Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!..

Архив рубрики ‘Новости’

«Ирон дæн æз» Горæтгæроны

Æркаст-конкурсы ног къæпхæн аивгъуыдта Горæтгæроны районы. Архайæг чызджытæ сæхи равдыстой хъæддых æмæ дзырддзæугæйæ.

«Ирон дæн æз» Элхоты районы уазæг

Æркаст-конкурс "Ирон дæн æз"-ы ног къæпхæн æрхæццæ Элхоты районы скъолатæм дæр. Ахуырдзаутæ равдыстой сæ фæзминаг арæхстдзинæдтæ æмæ фыдæлты æгъдæутты зонындзинæдтæ.

«Ирон дæн æз» Æрæфы районы

Æркаст-конкурс "Ирон дæн æз"-ы ног къæпхæн æрхæццæ Æрæфы районы скъолатæм дæр. Ахуырдзаутæ сæхи равдыстой тынг хъæддых æмæ арæхстджынæй.

«Ирон дæн æз» Дигорайы районы

Дигорайы район йæхи иттæг хорз бацæдтæ кодта æркаст-конкурс "Ирон дæн æз"-ы равдыстмæ. Архайæг чызджытæ равдыстой сæ фæзминаг арæхстдзинад фыдæлты æгъдæутты зонындзинадмæ.

«Ирон дæн æз» Æрыдоны районы

Æркаст-конкурсы ног къæпхæн аивгъуыдта Æрыдоны районы. Архайæг чызджытæ сæхи равдыстой хъæддых æмæ дзырддзæугæйæ.

Районы уæлахиздзаутæ сты:

«Ирон дæн æз»-ы дыккаг къæпхæн

Аив æмæ хъæддых равдыст бацæдтæ кодтой Рахизфарсы районы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Чызджытæ равдыстой иттæг хорз кæй арæхсынц нæ фыдæлты æгъдæуттæм æмæ аивадон курдиатæй хайджын кæй сты, уый.

«Ирон дæн æз» Мæздæджы районы

Æркаст-конкурс "Ирон дæн æз"-ы фыццаг фысым уыд Мæздæджы район, Виногродное. Конкурсы архайджытæ сæхи иттæг хорз бацæдттæ кодтой æмæ сæ арæхстдзинад аивæй равдыстой. Аргъ та сын кодтой:

Гыкъынаты бæрæгбон

Æхсæнадон змæлд "Иудзинад" сарæзта хиконд куклаты равдыст. Бæрæгбон кадджын у æппæт дунейы дæр. Ацы мадзал фæцæуы æрвылаз. Чи йæм æрбацыд, уыдон ма федтой æлыгæй æмæ гæххæттæй конд алыхуызон хъазæнтæ. Экспонатты автортæ сты хæдахуыр æрмдæснытæ. Куклатæ аразæг къорды разамонæг у Таутиаты Азæ.

Газета №9

Рæстæгæй-рæстæгмæ республикæйы районты æмæ сæйраг горæты цы конкурстæ арæзт æрцæуынц, уыдоны æвзонг чыджытæ æмæ лæппутæ сæ хъарутæ фæлварынц ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ хуыздæр зонынæй, мадæлон æвзагыл нывæцæн ныффыссынæй, раздæры фæлтæртæ цæмæй пайда кодтой, уыцы кусæнгæрзты тыххæй аивæй радзурынæй æмæ æндæр хъуыддæгтæй.

«Ирон дæн æз» Кировы районы. 27.11.18

1-аг бынат: Дриаты Рауль — Змейкæйы 2-æм скъола; 2-аг бынат: Слонаты Давид — Кæрдзыныхъæу; 3-аг бынат: Дзæгъойты Аслан — Елхоты 2-æм скъола.
Powered by WordPress | Designed by: All Premium Themes Online. | Thanks to Top Bank Free Premium WordPress Themes, wordpress themes 2012 and