Суббота, 20 апреля, 2024
spot_img
ДомойНовости«Æрмæст ныл ныхас ма ныддæргъвæтин уæд»

«Æрмæст ныл ныхас ма ныддæргъвæтин уæд»

Æрæджы ахуыргæндтæ паддзахад Гвинеяйы ссардтой ахæм адæмыхатт æмæ сæ цардарæзт мингай азты дæргъы никуы ивта, нæ зонынц дунейы сконд, цытæ дзы цæуы, уыдæттæ. Ахæм адæмыхæттытæ, æвæццæгæн, нырма дзæвгар ис, сæ зæрдæтæ нæ ивынц рагфыдёлты фæтк æмæ æгъдæуттыл, нæ тырнынц нырыккон удæнцойдзинæдтæм, ахуырдгонддзинадмæ. Фæлæ сæм ис арф зонындзинæдтæ æмæ ахæм арæхстдзинæдтæ, цæмæй уæззау, тæссаг уавæрты ма фесæфой. Сæ алы къахдзæф, алы хъуыддаг дæр — барст æмæ бæлвырд, æппынæдзух сæ хъæуы къæбæр амал кæнын. Уый та арф, тар хъæдты мин азы размё куыд зын уыдис, ныр дæр — афтæ. Уымæн фидар сты ахæм адæмты ‘хсæн мидбастдзинæдтæ, æнæ кæрæдзи æххуысæй сæ цардарæзт фæцуддзæн æмæ фесæфдзысты.
æвæццæгæн, уыцы фæндагыл æппæт чысыл æмæ стыр адæмтæ дæр фæцыдысты. Æнæмæнг, рагзаманты хæстæгдзинады, æндæр бастдзинæдты тæгтæ уыдысты фидардёр, æмæ уымæн мах, ирæттæ, стæм æвдисæнтæ. Ноджы ма бæлвырд зонæм, рæстæг ныл куыд фæзынд, цавæр удварны хæзнатæй сфистæг стæм, цæимæ æрхæццæ стæм дыууын фыццæгæм æнусмæ, уыдæттæ.
Ссæдзæм æнусы кæрон нæ адæмы æмбаргæдæр минæвæрттæ, ирæтты национ химбарындзинад бынтондёр ма атайа, уый охыл райдыдтой архайын. Чи зоны, уымæн æвдисæн у, фæстаг 20-30 азы нём цал æхæнадон алыхуызон организацийы, къорды, змæлды фæзынд, уый дæр.
«Ирон цард цæуыл æнцайы, йæ бындур цы у, уыдæттæ зонгæйæ, мах араздзыстæм нæ куыст. Фæнды нæ базонын, уæддæр мыггæгтæ куыд æнкъарынц рæстæджы комулæфт, куыд æмæ цæуыл кусынц. Афтæмæй нæ бон уыдзæн иумæйаг пайдайаг фæндтæ хæссын, хæстæ æвæрын æмæ сыл архайын», — афтæ бамбарын кодта æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы советы уæнг Мæрзойты Тамерлан мыггæгты минæвæрттимæ ныхасы нысан.
Фембæлд амыдта «Иудзинад»-ы советы уæнг Кучиты Батрадз. Уыцы бон «Иудзинад»-ы æмбырды архайдтой Хетæгкаты, Зæнджиаты, Гæззаты, Токты æмæ Сохиты мыггæгты минæвæрттæ.
— Æз дæр мыггаджы хистæр дæн, мæ ном Мишæ. «Иудзинад» йæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдон сты зæрдæмæдзæугæ æмæ, æнæмæнг, Хетæгкаты мыггаг дæр æрбалæудзæн иннæты æмхуызон. Хъуамæ æрбангом уæм, нæхæдæг дæр дзы рамбулдзыстæм, иннæтæ дёр нæм нæ уæнддзысты. Мах цæттæ стæм Иудзинады мæсыг æмæ къонайы арæзтады иннёты æмрæнхъ æрлæууынмæ, — загъта Хетæгкаты Мишæ.
Хетæгкаты Алексей дæр ма уый бафтыдта, ома, Къоста кæддæридæр ирон адæмæн фæдзæхста, цæмæй кæрæдзи уарзгæйё цæрой.
«Уæлладжыры комы æрзæткъахæнтæй фылдæр цы уыд æмæ нæм цынæхуызон адæмыхæттытæ куыстой, ахæм нал баззад. Сыгъдæг дзырдтой иронау, зыдтой кæсын æмæ фыссын. Махæн æгъгъæд фæуæд дихтæ кæнынæн, кæцы ком лæгдæр æмæ хуыздæр у, уыдæттыл дзурын. Ирон адæм зондæй хъуаг никуы уыдысты, фæлæ нæм иудзинад нæй. Мах фæсивæдимæ æмбæлæм, нæ ныхас сæм хъуысы. Уымæ куы ‘рцæуа, æмæ дзы исчи йæхи æнæгъдауæй æвдисы, уæд нæхæдæг дзурдзыстæм йемæ, мадзæлттæ дæр ссардзыстæм. Кæд сæ ницæмæ ‘рдарой, уæд та сыл хъоды бакæндзыстæм. Мыггаджы советы куыст æххæст кæнын махæн баргонд у. «Иудзинад» цы хъуыддæгтæм сиды, уыдоныл разы стæм, бафысдзыстæм хъæугæ документ дæр. Мыггаджы ‘хсæн æмбырд кæнæм æхца, кæмæн куыд æнтысы, афтæ, æмæ нæм зындгонддæр лæгтæ чи уыд, уыдонæн уал номарæн фæйнæджытæ сæвæрдтам. Чи фæрынчын вæййы, уыдонæн дæр баххуыс кæнæм», — ахæм уыд Зæнджиаты Мысырбийы ныхас.
Гæззаты Виктор дæр бæстонæй æрдзырдта сæ мыггаджы советы куысты тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрмæст Цæгаты нæ кусынц, фæлæ Хуссар Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары Гæззатæй чи цæры, уыдонимæ дæр. Бацæттæ кодтой сæ мыггаджы фæзынды, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дзы чи архайдта, уыдоны тыххæй æрмæджытæ, уадзынц газет «Гæззаты ныхас», интернеты сын ис сайт, цы фæрæзты хицау сты, уымæй сæ цæст дарынц æххуысхъуаг адёймæгтæм. «Гæззаты мыггаг «Иудзинад»-ы рæстаг хъуыддæгты зæрдиагæй бацархайдзæн», — ахæм уыд Викторы хатдзæг.
Сохиты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ кæстæртимæ дзурын хъæуы сæхи ‘взагыл, сæхæдæг цы фæрæзтæй пайда кæнынц, уыдоны фæрцы. Уымæ гæсгæ, сæ кæстæртимæ бастдзинад фыццæгты аразын райдыдтой интернеты фæрцы. «Хъуамæ нæ фехъусой æмæ сæ бафæнда сæхи интернетæй, иннæ ахæм гæрзтæй ратонын, лæгæй-лæгмæ фембæлын, ахсджиаг фарстатыл æрдзурын. Разæнгард сæ хъуамæ кæнæм нæ историмæ, нæ адæммæ рæсугъддæр цы миниуджытæ ис, уыдонмæ. Ныридæгæн байгом кодтам сайт, равæрæм дзы, сæ зонд, сæ зæрдæтæ сын чи фæагайа, ахæм æрмæджытæ. Хистæры ном чидæриддæр хæссы, уыдон хъуамæ алы ран дæр уой фæзминаг æмæ уæд фæлтæртæ кæрæдзийы æнцонæй бамбардзысты», — загъта Сохийы-фырт.
Токты мыггаджы минæвар Валодяйы ныхасмæ гæсгæ, кæд 45 хæдзары йеддæмæ не сты, уæддæр сын ис хорз æмбарындзинад. «Скодтам фонд, алы мæй дæр алы хæдзар уырдæм æрвиты 500 сомы, æххуыс кæнæм рынчынтæн, ахуыры фæндагыл чи æрлæууы, уыдонæн. Нæ рагфыдæлты уæзæг ис Туалгомы æмæ уым сæмбæлæм, хæстæй чи нал сыздæхт, уыдонæн дзы цыртдзæвæн сæвæрдтам», — загъта Валодя. Уымæй дарддæр фæбæлвырд кодта, Хъæрæсе-Черкесты республикæйы цы Токовтæ цæрынц, уыдонимё дæр сын фидар бастдзинæдтæ кæй ис, уый. Куыд рабæрæг, афтæмæй ма сæ мыггагæй цæрынц Кæсæг-Балхъары дæр, æмæ уыдон дæр тырнынц кæрæдзи базонынмæ.
…Афтæ мыггæгты минæвæрттæ æрдзырдтой сæ куыст, сæ архайдыл, ногæй та фæбæрæг кодтой ирон æвзаджы уæззау уавæр, æрхастой дæнцæгтæ, цы мадзæлттæ фæахъаз уаиккой, уыдæттæ. Фæндыд сæ базонын Иудзинады мæсыг æмæ къонайы арæзтадимæ баст хъуыддæгтæ. Мæрзойы-фырт куыд загъта, афтæмæй агурынц бынат, исты куы ссарой, уæд хъæудзæн адæммæ фæсидын, цæмæй кæмæн йæ бон куыд уа, афтæ ‘хца радих кæна æмæ уыцы зæххы гæппæл балхæной. Мыггæгты минæвæрттæ сразы сты Иудзинады мæсыг æмæ къона саразыны тыххæй гæххæтт бафыссыныл.
Уый фæстæ ныхасы бар райста «Иудзинад»-ы советы уæнг Туаты Алан.«Советы уæнгтæ фараст йеддæмæ не сты. Ирон мыггæгтæ та — дыууæ минæй фылдæр. Мах дзурæм нæ национ химбарындзинад бæрæг цæмæй дары, уыдæттыл. Дыууæ мин мыггаджы минæвæртты зондахаст æмæ хъæлæс фараст адæймаджы зондахаст æмæ хъæлæсимæ абарæн нæй. Уыцы хъомысæй хъæуы спайда кæнын. Æвзаджы тыххæй мæ хъуыды ахæм у: ныртæккæ нæ сывæллæттæн цы ахуыргæнæн чингуытæ ис ирон æвзагæй, уыдоны бæсты куы ницы уа, уæд хуыздæр. Кæстæртæн-иу раздæр уайдзæф кодтой цæстуарзонёй, ныр та æфхæрæны хуызы æмæ сæ уый хистæртæй дардæй-дарддæр кæны. Байхъус нæм, уæд æмхуызонæй иудзинады кой кæнæм. Царды та: нæ сыхы, нæ хъæуы, нæ комы – хицæн æгъдæуттæ. Нæ дин дæр нæ иу нæ кæны, уæдæ исбон та бынтон ныддихтæ кодта адæмы. Мыггæгтæ архайынц, цæмæй сё лæгдæртæ рохуаты ма баззайой, уыдæтты тыххæй сын кæм цыртдзæвæн æвæрынц, кæм — номарæн фæйнæг. Æз Ирыстоны ахæм мыггаг нæ зонын, æмæ сæ исчи Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй йæхи бамбæхса. Бæзджын мыггаг уа, кæнæ нымæцæй чысыл, уымæ нæ кæсгæйæ, æрлæууыдысты знаджы ныхмæ, сæ адæмы сæраппонд райстой мæлæт. Ныр дыууæ мин мыггаджы сæ хæстонтæн цыртдзæвæнтæ æвæрынмё куы февналой, уæд уый цы уыдзæн? Уый иудзинадыл дзурæг у? Иудзинадмæ къахдзæфыл банымайæн ис, нæ рæдыдтытыл, æнæраст хъуыддæгтыл æргомæй дзурын куы райдайæм, уый», — афтæ нымайы Туайы-фырт.
…Ацы фембæлды архайджытæ цы вазыгджын фарстатæ рахастой рæгъмæ, уыдоныл, раст зæгъгæйæ, ныхас рагæй цæуы. Сæ алыг кæнынмæ чи бавналы, уыдон баиу вæййынц алыхуызон организациты, змæлдтыты, къордты. Уымæй дарддæр сæ арæх ницыуал райхъуысы, фарстатæ куыд вазыгджын уыдысты, афтæмæй боны фæткы лæууынц. Ома, ирон адæмы æмбаргæдæр, фендджындæр минæвæрттæ фæндæгтæ, ног мадзæлттæ нæ агурынц, афтæ зæгъæн нæй. Иу ссæдз азы размæ мыггæгтæ куывдтæ кæнын кæй райдыдтой, уый дæр бахæсгæ у, иу туг, иу стæг чи у, уыдоны фенгомдæр кæныны мадзæлттæм. Иутæ дзы дзаг фынгты уæлхъус фæбадыныл баззадысты, иннæтæ бæрзонддæр нысантæ æвæрынц.
Æрмæст никуыма никæмæй райхъуыст, ома, нæ мыггаг ссæдз азы дæргъы куывдтæ кæны,æмæ уал азмæ ссæдз «фæлурс» ироны ирон дзыхæй сдзырдтой. Ома, хæс сыл сæвæрдтам, иугæр дын ахæм зæлланггæнгæ ирон мыггаг æмæ ном ис, уæд бафыдæбон кæн, сахуыр кæн дæ мадæлон æвзаг. Иунæг мыггагмæ дæр ахæм хъару нал ис, æмæ сыл уæззау пъæззыйау чи ныффидар, æрмæстдæр ирон ном–мыггаг хæсджытæй сæхи асыгъдæг кæной. Цæмæдæр гæсгæ йæ фыдæлты туг, ныхас æмæ фарныл йæ зæрдæ чи нæ сивта, уыдон сæхи хæрынц, æппынæдзух мæт кæнынц, уыцы хæзнатæ æнцонæй фæсдуар чи авæрдта, уыдоныл. Цæй тыххæй? Кæдмæ сæ хæсдзыстæм не ‘ккой?
Цы нæ дихтæ кæны, уыдæттæ хорз зонæм. Уыимæ, исбон дæр. Никуыма фехъуыстон, æмæ мыггаг æхца амбырд кодтой, хистæртæ Стыр Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм скуывтой, æмæ уæд æмхуызонæй, æнæ уæлдай дæргъвæтин ныхæстæй балæууыдысты, æмæ сæм мæгуырдæр, фæкæсынхъуагдæр чи у, уымæн йæ хæдзары сæр аивтой, кæнæ йын, хуымæтæгдæр цы дур у, уымæй ног хæдзар сарæзтой. Хицæн адæймæгтæ ис, æцæгдæр, æмæ æххуыс дæр кæнынц, сæхи дæр не ‘мбæхсынц сæ фæкæсинаг æфсымæртæй. Мыггаджы бон бирæ фылдæр у. Æвæццæгæн, куывдты, юбилейты, гуыппæн гал æргæвстыты заманты сæрты дæр та иу афон ахиздзыстæм. Æрмæст ныл ныхас ма ныддæргъвæтин уæд.
БУТАТЫ Эльзæ

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ