Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!..

Мидисджын æмæ рæсугъд бæрæгбон рауад Горæтгæроны районы Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад» цы конкурс сарæзта скъоладзау чызджыты æхсæн,уый

Конкурс саразынмæ фæкастысты Горæтгæроны районы ахуырады управленийы ирон æвзаджы методист Цопанаты Еленæ, районы Фæсивæды Социалон рæзты центры бæрнон кусæг Багаты Бæллæ, Горæтгæроны администрации бæрнон кусæг Абайты Тамарæ, Горæтгæроны районы администрацийы хайады сæргълæууæг Таймæзты Лаурæ.

Æркаст-конкурсы архайдта 5 ахуырдзауы: Пухаты Эллинæ — Санибайы скъолайы минæвар, Плиты Сабринæ — Сунжæйы скъолайы минæвар, Дзукъаты Алинæ — Комгæроны хъæуы минæвар, Бететы Аланæ — Октябрыхъæуы минæвар, Бураты Дианæ — Комбилеевкæйы хъæуы минæвар. 

Ерысы тæмæны 1-аг бынат бацахста Пухаты Эллинæ, ахуыргæнæг — Къораты Фиалетæ. 2-аг бынат бацахста — Дзукъаты Алинæ, ахуыргæнæг — Æлборты Фатимæ. 3-аг бынат бацахста Плиты Сабринæ, ахуыргæнæг — Багаты Еленæ.

Ерысдзаутæн, ахуыргæнджытæн æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Горæтгæроны районы ахуырадон управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыджыты Сослан.

Ерыстæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл, алы адæймаг дæр бæрæгбонæй райста зæрдæйы циндзинад. 

Вы можете оставить комментарий, или ссылку на Ваш сайт.


Оставить комментарий

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

Powered by WordPress | Designed by: All Premium Themes Online. | Thanks to Top Bank Free Premium WordPress Themes, wordpress themes 2012 and