Вторник, 19 марта, 2024
spot_img
ДомойÆгъдауХидараны фæтк

Хидараны фæтк

БИНОНТÆ

Бирæ бинонты астæу рæзгæ сывæллонæн, афынæйы рæстæг, мады хъæбысы дзидзи адæйыны цъусдугæй фæстæмæ, бирæ рæвдауджытæ, ирхæфсджытæ уыди. Боныдæргъы кæй хъæбысы нæ абадтаид, кæимæ нæ ахъазыдаид, аныхæстæ кодтаид, ахæм уатон рынчын дæр нæ разындаид.
Гыццыл бинонты сывæллон та куысты рæстæгæй улæфты онг уыди мад, фыды æвджид æмæ цастæ æххæссыдысты. Уыгæрдæнмæ куы цыдаиккой, уæддæр сæ авдæн семæ хастой. Иунæг сывæллонæн нæ аузæг æмбал уыдаид, нæ ахъазæг, æмæ цы кæуынæй уыдтаид, цы æнхъæлмæ кæсынæй. Ахæм æвæгаст сывæллæтты тыххæй бирæ таурæгътæ баззад. Йæ куыствæллад иунæг мад æй æнæвдæлоны ныхст-уадæй куы саджы фæдæг дæйгæ баййафы уыгæрдæны хъæдбыны, куы калмы къæдзил — кæрдинаг хуымы кæрон. Æмæ ахæм чысыл бинонтæ фыдæлты заман стæмтæ уыди, бирæтæй чи цард, уыдон та — дзæвгар. Гыццыл бинонтæм ничи бæллыд, тæхудиаг уыдысты бирæ бинонтæ.
Адæймагмæ сывæллонæй зæронды кармæ номæй дзурын куыннæ æмбæлди фы дæлты заман, фæлæ туг æмæ æгъдауæй хæстæг бинонтæн кæрæдзимæ номæй дзурын алкæд нæ фидыдта. Мад æмæ фыд сæ цотмæ амыдтой фæсномыгæй: нæ хистæр лæппу æмæ чызг, астæуккаг лæппу æмæ чызг, кæстæр лæппу æмæ чызг, нæ дынджыр
лæг, нæ дынджыр чызг. Дзырдтой сæм буцы, табуйы нæмттæй дæр: Гыгы, Дуду, Чысыл, Цъæхчызг.
Цот дæр сæ ныййарджытæм æмæ уыдоны мадæлтæ, фыдæлтæм дзырдтой фарны нæмттæй: дада æмæ баба, дзыцца æмæ гыцци, нана æмæ деда. Сывæллæтты ахæм æфсармы уагыл хъомыл кæныны фæтк ма æрæххæссыд ацы æнусы фыццаг æмбисмæ, стæй хæлын байдыдта ногцарды æдзæлгъæд митимæ. Абоны ирон бинонтæй ма фыдæлты намысыл цы иугæйттæ хæцы, уыдон дæр ног царды
фыдуавæрты цæсты нал ахадынц, уымæн æмæ æдзæлгъæды уагыл цы ирон бинонтæ ныххæцыд, уыдон «рацарæзты» азты дзæвгар фылдæр фесты.
Ахæм æдзæлгъæд, æнæуаг бинонты кæстæртæм куы бакæсай, уæд сæ адæймаджы зæрдæ куывды, чындзæхсæвы заманты дæр бамæгуыр вæййы. Цы — æнæуагæй, æнæфсæрмæй кæрæдзимæ сæ армаццагæй æвналын æмæ дзурын, цы — сæ цоты фыдæхсæд æмæ æнæфсис митæ. Уæд цавæр сæфты заман скодта? Ау, адджын хæринаг æмæ зынаргъ дарæс, уæгъдибары змæлд æмæ бæллиццаджы монцтæй уæлдай адæймаджы царды райгондæй, сæрыстырæй ницыуал и?! Кæцы мад æмæ фыд нæ уарзынц сæ цоты, кæмæн нæ вæййынц мад, фыды рæвдыдтæ æхсызгон?! Фæлæ кæстæр хистæрты раз, хистæр кæстæрты раз æфсармы, намысы уагыл сæхи дарын куынæуал зоной, уæд ма уым цæй бинонтæ и?!
Сывæллоны барæвдауынмæ, хъомыл кæнынмæ чи нæ арæхсы, æвзæр митыл, æнæуаг ныхæстыл æй чи ахуыр кæны бинонтæй, сыхæй, хæстæджытæй, уыдонæй хизинаг у, хæцгæ низтæй хъаггæнæгау. Фæлæ сабийы хæрзæгъдауыл йæ удæй арт чи цæгъды, авдæны зарджытæ йын чи кæны, аргъæуттæм хъусгæйæ цы хистæры хъæбысы æрфынæй вæййы, уыдонæй йæ тыхиппæрд цæмæн кæныс, кæд æппæты æнамонддæр æмæ хæйрæгæй æлгъыстдæр нæ дæ, уæд?!
Айларты Измаил

БИНОНТЫ ХИДАРЫНЫ ФÆТК

Бинонтæ цал уыдысты, уал номы хастой адæмы уагыл, адæймаджы хъомысæй. Адæймаг — адæмы иумæйаг раст уагыл цæрæг бинонты, сыхы, хъæубæсты астæу. Адæм, адæймаг… Сæ ном сæ уæлæ уыди, куыд бинойнаг, сыхаг, хъæубæстаг, комбæстаг, афтæ.
Бирæ æмбисæндтæ, зонды æмæ цардыуаджы ныхæстæ баззад фыдæлтæй адæймаджы, адæмы, бинойнаджы, сыхаджы, хъæубæстаджы, комбæстаджы фæдыл, æмæ сеппæт дæр ирон фарны хъæлæсæй амыдтой иу нысанмæ — рæстаудæны хæрзудыбæстæмæ. Ддæймаг æгъдауæй фидауы. Адæм сæ хуыздæрты амондæй фæцæрынц. Адæймагæн йæ ныхасыл æууæнк нæй, уæд хæйрæг у. Адæймаг дæ æви — хæйрæг?! Ау, адæм нал стæм?! Адæм æмзонд, æмвæндæй тыхджын сты. Бинонты хистæр къуыдыр куы уа, уæддæр дзы кад и. Æндæрниан адæймаг бинойнаг нæ комы. Æвзæр æрвадæй хорз сыхаг — хуыздæр. Сыхаг ма дзы хуыздæр цы уа! Сыхаг уал равзар, стæй —- цæрæнуат. Иу хъæуккæгтæ, иу комбæстæгтæ, иу адæм. Хæдзары фæтк бинонты уагæй хъæубæсты æгъдаумæ тырны, хъæубæсты æгъдау фæзминагæй бафты комбæсты иумæйаг фарныл.
Ахæм рæзты фæндагыл кæй лæууыди ирон фарн адæймагæй — адæммæ, хæдзарæй — комбæстæм, уымæн сæрыстырæй дзырдтой рæстаджы хъæлæсæй иу уагыл: ирон æгъдау æмæ фæтк, ирон лæг, ирон адæймаг, ирон сылгоймаг, ирон хæдзар, ирон цæсгом, ирон намыс, ирон хистæр, ирон кæстæр, ирон фынг, ирон хæринæгтæ, ирон фынгæвæрд… Уыцы хуызы лæвæрдтой кæрæдзимæ фидыды, æууæнчы, уæсиаты къухтæ æмæ дзырдгой: «Уый дын мæ ирон къух, ау, ирæтгæ нал стæм?! Ирон худтæ нал хæссæм?!»
Ирон фарны уаг æмæ хъæлæс адæмæй хызти фосы, хоры æмæ уыдонимæ кусæн дзаумæттæм æмæ дзырдтой сæрыстырæй, райгондæй: ирон фыстæ, ирон хорты
мыггæгтæ, ирон фæрæт, ирон кард…
Сæрыстыры хæрзтæ æмæ миниуджытæ фыдæлтæн дзурæг уыдысты сæ сыгъдæг, фидар удыгъæдыл, æрбæрзонды хæрдзтæ та хастой æгады ном иутæндзоны æнæрады митæй. Уыцы уагыл цæргæйæ адæймаджы сæйрагдæр фидыцыл нымадтой намыс — хидарыны фæтк æфсармы уагыл, адæймаджы цæсгом. Æмæ куыннæ нымадтаик кой намыс адæймаджы сæйраг миниуæгыл, кæд уымæй цыдысты, æвзæрдысты удхъомысы иннæ бæллиццаг, фæзминаг хæрзтæ. Æнæнамыс адæймаг нæ фæрнджын фыдæлтæм æвзæр куыдзæй æгаддæр уыди…
Айларты Измаил

БИНОНТÆ…
Фыдæлтæ цы хуыдтой бинонтæ, чи уыдысты? Тугхæстæгæй, æгъдауæй, æфсармæй кæрæдзиуыл куыд баст цыдысты, уыцы фæтк æмæ уаг тынг рагон сты æви фæзындысты æрæджыты? Цы бавæййынц кæрæдзийæн хæдзары бинонтæ фыдæлтыккон уагыл? Бирæ фарстатæ зыны адæймаджы размæ ирон бинонты цардыл лæмбынæгæй хъуыдыкæнгæйæ. Дзырдтæ б ы н,бынон, б и н о н, б ы н д у р, б ы н д а р, биноныг, бинойнаг, бинонтæ равзæрдысты иу уидагæй, иу хъомысæй, иу мидисæй иу нысанмæ амонгæйæ. Бынтæ æмæ фæллæйттæ, бындуртæ æмæ бындартæ, биноныгтæ æмæ бинонтæ, бинойнæгтæ æмæ мыггæгтæ, ныййарджытæ æмæ зæнæг-цот, тугæй æмæ æгъдауæй хæстæджытæ баззадысты ныхасæн фыдæлтæй нырмæ. Уыцы кæрæдзиуыл æнгомбаст хъуыдыты-нысæнтты хъомысæй рæзти ирон фарн æнусты дæргъы.
Уæдæ бинонтæ фыдæлты уагыл иумæты цардысты фыццаг сыгъдæг æнкъарæнты, бæллицты хъомыс æмæ равгæй, стæй та тугхæстæджы уагæй, зæнæджы-цоты цинæй. Бинонтæ — ус æмæ лæг æнæ цотæй—уыдысты æгъдауæй, иумæйаг царды уавæртæй хæстæг. Мад æмæ фыд та цотимæ æййæфтой дыууæрдæм хæстæджытæ — тугæй, æгъдауæй. Уыцы уагыл æвзаргæйæ тугхæстæджы бинонтæн сæ цардыуаг уыди
бирæ вазыгджындæр бартæ æмæ хæстæ хынцгæйæ, бæрц æмæ мидис нымайгæйæ.
Ус æмæ лæг, мад æмæ фыд — бинонты равзæрæн, райдайæн. Мад — цоты ныййарæг, бинонты æфсин. Фыд — цоты схæссæг, хæдзары бинонты хистæр æмæ дарæг. Мад æмæ фыд — ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ, бинонты уынаффæйы хистæртæ. Иу мад æмæ фыдæй райгуыргæ чызджытæ æмæ лæппутæ тугхæстæгæй уыдысты хотæ
æмæ æфсымæртæ. Мад æмæ фыд сæ цотимæ4 иу хæдзары, иу цары бын куы цæрой, уæд сты иу бинонтæ. Фæйнæ хæдзары куы цæрой, уæд та хицæн бинонтæ. Уымæгæсгæ бинонтæн канд тугхæстæджы миниуджытæ фаг не стъг, хъæуы сын иумæйаг нысæнттæ сæ цардыуагæн бынат, бæрц æмæ рæстæг хынцгæйæ. Æмæ уыцы иумæйаг нысæнттæ, уавæртæ бындуронæй нымадтой фыдæлтæ. Фыдæлты заманты дæр иу мад æмæ фыдæй райгуыргæ æфсымæртæ цæрæнбонты иу бинонтыл нымад нæ цыдысты, алы æфсæнттæй уæрстой æмæ цардысты хицæнтæй. Уыйадыл уыди чысыл, рæстæмбис æмæ бирæ бинонтæ.
Чысыл бинонтæ — мад, фыд æмæ цот иуæй фондзы онг. Рæстæмбис бинонтæ хæццæ кодтой авдæй уæлæмæ. Стыр бинонтæ цардысты бирæгæйттæй, æртæ æмæ цыппар фæлтæры цоты онг. Рæстæмбис бинонтæн дæр уыди ныййарæг мад æмæ фыды уæле стыр мадæлтæ æмæ фыдæлтæ. Фæлæ стыр бинонты цард у уæлдай цымыдисаг хистæртæй кæстæртæм цалдæр фæлтæрæй. Иæ цоты цыппæрæм, фæндзæм фæлтæры заманмæ уынаффæ, куыстхъомæй чи фæцарди, ахæм мадæлтæ æмæ фыдæлтæ алы кæмтты дæр уыди. Бирæ бинонты цардыуаг ма æрæххæссыд нс ’нусы æртынæм азтæм, стæй мæцъбæндæнау сæ хал фескъуыд.
Айларты Измаил

НОМÆВÆРДЫ ÆГЪДАУ.
Ацы æгъдауы архайдтой бинонтимæ сыхбæстæ æмæ хъæубæстæ дæр сæ уазæджыхаимæ. Сывæллонæн, уæлдайдæр та лæппуйæн йæ номæвæрæн бонмæ æхсыстой бæгæны, кодтой нæлгусарт. Хæстæг цæргæйæ лæппуйы номæвæрдмæ цыдысты мадырвадæлтæ æмæ фыды хæстæджытæ, зонгæтæ.
Уыцы бонмæ сывæллонæн исты ног дарæс бахуыдтаиккой йæ бинонтæ. Хуынд куывдтонты афоныл сæмбæлынæй уæлдай нæдæр лæвары сæр хъуыди, нæдæр хуыны.
Номæвæрды куывды фынгтæ æвæрдтой дывæрсыгæй фæйнæ хатæны: иу фынг — нæлгоймæгты хистæртæн, иннæ — сылгоймæгты, фæсивæд та арæзтой хъазт.
Мæнæ фынгтæ æрæвæрдтой. Нæлгоймæгты бадты хистæр иумæйаг куывды Хуыцау æмæ йе сконд зæдты нæмттæ ссардта, хæдзары бинонты сæ уарзон адæмимæ уыдоныл бафæдзæхста, ноггуырды бафæдзæхста сæрмагондæй Мадымайрæмыл, бакодта йæ Сæрызæд æмæ Бынатыхицауы уазæг. Кувæггаг авæрдта кæстæртæм, стæй бæрцæй дыууæ сидты фæкодтаиккой Хуыцау æмæ Уастырджийы номыл, æмæ райдыдтаид номæвæрды сæйрагдæр æгъдау. Бадты адæмæй лæппуйыл ном сæвæрынкæй фæндыдаид, номæвæрæджы бартæ æмæ хæстæн аккаг аргъ кæнгæйæ, уыдонæн бæрцхæлттæ-къæбæлтæ арæзтой сæрмагонд бæрæггæнæнтимæ. Æппæрстой сæ худы, сцагътаиккой сæ, стæй халисæг фыццаг цы хал систаид, уыцы ном æвæрдтой лæппуйыл, æмæ æртыккаг сидт куывды бадты уыдаид уæд лæппу æмæ номæвæрæджы тыххæй. Уый нымад цыди уæды æгъдаумæ гæсгæ номæвæрыны сæйраг уагыл.
Дыккаг хуызы хæлттæ та истой рагагъоммæйы æвзæрст нæмттимæ. Уыдон æвзæрстой сылгоймæгтæ мады, фыдымады æмæ фыдыхоты фæндонæй-хъусдардæй. Ахæм нæмттæ цал равзæрстаиккой нымæцæй, уый бæрæг уыди номæвæрджытæн, æмæ та уым дæр фыццаг кæй хал схаудтаид, уый — номæвæрæг.
Чызгыл ном æвæрдтой фылдæр хæттыты сылгоймæгтæ, æнæ уæлдай митæй. Фæлæ лæппуйыл ном сæвæрын уыди вазыгджын æмæ тынг бæрнон хъуыддаг, уымæн æмæ дзæвгар æгъдæуттæ сайдта йæ фæдыл. Айларты Измаил

ИРОН ÆГЪДАУ

Уæздан адæймагæн алкæддæр æмæ алкæмдæр йæ алы фезмæлд, йæ алы къахдзæф, алы ныхас æмæ фæкастдæр бæлвырд фæткыл, нывыл æмæ æфсармы фæлгæты вæййынц. Уæздан адæймаг æдзæрæг быдыры кæнæ тархъæды сырдты астæу куы уа, уæддæр ын фыдæлтæй цы уаг æмæ æфсарм баззадысты, уыдон домæнтæ æххæст кæны йæ Хуыцауы хай æмæ йæ фыдæлты фарны раз, йæ уд æмæ йæ цæсгомы сыгъдæгдзинадæй.
Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Уаг æмæ æфсарм кæм сты, æгъдау дæр уым ис, æгъдау кæм и, кад дæр уым и». Кæнæ: «Ирон лæджы уагахаст — æфсарм æмæ фæткыл баст».
Адæймаг хæдзары, уазæгуаты, æхсæнадон бынæтты, балцы, уынджы хи дарыны уагæвæрдтыл фыццаджыдæр сахуыр вæййы йæ хæдзары — йæ бинонты ’хсæн, йæ мад, йæ фыд æмæ йæ хистæртыл. Йæхи дарын зоны æви нæ, уый та рабæрæг вæййы æддæ — адæмы ’хсæн. Адæмы ’хсæн йæхи дарын чи нæ зоны, уымæн уæздан рахонæн нæй, цыфæнды ахуыргонд, цыфæнды хицау æмæ фендджын, рæдау æмæ хъæздыг куы уа, уæддæр.
Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Æгасцуай — уынд æмæ кондæн, фæндараст — уаг æмæ зондæн». Адæмы ’хсæнмæ цыфæнды рæсугъд дарæсы куы рацæуай, уæддæр уымæй уæздандæр не суыдзынæ. Фæлæ уæддæр бирæ хатт адæймагæн йе ’ддаг бакаст, йæ цæстæнгас, йæ ми, йæ базмæлд, йæ биноныгдзинад æмæ йæ дзыхы ныхас айдæнау февдисынц йæ миддуне æмæ йæ удыхъæд.
Цы нæ фæтчы
Нæфæтчиагыл нымад сты, дины ’гъдауæй чи не ’мбæлы, Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ дунейы фарны ныхмæ чи у, ахæм ми, архайд æмæ ныхас.
Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм былалгъæй кувын, æвирхъау ми бакæнынæн сæм æххуысмæ сидын, цæстмæхъус митæ сын кæнын кæнæ сæ æвзæр зæгъын, ралгъитын, рафауын.
Ирон адæмæн уаз чи у (кæс сæргонд «Хуыцау æмæ уырнынад») æмæ табу кæмæ кæнынц, уыдонæй мæнг ард бахæрын кæнæ мæнг сомы бакæнын, бафхæрын сæ кæнæ сæ рис бауадзын, сæ ныхмæ фыдархайд кæнæ сыл цъыфкалæн кæнын.
Ирон хæдзары артдзæстыл æмæ Сафайы рæхысы цур æлгъаг цæрæгойтæ æмæ, ирон адæм кæй нæ хæрынц, уыцы цæрæгойты фыд фыцын кæнæ цурын. Хуыснæггаг кæнæ гæртамæй ист хæлц сыл фыцын кæнæ цурын. Артдзæстыл ту бакæнын, исты æлгъæгтæ йыл æвæрын.
Хуыцау æмæ Сафамæ табу нæ бакæнгæйæ, артдзæсты рæхыс рафтауын, æндæр ранмæ йæ ахæссын, искæмæн æй раттын, ауæй йæ кæнын, чъизи ран æй сæвæрын, къахæй йæм бавналын, йæ сæрты ахизын.
Кувæндоны, дзуары бын, кувинæгты раз кæнæ фæлдисинæгты раз мæнгард ныхас æмæ фæлитой митæ кæнын, искæуыл хъæр кæнын, æвзидын æм, къух æм сисын, искæмæй исты адавын, исты рæмудзын, топпæй кæнæ æндæр исты хæцæнгарзæй æхсын.
Кувæндоны, дзуары бын, кувинæгты кæнæ фæлдисинæгты раз æнæфсарм ми кæнæ чъизи ныхас кæнын, нæфæтчиаг кæнæ йæм æлгъаг истытæ хæссын, Хуыцауы æвастæй (хатыр дзы нæ ракургæйæ) хæйрæг, калм, куыдз, хæрæг, хуы зæгъын, хи кæнæ искæйы буары хъылма (наркотик) бауадзын кæнæ йæ дымын.
Дзуары бынæй, кувæн бынатæй, кæцыфæнды диныл хæст адæмы кæд у, уæддæр дзы исты радавын, дзаума, мысайнаг, зайæгой, мæр, дур кæнæ æндæр исты рахæссын кувæггаг æмæ фæдзæхсæнæй дарддæр. Дзуары бын цы кувæнгæрзтæ, дзаумæттæ æмæ æндæр исты уаздзинæдтæ ис, уыдон асæттын, басудзын, ныппырх кæнын.
Хуыснæггаг, рынчын, хæдмæл, хуыснæггаг холлагæй хаст кæнæ хуыснæггаг æхцайæ æлхæд æмæ гæртамæй райст фосы фыд æмæ æндæр ахæм æнаккаг хæринæгтæй Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын кæнæ мардæн хæлар кæнын, куырддым æмæ æнæсы фосæй нывонд кæнын кæнæ дзы куывды кусарт акæнын.
Бæрæгбон æмæ бæрæгæхсæв, хуыцаубон æмæ хуыцауæхсæв (хурныгуылдæй-хурныгуылдмæ), кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд, Хуыцауæй хатыр ракургæйæ дæр хæцæнгарзæй архайын, искæй маст бауадзын, æвзидынæм, къух æм сисын, æнæфсарм æмæ чъизи митæ кæнын, давын, сайын, мæнг ард бахæрын.
Цалынмæ кувинаг куывд æрцæуа, фæлдисинаг — фæлдыст, уæдмæ дзы аходын (хæрын, нуазын), кувинагæн (фæлдисинагæн) йæ туг, йе стджытæ, йæ хауæццæгтæ, йæ æнтыд, йæ цъæл æмæ йæ арынджы хафæнтæй фосæн æмæ æндæр цæрæгойтæн дæттын кæнæ сæ æнæбары (зæрдаивæй) фæхъæстæ кæнын.
Цины хъуыддаджы куывд цы хæринæгтæ æмæ нозт æрцыдысты, уыдон мардæн фæлдисын кæнæ, фæлдыст цы хæринæгтæ æрцыдысты, уыдонæй кувын.
Æнæхсад къухтæй кувинагмæ кæнæ фæлдисинагмæ ’вналын æмæ йæ кувын, фæлдисын, кæд уавæр нæ домы, уæд бæгънæгæй, æнæ уæлæдарæсæй фынгæвæрдæй кувын, фæлдисын.
Нывонд фосы æлгъитын, нæмын, баивын, уæй йæ акæнын, кæнæ йæ хуыснæггагæй хæссын, æлгъаг æмæ хуыснæггаг фосимæ иу дарæны дарын
Хуыснæггаг, тыхтона æмæ гæртамæй райст æхцайæ мысайнаг скæнын, мысайнаг æхца æндæр хъуыддагæн сфæлхас кæнын, баивын æй кæнæ йæ фæкъаддæр кæнын, æндæр зæдæн (дуагæн) æй цæвæрын.
Мысайнагæн гæххæттын æхца сæвæрын кæнæ арты нæ сыхсыст исты.
Хор, хойраг, урсаг æмæ фыдызгъæлæй «æвзæр», «нæбæззы», «нæй», «нал и» зæгъын. Хойрагмæ карды кæнæ æндæр цыргъаджы фындзæй æвналын (джиуын), зæхмæ йæ æппарын кæнæ амæрзын, йæ уæлæ лæууын кæнæ бадын, къухы саггомæй йæ исын. Куывды, кæнды кæрдзынтæ (чъиритæ) бадгæйæ дих кæнын, разил-базил сæ кæнын.
Кусæрттаг карды бæсты æндæр исты цыргъагæй æргæвдын, топпæй йæ æхсын, æндæр исты хуызы йæ амарын, кæд уавæр нæ домы, уæд. Кусарт кæнгæйæ цалынмæ сæр бæрзæйæ ахицæн уа, уæдмæ ныхас кæнын.
Сылгоймаг уæвгæйæ кусарт кæнын кæнæ æндæр исты аргæвдын, кæд удхосæн хъæуы, уæд Хуыцауæй хатыр ракургæйæ.
Ногбоны æртхурон, хæйрæджыты æмæ бынатыхицауы номыл сконд хæринæгтæй æддагонæн раттын, фосы дзы фæхъæстæ кæнын.
Рынчын, мæлæг адæймагæн лæггад нæ бакæнын, рис дзы бауадзын, де знаг кæд у, уæддæр.
Марды уæзæгыл, чырыныл (табæтыл), марды цыртыл бадын, лæууын, æнцой йыл кæнын, исты уæззæгтæ сыл æвæрын, истæмæй сæ чъизи кæнын. Афтид марды чырын (табæт) уæлгоммæ сæвæрын.
Мард ракъахын, йæ цырт ын сæфтауын, (кæд амæлæг уды кад æмæ намысæн нæ хъæуы, уæд). Марды дзаумæттæ кæд мæрдджынты лæвар не сты уæд сæ хи бакæнын кæнæ сæ искæмæн раттын, знаджы марды куы уой, уæддæр.
Мард адæймагæн фыдми бакæнын, маст дзы исын, ралгъитын æй, фыддæрадæн æй æвзæр ран бавæрын, æлгъаг исты йын фæлдисын. Мардæн йæ кой кæнгæйæ, истæмæй йæ азымджын кæнгæйæ фæзæгъынц: «Рухсаг уæд, мæрдты ма схъæрзæд!»
Мардæн æмæ йæ фæстæ цæуæг мæрддзыгойæн сæ фæндаг алыг кæнын.
Удæгас адæймагæн кæнæ мардæн йæ уæлæдарæс, йæ чырын æмæ чырыны дзаумæттæй уæлдай (цалынмæ уæлæуыл ис, уæдмæ) йын исты фæлдисын (хæлар кæнын).
Удхъуаг (сахъат) адæймагæн йæ сахъатдзинадыл бахудын, фидис ын æй бакæнын, æгæр маст дзы бауадзын, къух æм сисын.
Æнахъом сывæллоны рис бауадзын, зындзинад ын бавзарын кæнын, тæссаг кæнæ йæ уæззау уавæры æвæгæсæгæй ныууадзын, йæ фидæн ын истæмæй фенамонд кæнын, йæ сæрты ахизын, йæ удхос æмæ йын цы иунæг царды фæрæз ис, уый айсын, кæнæ йын æй, амал æмæ гæнæн уæвгæйæ, нæ раттын. Афтид авдæн узын, сывæллоны (рæзæны) сæрты ахизын, кæд уавæр нæ домы, уæд, хæцæнгарз æм ныддарын.
Балцы цæугæйæ, къæсæрыл фæстæмæ бахизын (кæд æнæ бахизгæ нæй, уæд та дзыхмæ исты схæссын — дон, хæринаг — кæнæ иуцъусдуг абад.)
Хæдзармæ бацæугæйæ кæнæ хæдзарæй рацæугæйæ, къæсæры сæрты къух исын — æгасцуай кæнын. Балцы цæуæгæн йæ къух райсын.
Хæдзармæ (бинонтæм), кæд дзы нæлгоймаг цæрæг ис, уæд сылгоймаджы номæй бадзурын. Хæдзармæ дзырдæуы кæстæр нæлгоймаджы номæй, уыцы кæстæр нæлгоймаг хæдзары ис, нæй, уый нæ хынцгæйæ.
Кæд уавæр домы, уæддæр Хуыцауы æвастæй сылгоймагæн йæ къухмæ хæцæнгарз, фæрæт кæнæ цæвæг райсын.
Æхсæвæры фæстæ (талынджы) бырæттæ кæнæ æхсæнтæ искæдæм акалын, айдæны кæсын, куыройы бынæй кæнæ йæ дæле дон исын.
Ирон фынгыл æмæ арынгыл бадын, къахæй лæууын, æлгъаг кæнæ æндæр исты нæфæтчиæгтæ сыл æвæрын. Арынг афтидæй кæнæ æнæ ’мбæрзæнтæй уæлгоммæ ныууадзын.
Кувæггаг хойраг лыг (дих) кæнгæйæ зилын æнцондæр лыг кæныны тыххæй кæнæ сæ тонын (скъуынын).Къутуйы, хордоны, къæбицы, гоны ’хситт кæнын, æлгъаг истытæ æвæрын, «нæй дзы», «афтид у» — зæгъын.
Тугхæстæг адæймагимæ æмкъайады цæдисы бацæуын — йемæ æмуатон фæуын (кæс сæргонд «Хион, хæстæг»).
Сывæллонимæ æмуатон фæуын.
Ныййарæджы маст æмæ тас бауадзын, зонгæ-зонын æй фæриссын кæнын, бахъуаджы сахат ын æххуыс нæ бакæнын, йæ зæры бон æй æвæгæсæгæй ныууадзын.
Саударæг уæвгæйæ, хъæлдзæгдзинæдты архайын, кафын, зарын, карз нуæзт нуазын, сылгоймагимæ (нæлгоймагимæ) æмуатон фæуын.
Ацы номхыгъды сты æрмæст динон нæфæтчиæгтæ.
Хауытаты Коста.

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ