Дæхи, дæ фыдæлты зон

0
584

Горæтгæрон районы Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар æртыццæджы уыд уæлдай бæрæгбонхуыз. Ирон фæндыры цагъд, ирон зард, сывæллæтты ирон аив кафты «Арц тох» дардмæ хъуысти æмæ зæрдæйæн хаста æгæрон циндзинад. Ацы бæрæгбон районы цæрджытæ æмæ скъоладзаутæн скодта Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад». octyb1Республикæйы царды æнæбафæзмгæ æмæ æнæмæнг хъæугæ ссис, цы конкурс-æркаст расидтысты республикæйы районты скъоладзауты ‘хсæн, уый. Фыццаг ерыс уыд Алагиры районы. Сæ хъæппæрис сын аддарддæр кодта Горæтгæрон район. Районы фæсивæды хуыздæр минæвæрттæ равдыстой сæ арæхстдзинад, сæ курдиат æмæ зонындзинæдтæ ерысы ирон æгъдауы.Clipboard10Clipboard07Clipboard08Clipboard05Clipboard04Clipboard03Æрысы бацыдысты: Октябрыхъæуæй — Мæхъиты Сослан, Джызæлæй — Уыртаты Аслæнбег, Комгæронæй — Цоциты Хасан, Михайловскæй — Джусойты Георги, Камбилеевкæйы 1-æм скъолайæ — Джиоты Артур, Камбилеевкæйы 2-æм скъолайæ — Бететы Æхсар, Ногирæй — Тотраты Чермен, Æрхонкæйæ — Тадтаты Валери.Clipboard11Се ‘нтыстытæн сын аргъ кодтой къамисы уæнгтæ: Горæтгæрон районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Дзлиаты Альбинæ, районы Минæвæртты æмбырды сæрдары хæдивæг Къарджиаты Валери, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы сæргълæууæг Кучиты Батрадз, «Иудзинад»-ы змæлды Алагиры районы хайады сæргълæууæг Токты Валодя, Горæтгæрон районы администрацийы адæмимæ куысты хайады сæргълæууæг Гаджиты Таймураз, районы ахуырады кусджыты профцæдисты сæрдар Хъуылымбегты Людмилæ.Clipboard12Сæ кадджын уазджытæ уыдысты «Иудзинад»-ы мыггæгты советты минæвæрттæй Хетæгкаты Таймураз, Гæззаты Виктор, Цырыхаты Чермен; Горæтгæрон районы Ныхасы сæрдар Ходы Æхсар; Камбилеевкæйы сылгоймæгты комитеты сæрдар Бететы Райхан; районы администрацийы сæйраг специалист Абайты Тамарæ, районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг Туаты Мæдинæ, районы библиотекæйы директор Къæбулты Галинæ, Сунжæйы фарастазон скъолайы директор Хуыгаты Æхсар.Clipboard13Бæрæгбон байгом кодта Кучиты Батрадз. Радзырдта æхсæнады архайды фæдыл, сæ размæвæрд нысантыл æмæ арфæ ракодта архайджытæн.
Йæ ныхас ын адарддæр кодта «Иудзинад»-ы советы уæнг Мæрзойты Тамерлан. Уый загъта:
— Зæххыл цы бирæ адæмыхæттытæ ис, уыдонæй алчидæр архайы йæ мадæлон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæныныл. Мах дæр фæнды, цæмæй Ирыстоны уыцы табуйæгтæ макуы фæцудой . Фæнды нæ, цæмæй иумæ уæм нæ алы хъуыддаджы дæр. Уымæ гæсгæ сæйрагдæр у нæ адæмы иудзинад. Æмгомдæр та нæ кæндзæнис ирон лæджы фарн, не ‘гъдау, нæ намыс. Фæнды
нæ, цæмæй нæ рæсугъд фæсивæд уарзой сæ уидæгтæ, æмæ ууыл скодтам нæ куыст. Уæлахиз æмæ æнтыстджын у, Иры фæсивæд!
Ерысдзаутæ фыццаг бакастысты сæ нывæцæнтæ «Ирон дæн æз». Нæ бавгъау кодтой сæ хъарутæ æмæ хорз сарæхстысты ирон аив дзырды руаджы сæ хъуыдытæ зæгъынмæ. Алчидæр сæ уыд сæрыстыр йæхи ирон рахонынæй. Радзырдтой, цæмæй сын у адджын Ирон ныхас, Ирыстон, Ирон æгъдау, цы сæ кæны ирон, æмæ куыд лæггад кæнынц сæхæдæг дæр Ирыстонæн, уый. Иннæ фæлварæны архайджытæй алчидæр радзырдта йæ мыггаджы равзæрд, сныв кодта мыггаджы бæлас æмæ авд фæлтæры ранымадта йæ фыдæлты цардвæндагæй. Æхсызгон уыд сæ мыггæгты таурæгътæм байхъусын дæр. Дарддæр сæ бахъуыд æмдзæвгæ аив бакæсын, уый фæстæ та кафт, зард æмæ уадынгæрзтыл цæгъдынæй хи бавзарын. Æркасты хицæн хай «Рагон ирон дзаумæттæ»-йы дæр фæсте нæ фæлæууыдысты. Сафайы рæхыс, хъуылæг, пирæн, хъæсдарæг, æхсырф, адæг рохуаты кæй не сты нæ кæстæртæй, уымæн æвдисæн уыдысты сæ дæсны зонындзинæдтæ. Равдыстой, куыд сæ архайын хъæуы, уый дæр.
Clipboard02Ныр дæр та къамисы уæнгтæн æркасты кæронбæттæны æнцон нæ уыд хуыздæрты сбæрæг кæнын. Иу иннæмæй — сæрæндæр. Фæлæ цард уарзы бæлвырддзинад. Фыццаг бынат лæвæрд æрцыд ногираг лæппу Тотраты ЧерменæнClipboard06, дыккаг бынат саккаг кодтой михайловскыхъæуккаг сæрæн лæппу Джусойты Георгийæн, æртыккаг бынат — Джызæлы интернаты ахуырдзау Уыртаты Аслæнбегæн. «Иудзинад»-ы змæлды минæвæрттæ сæ схорзæхджын кодтой уæлахиздзауты майдантæй æмæ æхцайы премитæй. Æркастмæ сæ чи бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджытæн дæр лæвæрд æрцыд æхцайы премитæ. Иннæ ерысдзаутæн дæр радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Конкурс-æркаст «Ирон дæн æз»-ы чи фæуæлахиз, уыдонæн 18 майы Дзæуджыхъæуы уыдзæн кæронбæттæн фембæлд-ерыс. Уæхски-уæхск æрлæудзысты Иры фæсивæды хуыздæртæ алы районтæй. Къамис куыд банымадта, афтæмæй Горæтгæрон районæй ерысы архайдзæнис дыууæ минæвары: Тотраты Чермен æмæ Джусойты Георги.
— Ирондзинады æркаст уыдзæн, уый куы фехъуыстам, уæд ыл скъоладзаутимæ бацин кодтам зæрдиагæй, — загъта Михайловскы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Битарты Дианæ. — Æхсызгон мын у, «Иудзинад» сывæллæттæн ахæм зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон кæй скодта, уый. Æнæмæнг сæ алчидæр ноджы арфдæр банкъардзæн, Ирон кæй у, уый. Стыр бузныг сын.
Конкурс-æркастæн стыр аргъ скодта районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Дзлиаты Альбинæ:
— Кæд нæхæдæг дæр нæ хъус дарæм ирон æвзаджы фарстатæм, уæддæр ацы æркаст нæ районæн æрхаста бирæ æнкъарæнтæ æмæ иумæйаг æнтыст, — загъта Альбинæ. — Бæрæгбоны хъуыды у арф. Уæлдай бузныг «Иудзинад»-ы уæнгтæн æмæ, сывæллæттимæ цы фæлтæрдджын
ахуыргæнджытæ кусы, уыдонæн. Ирон нæлгоймаг цыдæриддæр хъуамæ зона, уыдон хаст æрцыдысты æркасты домæнтæм. Ацы æркаст традицион куы суаид, уый нæ зæрдиагæй фæнды.
Сæрмагонд ныхасы аккаг сты, ацы хорз хъуыддаг сырæзыныл чи бакуыста, уыдон: «Иудзинад»-ы уæнгтæ Кучиты Батрадз, Мæрзойты Тамерлан, Токты Валодя, Берозты Уырызмæг, Горæтгæрон районы Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары директор Цопанаты Ленæ æмæ, архайджыты чи бацæттæ кодта, уыцы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.