Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!..

НАЦИОН ФОРУМ «АLANI»-ЙЫ МЕМОРАНДУМ

Мах, ирон адæм, тыхсам, хистæр фæлтæртæ нын кæй ныууагътой, уыцы национ хиæмбарынад, традицион культурæ æмæ    дунеæмбарынад халæг уынаффæтæ æмæ архайдæй. Нæ дунеæмбарынады бындур у  ирон æгъдау.

Мах, ирон адæм, нæ сæйраг хæсыл нымайæм ирон æгъдау сыгъдæгæй бахъахъхъæнын æмæ йæ фидæны кæстæр фæлтæртæм фæхæццæ кæнын.

Мах, ирон адæм, фадæттæ аразæм иннæ адæмты  культурон æмæ удварнон домæнтæ æххæст кæнынæн, æмæ хъуамæ уыдон дæр аргъ кæной нæ ирон æгъдауæн, нæ традицион монон культурæйæн.

Мах, ирон адæм, фидарæй зæгъæм – Ирыстоны хæххон зæххытæ рагзамантæй фæстæмæ табуйаг уыдысты нæ хистæр фæлтæртæн. Ирыстоны æппæт кæмттæ дæр фæдзæхст сты дзуæрттыл. Уымæ гæсгæ сидæм æндæр культурæты минæвæрттæм, цæмæй уыцы табуйаг бынæтты уæвгæйæ, сæхи дарой æмбæлгæ уагыл, не ‘гъдау нын ма халой, ма дзы аразой аргъуантæ æмæ мæзджыттæ.

Мах, ирон адæм, фидарæй зæгъæм, Ирыстоны хæхтæ æмæ сæ алфамблай зæххытæ табуйаг кæй сты. Рагзамантæй фæстæмæ уыдон махæн сты  иу Кувæндон. Йæ ахадындзинад ын абаран ис, дунейы ахам зындгонд бынæттимæ, куыд: Ватикан, Иерусалим, Меккæ, Лхаса, Афон æмæ иннæтæ. Уымæ гæсгæ, уыцы хохы дзуæртты бын, æндæр табуйаг бынæтты уæвгæйæ, нæй æгъдау халæн: ирон æгъдау чи халы, уый нын нæ адæмы æфхæры.

Мах, ирон адæм, сидæм Ирыстоны (Цæгат Ирыстоны-Аланийы, Республикæ Хуссар Ирыстоны)  ныры æмæ фидæны разамонджытæм, цæмæй хæхбæсты социалон-экономикон рæзты фарстатæ лыг кæнгæйæ, æнæмæнг хынцой сæ табуйаг статус.

Мах, ирон адæм, ЮНЕСКО-йы Уставы фыццаг статьяимæ разы стæм. Уым куыд загъд ис, афтæмæй дунейы адæмтæ хъуамæ архайой культурæты алыхуызондзинадыл, сæйраг сæрибардзинæдтæн аргъгæнгæйæ, адæм хъуамæ хицæнгонд ма цæуой расæ, æвзаг кæнæ динмæ гæсгæ. Фидарæй дзурæм ирон адæмы традицион монон культурæ бахъахъхъæнынæн æвæстиаты мадзæлттæ саразыны тыххæй.

Уыцы мадзæлттæй иу: Цæгат Ирыстоны-Аланийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны конституцитæм ахæм бындурон æмбарынæдтæ бахæссын:

— «дунеæмбарынад ирон-нæртон æгъдау»;

— «Ирон адæмы табуйаг æппæтиндоевропейаг центр».

Ирыстоны хæхбæстæн æфициалонæй табуйаг статус лæвæрд куы æрцæуа, уæд уый фæрцы адæм бамбардзысты се стыр нысаниуæг, æмæ уый фæрцы хæлд нал цæудзысты нæ адæмы кувæндæттæ, ныры æмæ фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæндзыстæм нæ удварнон дунеæмбарынад, уыимæ ма нывылгонд æрцæудзысты Кавказы æхсæнадон æмæ национ процесстæ. Уымæй уæлдай, фæбæрзонддæр уыдзысты Уæрæсейы  статусон æууæлтæ, куыд скифты-сæрмæтты-аланты фарнимæ баст паддзахад, афтæ. Ацы меморандумы сæйраг домæнтæ æххæст кæнын суыдзæн 2014 азы – Культурæйы азы – сæйраг культурон цау.

Вы можете оставить комментарий, или ссылку на Ваш сайт.


Оставить комментарий

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

Powered by WordPress | Designed by: All Premium Themes Online. | Thanks to Top Bank Free Premium WordPress Themes, wordpress themes 2012 and