Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!..

Æркаст-конкурс «Ирон дæн æз»-ы 4-æм къæпхæн ацыд Дыгуры районы

Æркаст-конкурсы арæзтадмæ фæкастысты:  Дыгуры районы Дур-Дуры хъæуы 1-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Туаты Анжелæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. 

Мадзал рауад рæсугъд æмæ зардæисгæ. Барæгбон бирæ циндзинад æрхаста чи йæм бакаст, уыдонæн. Конкурсы архайджытæ-районы скъоладзаутæ- сæхи тынг рæсугъдæй равдыстой, сæ цæттæдзинад дæр уыд тынг хорз.

Конкурсы архайджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Цалиты Сафарби.

Æркаст-конкурс срæсугъд кодта Хъалабегты Хетæджы ансамбль.

Скъоладзауты арæхстдзинад бæрæг кодтой жюрийы ахæм уæнгтæ: Дыгуры районы ахуырады администрацийы управленийы методикон службæйы сæрдар Зæнджиаты Тиминæ, Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнг Токты Володя, Дыгуры 2-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Мæрзаты Зæлинæ, Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнг Мамытты Тамерлан æмæ Засеты Сослан.

Ерысы тæмæны 1-аг бынат бацахста Зохъоты Сарæахуыргæнæг —Хуыдæлты Ларисæ. 2-аг бынат бацахста — Хынцæгты Дианæ, ахуыргæнæг —Гасынты Анжелæ. 3-аг бынат адих кодтой  Туаллæгты Аминæт, ахуыргæнæг — Тъуриты Беллæ; Маряты Миланæ, ахуыргæнæг — Туаты Анжелæ.

Вы можете оставить комментарий, или ссылку на Ваш сайт.


Оставить комментарий

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

Powered by WordPress | Designed by: All Premium Themes Online. | Thanks to Top Bank Free Premium WordPress Themes, wordpress themes 2012 and