Четверг, 25 апреля, 2024
spot_img
ДомойÆгъдауФарнимӕ цӕрут ирон зӕххыл, ирон фӕсивӕд!

Фарнимӕ цӕрут ирон зӕххыл, ирон фӕсивӕд!

Абон бирæ ныхас цæуы нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл, йæ дарддæры рæзтыл, фыдæлтæй баззайгæ рæсугьд æмæ фæзминаг æгьдæуттæ сног кæныныл…

Нæ фидæн, нæ ныфс сты нæ фæсивæд, нæ кæстæртæ. Уыдонæй аразгæ у, цавæр уыдзæн нæ сомбон, фылдæр уыдонмæ кæсы ирон æвзаг æмæ нæ фыдæлты фæрныг æгъдæуттæ хъахъхъæнын æмæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын. Ӕмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй абон мах уыцы удварнон хæзнатæ дæттын хъæуы нæ кæстæртæм.

Фыдæлтæй нæм цы зонындзинæдтæ æмæ фарны æгъдæуттæ баззад, уыдоныл иузæрдион сты Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнгтæ. Ацы змæлдæн ныридæгæн йæ къухы бафтыд фæрныг хъуыддæгтæ саразын. «Иудзинад»-ы уæнгтæ сæ сæйрагдæр нысантыл нымайынц, цæмæй рæзгæ фæлтæр æнувыд уой Райгуырæн бæстæйыл, уарзой мадæлон æвзаг, ма рох кæной нæ хорз æгъдæуттæ.

konkurs-1

Уыцы нысанты сæраппонд æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы советы хъæппæрисæй арæзт цæуы, ныридæгæн традицион чи сси, уыцы республикон æркаст-конкурс «Ирон дæн æз». Амæй размæ уыцы ерысы архайдтой лæппутæ, ныр та ахæм конкурс сараздзысты чызджыты ‘хсæн. Ӕркаст цæудзæн дыууæ къæпхæнæй: фыццаг — Дзæуджыхъæу æмæ хъæууон районты ерыстæ (2017 азы январы-февралы), дыккаг — фыццаг кьæпхæны ерысты уæлахиздзауты кæронбæттæн фембæлд Дзæуджыхъæуы (мартъийы).

Конкурсон къамис йæ зæрдæ дары, ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æххуысæй не скъоладзау фæсивæд æркаст-конкурсы зæрдиагæй кæй архайдзысты, ууыл.

Ӕппæт фарстатæ дæр сбæлвырд кæнæн ис, ахæм телефонтæй бадзургæйæ:

50-12-24 (æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы офис),

8-928-496-71-86 (конкурсон къамисы сæрдар Токты Валодя).

Ӕркаст-конкурс «Ирон дæн æз»-ы уагæвæрд

I. Ӕркаст-конкурсы нысан:

Ирон адæмы кад, намыс бæрзонддæр кæнын. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной мадæлон æвзаг, нæ рагфыдæлты рæсугъд æмæ аив æгъдæуттæ. Зоной æмæ сæ æххæст кæной царды мидæг. Цæмæй æнувыд уой ирон адæмы бафæзминаг хъуыддæгтыл, сæ къух сисой зианхæссæг æгъдæуттыл, хъоды бакæной ныры царды æвзæр, ницæййаг митыл.

II. Ӕркаст-конкурсы домæнтæ:

  1. Ӕркаст-конкурсы сæ бон архайын у 9-11-æм кълæсты чызг-ахуырдзаутæн — ахуыры, скъолайы мидæг, æмгæртты ‘хсæн фæзминаг чи у, уыдонæн.
  2. Чызджытæ хъуамæ зоной сæ рагфыдæлты фæзминаг æгъдæуттæ, арæхсой ирон аив ныхасмæ, зоной нæ рагфыдæлты сылгоймаджы кусæнгæрзтæ, арæхсой ирон хæринаг кæнынмæ, кафынмæ, зарынмæ, фæндырæй кæнæ далафæндырæй цæгъдынмæ.
  3. Ӕркаст-конкурсы цы хæслæвæрдтæ уа, уыдонмæ хъуамæ уой цæттæ. Ӕркастмæ æрбахæссой, сæ арæхстдзинад равдисынæн сæ цы хъæуы, уы­цы мигæнæнтæ (сылгоймаджы кусæнгарз, ирон хæринаг, æртæ чъирийы, физонæг, бæгæныйы кæхц, хæдзармæ куыстнывæцæн).
  4. Ӕркасты архайджытæ æнæмæнг хъуамæ уой ирон уæлæдарæсы.

III. Ӕркаст-конкурсы хæслæвæрдтæ:

  1. Нывæцæн (хæдзармæ куыст) «Ирон дæн æз».
  2. Ирон бæрæгбæттæ.
  3. Радзурын чындзæхсæвы æгьдауы тыххæй.
  4. Ирон сылгоймаджы кусæнгæрзтæ.
  5. Ирон хæринæгтæ.
  6. Равдисын арæхстдзинад зарынæй, кафынæй æмæ афтæ дарддæр.

IV. Ӕркаст-конкурсы бæрæггæнæнтæ:

  1. Ӕркаст-конкурсы жюрийы уæнгтæ сбæрæг кæндзысты конкурсы æртæ уæлахиздзауы:
    1-аг, 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ.
  2. Ӕркаст-конкурс «Ирон дæн æз»-ы уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцæудзысты æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы Кады гæххæттытæй, зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ æхцайы премитæй.
  3. Хæрзиуджытæ саккаг кæндзысты æркаст-конкурсы уæлахиздзауты ахуыргæнджытæн дæр.

 

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ