Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ!..

Поэзийы артдзæст «Малусæг»

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ирон мыггæгты республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад», Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фысджыты Цæдис æмæ «Иры Стыр Ныхас»-ы ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ ахуырады фарстаты Комитеты хъæппæрисæй 29-æм сентябры байгом поэзийы артдзæст «Малусæг».

«Малусæджы» арæнты æмбæлдзысты æрыгон фысджытæ, кæцытæ поэзийы кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ, æххуыс та сын кæндзысты РЦИ-Аланийы фысджыты Цæдисы уæнгтæ.

Уымæй уæлдай, ма æрыгон фыссæг фæсивæдæн гæнæн уыдзæнис сæ æмдзæвгæты æмбырдгæнтæ чиныджы хуызы мыхуыры рауадзын.

Поэзийы артдзæст «Малусæджы» сæйраг нысан у, цæмæй алы æрыгон фыссæгæн йæ фыццаг къахдзæфтæ фе’нцондæр æмæ рогдæр уой.


Бæзойты-Джериаты Земæ
Мамсыраты Тасолтан
Вы можете оставить комментарий, или ссылку на Ваш сайт.


Оставить комментарий

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

Powered by WordPress | Designed by: All Premium Themes Online. | Thanks to Top Bank Free Premium WordPress Themes, wordpress themes 2012 and