Пятница, 26 апреля, 2024
spot_img
ДомойНовостиИрон дæн æз, Ирыстон у мæ цæрæн!

Ирон дæн æз, Ирыстон у мæ цæрæн!

Ирон адæм æдзухдæр сæрыстыр уыдысты сæ фæсивæдæй, æмæ сæ хуыдтой сæ ныфс, се ‘нцой, сæ фидæн. Кæстæры хорз фæзминаг хистæрæй кæй цæуы, уый зонгæйæ нæ куырыхон хистæртæ сæ фæндтæ, сæ ныхæстæ рæсугъд фæзминаг хъуыддæгтæй æвдисынц.
Раздæр дæр нæ газеткæсæгæн хъусын кодтам æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы арфæйаг хъуыддæгтæ. Ныридæгæн цы фæзминаг хъæппæрис равдыстой, уый у сæрмагонд ныхасы аккаг. Сæ алы къахдзæфæй дæр æвдисынц Райгуырæн бæстæмæ, нæ фыдæлты фарнмæ, æгъдæуттæм, культурæ æмæ ирон æвзагмæ уарзондзинад. Архайынц, рохгондæй цы æнæмæнг хъæугæ ирон æгъдæуттæ аззадысты, уыдон сног кæныныл. «Иудзинад»-ы советы уæнгтæ архайынц нæ фыдæлты царды нысаны нæмгуытæ кæстæр фæлтæры риуы байтауын æмæ сæ раст фæндагыл сæвæрыныл.
Ууыл кусгæйæ, расидтысты республикон æркаст-конкурс «Ирон дæн æз». Фыццаг ерыс ацыд Алагиры районы. Ерысы архайдтой ацы районы алы хъæуæй дæр хистæр къласы скъоладзау лæппутæй иу, алы хъуыддаджы дæр бафæзминаг, ирондзинадæй æххæст. Æфсымæртау уæхски-уæхск æрбалæууыдысты æмæ бацыдысты хъуыддаджы. Фæрсæрдыгæй бакæсгæйæ та ерыс нæ уыд, фæлæ Зиу, Ирон Зиу. Уымæн æмæ нæ фидæнæн сæ иудзинад æмæ ирондзинады ‘руаджы амадтой фидар бындур.
Ерысдзауты æнтыстытæн аргъ кодтой жюрийы кадджын уæнгтæ: æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы советы сæрдар Кучиты Батрадз, РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады национ хайады сæргълæууæг Санаты Ритæ, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы ахуырады управленийы сæргълæууæг Гозымты Раман, Алагиры районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Хæдарцаты Альбинæ æмæ нывгæнæг, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Таймураз. Ацы зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон бацæттæгæнæг у «Иудзинад»-ы советы уæнг, æркаст-конкурсы къамисы сæрдар Токты Валодя. con11Конкурсы архайдтой: Майрæмадагæй — Плиты Спартак (йæ ахуыргæнæг — Гаситы Ульянæ), Дзуарыхъæуæй — Чъерджиаты Азæмæт (йæ ахуыргæнæг — Рæмонты Фиалæ), Хæтæлдонæй — Челæхсаты Давид (йæ ахуыргæнæг — Æгкацаты Жаннæ), Суадагæй — Фæрниаты Батрадз (йæ ахуыргæнæг — Санаты Альбинæ), Уæллаг Фыййагдонæй — Гуыриаты Сæрмæт (бацæттæ йæ кодта Ходы Иринæ), Црауæй — Бутаты Сæрмæт (йæ ахуыргæнæг — Челдыты Мæдинæ) æмæ Мызурæй — Хъайтыхъты Тимур (йæ ахуыргæнæг — Къадзаты Мæдинæ). Ацы бæрæгбоны ма архайдтой нæ республикæйы районты скъолаты директортæ, ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнджытæ, ахуырады къабаз æмæ дзыллон-хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.con7Æркаст–конкурсы нысан у ирон адæмы кад æмæ намыс бæрзонддæр кæнын, кæстæрты разæнгард кæнын мадæлон æвзаг, нæ рагфыдæлты рæсугъд æмæ аив æгъдæуттæ зонын æмæ сæ царды æххæст кæнынмæ. Цæмæй æнувыд уой ирон адæмы бафæзминаг хъуыддæгтыл æмæ хъоды бакæной, ирон лæгæн сæрмæхæссинаг чи нæу, уыцы æбуалгъ митыл.con1
Конкурсы архайджытæм фæрсæрдыгæй кæсгæйæ зæрдæ уæрыккау кафыд. Цы рæсугъд кæстæртæ ис нæ алыварс, куыд дæсны сты сыгъдæг иронау сæ хъуыдытæ дзурынмæ, хъуыддаджы балæууынмæ… Уæдæ ирон уадынгæрзтæй цæгъдын, кафт æмæ зарды аивады дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты. Алчидæр сæ бæстон радзырдта йæ мыггаджы истори, бæласау æй сныв кодта аивфæлыстæй. Кæд фæдзæхстмæ гæсгæ æрмæст фондз фæлтæры ранымайын хъуыд, уæддæр сæхи хъæппæрисæй алчи дзурын райдыдта йæ мыггаджы уидæгтæй, æрхастой таурæгътæ дæр. Бынтон диссаг та уыдысты рагацау цы нывæцæнтæ (сочиненитæ) бацæттæ кодтой, «Ирон дæн æз», зæгъгæ, уыдон. Равдыстой дзы сæ арф зонындзинæдтæ æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ, сæ фыдæлтæй сæрыстырдзинад æмæ ирондзинадмæ уарзондзинад… Æвæдза, куыд бæллиццаг уыдысты сæ хъуыдытæ!..
Иннæ фæлварæны, хæлттæ сæппаргæйæ, радзырдтой ирон бæрæгбæтты тыххæй. Куыд, кæд æмæ сæ цæмæн бæрæг кæнынц ирон адæм, уый. Хорз зыдтой ирон чындзæхсæв æмæ чызгæрвысты æгъдæуттæ дæр. Хъуамæ ма радзырдтаиккой хæдзары куыстытæ кæнæн ирон рагон дзаумæтты тыххæй дæр. Равдыстаиккой æмæ радзырдтаиккой, нæ фыдæлтæ сæхи цы хъæзтытæй ирхæфстой, уыдоны мидисы тыххæй.
Къамисы уæнгтæн зын уыд искæмæ фау æрхæссын, уæлдайдæр та — фæхъулон кæнын. Фæлæ уæддæр скодтой конкурсы архайджытæн раст аргъ. Фыццаг бынат æнæдызæрдыгæй лæвæрд æрцыд Мызуры скъолайы ахуырдзау Хъайтыхъты Тимурæн. Бацæттæ йæ кодта ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнæг Къадзаты Мæдинæ. Дыккаг бынат лæвæрд æрцыд суадаггаг курдиатджын лæппу Фæрниаты Батрадзæн. Йæ ахуыргæнæг у Санаты Альбинæ. Æртыккаг бынат бацахста црайуаг сæрæн лæппу Бутаты Сæрмæт. Йæ ахуыргæнæг — Челдыты Мæдинæ.
Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы номæй Кучиты Батрадз æмæ Мæрзойты Тамерлан уæлахиздзаутæн æмæ сæ ахуыргæнджытæн радтой Кады гæххæттытæ æмæ æхцайы премитæ. Конкурсы иннæ архайджыты дæр сæ ахуыргæнджытимæ схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæй æмæ сын радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. «Иудзинад»-ы советы уæнг Мæрзойты Тамерлан сæрмагонд преми снысан кодта бæрæгбоны фидыц, æцæг ирон Сатана, фæндзæм скъолайы ахуырдзау Гогаты Мальвинæйæн. Уый æнæбафæзмгæ бакаст ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ, дæсны уыд кафынмæ дæр. con6Тамерлан куыд загъта, афтæмæй фидæны ахæм ерыстæ скæнындзысты чызджыты ‘хсæн дæр. con5
Санаты Ритæ:
— РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Сæлбиты Зитæйы номæй арфæ кæнын бæрæгбоны архайджытæн. Ацы æхсызгон фембæлд у фæзминаг æмæ зæрдылдаринаг. Цы диссаджы рæсугъд фæсивæд федтон, уый фæстæ нын тас ницæмæй уал у. Мæ риуыдзаг сулæфыдтæн æмæ сæ сæрыстырдзинадæй мæ сæр бæрзонд систон. Мæ ныфс дарын иннæ районтæ дæр сæ тагъд кæй бафæзмдзысты. Æхсæнад, Ахуырады министрад, скъолатæ, рæвдауæндæттæ, бинонтæ иумæ куы нæ архайой, уæд хъуыддаг иугæйттæй архайгæйæ нæ рæзы. Уымæн ирд æвдисæн у æхсæнадон организаци «Иудзинад»-ы хъæппæрис.
Гозымты Раман:
— Алагиры район ацы ирондзинады бæрæгбон скъоладзауты цæттæдзинад æмæ арæхстдзинадæй систа бæрзонд æмвæзадмæ. Уымæй иннæ районтæн уыдзæн зындæр, уымæн æмæ дæлдæр æрлæууын сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæу. Нæ историмæ нын бирæ адæмыхæттытæ гæппæввонгæй лæууынц. Фæлæ нæм ахæм хъомысджын фæсивæд фылдæр куы уа, уæд нæ тас ницæмæй уыдзæн. Курын уæ, иумæйагæй бакусæм нæ сомбоныл!

Хæдарцаты Альбинæ:
— Арæх фехъусæм ирон æвзаг кæстæртæ нал зонынц, сæфтмæ цæуæм… Ацы ерысæй та цыма зæххыл хур атылд, уыйау йæ фæстæ мæ зæрдæ у рухс, бирæ рæстæг кæндзæн цин. Ныфс нæ ис, Ирыстон, йæ кад, йе ‘гъдау рæсугъд къухтæм кæй бацæудзæн, нæ фæстæ аккаг фæлтæртæ кæй ныууадздзыстæм, уый. Фыццаджыдæр, бузныг ацы рæсугъд фæсивæды ныййарджытæн, чи сæ сахуыр кодта, уыцы ахуыргæнджытæн æмæ ацы рæсугъд бæрæгбон махæн чи фенын кодта, уыдонæн. Ирон фæсивæдæй нæй æвзæр, лæмæгъ. Ирон туг кæй тугдадзинты цæуы, уый йæхæдæг Хуыцауæй æвзæрст у.
Ирон уадын, кæфтытæ, зарджытæ, æмдзæвгæтæ, хъæлдзæг ныхæстæ, лæвæрттæ, дидинджыты бæстытæ æмæ къæрццæмдзæгъдæй бæрæгбон ссис уæлдай аив æмæ зæрдылдаринаг. Фæуæлахиз адæмы иудзинад!
Районты конкурсты чи фæуæлахиз уа, уыдон дарддæр архайдзысты уæлахиздзауты кæронбæттæн фембæлды Дзæуджыхъæуы.
Ацы арфæйаг хъуыддаггæй «Иудзинад»-ы советы уæнгты ног хъæппæрис акодта фыццаг къахдзæф. Уалдзæггæнæг зæрватыккау ерысы архайджытæ, къамисы уæнгтæ æмæ уазджытæн æрхаста циндзинад æмæ ныфс. Цы уыдзæн дарддæр та? Æвдисæн фæут уæхæдæг!
con8
ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ