Пятница, 19 апреля, 2024
spot_img
ДомойКувæндæттæÆгъдау-æппæты сæр

Æгъдау-æппæты сæр

Æмбырд байгом кодта змæлды советы сæрдар Кучиты Батрадз. Йæ цыбыр раныхасы ахсджиагыл банымадта, цæмæй хистæрты ныхас кæддæриддæр хæццæ кæна кæстæртæм, ахуыр кæной фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитыл. Уый та къухы бафтдзæн, хистæртæ æмæ кæстæртæ кæрæдзийы куы æмбарой æмæ иу зондыл хæст куы уой, æрмæстдæр уæд.
Дарддæр æмбырды сæрдариуæггæнæг ныхасы бар радта «Иудзинад»-ы советы уæнг Мæрзойты Тамерланæн. Уый, фыццаджыдæр, арфæ ракодта æмбырды архайæг кадджын хистæртæ æмæ кæстæртæн, стæй загъта:
— Не ’хсæнад арæзт куы ’рцыд, уæд мах къорд уынаффæйы рахастам æмæ, афтæ æнхъæл стæм, уыдон царды уагъд куы ’рцæуой, уæд стыр æххуыс фæуыдзысты нæ сомбоны рæсугъд цардæн. Нæ фыццаг нысан та у ирон адæмы æрбаиу кæнын. Уымæн æмæ нæ фыдæлтæ алы кæмттæй ралыгъдысты быдыры хъæутæ æмæ горæттæм, фæлæ нæм ныр дæр ма бирæ хицæндзинæдтæ ис иуæй-иу хъуыддæгты. Иу æгъдауыл хæст куы уæм, не ’хсæн иудзинад куы уа, уæд та нын æнцондæр цæрæн уыдзæн, æмæ хъуамæ кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууæм.
Мах бахъахъхъæнын хъæуы нæ удварны хæзнатæ. Уыдон та сты нæ фыдæлты рагон нæртон æвзаг, рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Хъуамæ алы ирон скъоладзау дæр ахуыр кæна йæ мадæлон æвзаг æмæ уый тыххæй абон æппæтæй ахсджиагдæр у, цæмæй хистæртæ сæ кæстæртимæ хæдзары ныхас кæной иронау.
Дарддæр Мæрзойты Тамерлан æмбырды архайджытæн радзырдта, ирон адæмы æхсæн иудзинад сфидар кæныны фæдыл æхсæнад цы алывæрсыг куыст кæны, уый тыххæй. Ныронг уал сæрмагонд фембæлдтытæ уыд Цæгат Ирыстоны алы кæмтты хистæртæ æмæ дзуарылæгтимæ. Кæронбæттæны сæ иумæйаг æмбырды та алы кæмтты хистæртæ бæлвырддæр æрныхас кæндзысты, æхсæнадон змæлд «Иудзинад» цы ахсджиаг уынаффæтæ рахаста, уыдоныл.
— Сымах цыдæриддæр зæгъат, уый мах бакæндзыстæм, — бафиппайдта Мæрзойты Тамерлан. – Абон та фарста афтæ æвæрд цæуы, цæмæй нæ кувæндæттæ æнæзылд ма уой. Хъуамæ алы ран дæр арæзт æрцæуой мыггаджы советтæ æмæ уый чысыл æххуыс нæ фæуыдзæн кæстæрты хъомыладон куысты.
Æмбырды раныхас кодта Хохы Дæргъæвсы хистæртæй иу – Токаты Сафарбег. Уый загъта:
— Мæнæн æхсызгон у, ацы рæсугъд хъуыддаджы кæй архайын, уый. Нæ рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ махæн нæ фыдæлтæ ныууагътой. Мах сæ дарддæр нæ кæстæртæм куы нæ хæццæ кæнæм, уæд ацы куыст нæ бæсты ничи бакæндзæн. Уымæ гæсгæ кæстæрты хæстæгдæр æрбалæууын хъæуы хистæртæм, цæмæй нæ рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ рохуаты ма баззайой.
Токаты Сафарбег куыд радзырдта, афтæмæй Дæргъæвсы комы ис 5 хъæуы. Сæ цæрджытæ кувынц бирæ зæдтæ æмæ дауджытæм. Æрмæст Джимарайы ис 7 кувæндоны. Æрæджы скодтой Алардыйы куывд, ныр та цæттæ кæнынц Тбау-Уациллайы бæрæгбонмæ.
Мидисджын ныхас ракодта Хъобаны Уастырджийы кувæндоны дзуарылæг Джыккайты Амиран дæр. Куыд загъта, афтæмæй Хъобанæй бирæ зындгонд адæмтæ рацыд. Уыдон сты Тылаттаты Чермен, Хъаныхъуаты Бола æмæ иннæтæ. Хистæртæ кæстæрты æдзухдæр ахуыр кæнынц уыдоны таурæгъон фæлгонцтыл.
dargavs1
Йæ ныхасмæ гæсгæ, рæзгæ фæлтæры æхсæн, хъыгагæн, ис, адæмы хъæр чи не ’мбары, ахæмтæ дæр. Уыдон карз нозт нуазынц, æмхиц сты наркотиктæм, æндæр галиудзинæдтæм. Зæгъæм, æрæджы фæкъахтæуыд, Джызæлы сæрмæ Хъобангомы цы кувæндон ис, уый. Уымæ гæсгæ кæстæрты хъæуы, размæ сæ чи схойа, ахæм тых, æмæ ууыл Хъобангомы хистæртæ архайгæ дæр кæнынц. Фæлæ арæх кæстæртæ хистæртæй сæхи дæрдты ласынц, æмæ Джыккайы-фырт уый тыххæй дæр йæ хъуыды балхынцъ кодта, зæгъгæ, кæстæр хистæрæй кувæггаг куы нæ райса, уæд æгъдауыл кæд сахуыр уыдзæн.
Уый фæстæ кæстæрты номæй æмбырды раныхас кодта Кокойты Алик: «Мæнæн бирæ æрдхæрдтæ ис æндæр адæмтæй. Фæлæ сæ мæ бон нæу Ирыстонмæ æрхонын. Уымæн æмæ нæ алывæрстæм куы акæсай, уæд бирæ рæтты вæййы æнæфснайд, æмæ тæрсын, ме ’рдхæрдтæй мыл исчи куы фæхуда, уымæй. Раст мæм нæ кæсы, хъоды кæй ферох кодтам, уый дæр. Хъуамæ йе ’взæрдзинады тыххæй дзуапп дæтта алчидæр, æмæ ныры дуджы дæр пайда кæнын хъæуы адæмон тæрхондоны хъомысæй».
Хъомыладон фарстатыл уыд змæлды советы уæнг Туаты Аланы раныхас дæр.
— Кувæндонмæ нуазынмæ æмæ хæрынмæ чи цæуы, уый ничи у, — бафиппайдта Туайы-фырт. – Дзуæрттæн табу кæнын хъæуы, сыгъдæгзæрдæйæ сæм кувын хъæуы, æмæ æххуыс дæр уæд кæнынц. Фырнозтджынæй йæ къæхтыл чи нал фæлæууы, ахæм лæджы куывд та кæцы дзуар хъуамæ айса йæхимæ? Карз нозт куы нæ нуазæм, æмсæр-æмзондæй куы бавналæм фыдæлты фæзминаг æгъдæуттæ царды уадзынмæ, уæд нæ сомбон рæсугъддæр уыдзæн. Фыд æмæ мад кæд сæ кæстæрæн иугæр зонд нæ амонынц, уæд уый сидзæрæй хъомыл кæны. Ахъуыды кæнын нæ хъæуы, ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæ не скъолаты къаддæрæй-къаддæр кæй кæнынц, ууыл дæр.
Фæстаг азты нæ кувæндæтты бæрæгбæтты цы куывдтæ скæнынц, уыдон арæх æмбæлгæ уагыл кæй нæ вæййынц, уый фæдыл йæ раныхасы дзырдта Токты Валодя:
— Афтæ вæййы æмæ дыууæ галы ныддихтæ кæнынц æмæ йæ чидæртæ æппæт адæмы разæй сæ хæдзæрттæм ахæссынц. Ахæм æнæчетар адæмтæ дзуары фыдыхæй дарддæр хорзæй ницы ссарынц… Нæ сомбон сты фæсивæд æмæ сæм æхсæнад «Иудзинад» йе ’ргом здахы. Рæхджы Алагиры уыдзæн йæ сæрæй йæ кæронмæ ирон æвзаг æмæ æгъдау æвдыст кæм æрцæудзысты, ахæм фæсивæдон хъæзтыты бæрæгбон. Районы скъолатæй уæлдай дзы архайдзысты Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы 9-10 кълæсты ахуырдзаутæ дæр.
Æмбырды ма алыхуызон фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Хетæгкаты Таймураз, Гæззаты Виктор, Дзампаты Зауырбег, Дзебысаты Валери, Гæдиаты Эльбрус æмæ иннæтæ. Кæронбæттæны Кучиты Батрадз хатдзæгтæ скодта æмбырды архайджыты раныхæстæй.
dargavs3

ТОХСЫРТЫ Къоста

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ