Æркаст-конкурс «Ирон дæн æз»-ы 6-æм къæпхæн ацыд Дзæуджыхъæуы

0
326

Конкурс саразынмæ фæкастысты Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы разамонæг — Гæззаты Валентинæ  æмæ скъолайы бæрнон кусджытæ. 

Скъоладзауты арæхстдзинадæн аргъ кодтой жюрийы ахæм уæнгтæ: Солтанты Джульеттæ — Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг, Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнг Токты Володя, Цæгат Ирыстоны падзахадон театры Адæмон артисткæ — Малхъарты Зæлинæ, Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнг Засеты Сослан æмæ Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы бæрнон кусæг Базраты Агуындæ.

Æркаст-конкурсы уæлахиздзаутæй рацыдысты: 1-аг бынат — Хъотайты Аннæ, ахуыргæнæг — Битарты Светланæ; 2-аг бынат — Гуцаты Фаризæ, ахуыргæнæг — Мамытты Ранетæ; 3-аг бынат — Дудайты Миланæ, ахуыргæнæг Плиты Людмилæ; 3-аг бынат — Хъантемыраты Кристинæ, ахуыргæнæг — Апаты Жаннæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.