Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм боны Ирыстон бæрæг кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон.
Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй æркаст-конкурс «Ирон дæн æз»-ы кæронбæттæны уæлахиздзауты æмæ сæ ахуыргæнджыты Хъæрæсе-Черкескы республикæйы ирон хъæумæ уазæгуаты æрцыдысты. Бæрæгбоны рæсугъддзинадæн стыр æххуыс фесты: Хетæгкаты Иринæ — Хетæгкаты Къ. хъæуы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг, Хетæгкаты Олег — Хъæрæсе-Черкескы ирон диаспорæйы хистæр лæг, Барахъты Хъазбег — хъæуы диаспорæйы архайджытæй иу, Барахъты Людмилæ — Хетæгкаты Къ. хъæуы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
Уæлахиздзау чызджытæ равдыстой хъæуы цæрджытæн сæ зонындзинæдтæ, сæ арæхст кафынмæ, зарынмæ æмæ аив дзырдæй пайдакæнынад.
Равдысты фæстæ змæлды уæнгтæ, скъоладазаутæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ сæ фæндаг скодтой Шоанинаг аргъуанмæ. Скувтой, кæстæрты дзы бафæдзæхстой.
Скъоладзаутæ сæ ахуыргæнджтимæ Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты цы салдæттæ фесæфт, уыцы хъæбатырты цыртыл дидинджыты быд сывæрдтой.