Суббота, 20 апреля, 2024
spot_img
ДомойÆгъдауМалусæг. Гæджынон-Хабæты Риммæ

Малусæг. Гæджынон-Хабæты Риммæ

Нæ уарзон Ирыстоны зæхх хъуаг никуы уыд разагъды адæмæй. Бирæ кадджын, дзырддзæугæ адæм цæры Ирыстоны. Уыдон кад æмæ намысимæ хæссынц ирон адæймаджы сыгъдæг ном, æнæкæрон уарзтæй уарзынц Ирыстоны, йæ адæмы.

Уыцы адæмæй сæ иу у абон кæй тыххæй æрбамбырд стæм, кæй нымайæм уарзон адæймагыл, кæй сфæлдыстад нын хæссы зæрдæйы цин, кæй цард, кæй æхсæнадон куыст у арфæйаг, уыцы адæймаг.

Гæджынон-Хабæты Риммæ. Нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг, поэт, æхсæнадон кусæг. Куырыхон, æгъдауджын, æфсармджын сылгоймаг, хорз цардæмбал, уарзæгой мад, фæлмæнтæ дзурæг нан, бæстон, æнæхин кусæг. Гъе, ахæмæй зонынц Ирыстоны адæм, Риммæйы. Гæджынон-Хабæты Риммæ йæ куысты мидæг сырæзти скъолайы ахуыргæнæгæй Республикæйы ахуырады министрады сæйраг специалисты онг. Бирæ лæггад бакодта æмæ кæны ирон æвзаджы рæзтæн.

Республикон сывæллæтты сфæлдыстады галуаны кусгæйæ йæхи арæзт программæ «Ирон аив дзырды дæсны» хорз зонгæ у сывæллæттимæ хъомыладон куыст чи кæны, ирон æвзаджы рæзтыл чи кусы, уыдонæн.

СТАТЬИ ПО ТЕМЕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.

ПОПУЛЯРНЫЕ СТАТЬИ

ПОСЛЕДНИЕ КОММЕНТАРИИ