмæй Ирыстоны хæхбæсты бæрæггонд æрцæуой се-ппæт дзуæрттæ, уыимæ тынг рагонтæ дæр. абон адæм куывды кæдæм нал  цæуынц, фæлæ ма цын сæ бынæттæ цалынмæ хъуыды кæнынц, уæдмæ. Уыимæ ныффидар кæнын хъæуы рагон ирон æгъдау  æмæ карз нозт кувæндæттæм мачиуал хæссæд.

Цæмæй алцыдæр  нывыл, куыд  æмбæлы, афтæ уа бæрæгбæтты рæстæг,  уый тыххæй адæмæн хъæуы  домæнтæ бамбарын кæнын. Нæ фыдæлтæ дзуæртты бын  хъæрæй дзурын дæр нæ уæндыдысты, урс дарæсы, бæгъæввадæй цыдысты.

Адæймаг кæддæриддæр, канд бæрæгбоны нæ фæлæ алы бон дæр,  хъуамæ æмбара – Ирыстоны  хæхбæстæ кæй у дзуарджын бæстæ æмæ дзы хи дарын зонын кæй хъæуы.  Ууыл сахуыр кæнын хъæуы æрцæуæг адæмы дæр, ома нæм уазæгуаты чи вæййы, уыдон дæр сæ шортыты, æмæ  гом буæрттимæ ма цæуой, фæлæ дæлæ пысылмон бæстæты мæзджыдмæ цæуæгæйæ сылгоймагыл паранджа куыд скæнын кæнынц, аргъуанмæ  та æнæ сæрбæттæнæй  куы нæ уадзынц, афтæ  мах дæр нæ диссаджы дзуæртты раз  хъуамæ ма уæндæм  рæдийын .æмæ ма уадзæм рæдийын уазæг-æцæгæлон адæмы дæр.

Уымæ гæсгæ, мæ ныхасы кæроны мæ зæгъын фæнды, абон ам кæй æрбатымбыл стæм уый нын стыр ныфс  кæй дæтты мах, æппæт ирон мыггæгты минæвæрттæ нæ хицауадæй кæй æрдомдзыстæм, цæмæй нæ табуййаг хæхбæстæйæн радтæм официалон æгъдауæй табуйаг зæххы ном æмæ йæ куыд æмбæлы афтæ кæй хъахъхъæндзыстæм!

 

Æмæ нæ не ппæт дзуæртты хорзæх уæд, ахъазгæнæг нын фæуæнт уыцы арфæйаг  хъуыддаджы!

Туаты Александр

 

 

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ