Дзуæрттæм цæуыны æгъдау

0
521
«Дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ хохæй
 быдырмæ арæзт цыдысты бæрæг сыгъдæгдæр,
 райдзастдæр, фидардæр бынæтты кæм хъæуты астæу,
 кæм уыдонæй иуварсдæр нæудзар къуыбыртыл, рындзтыл.
 Дурæй бæласмæ кувæндæтты-дзуæртты
 быннæттæ фæлгонцгонд цыдысты
 бæстывæрды æрдзон уагыл.»
 Айларты Измаил

Ирон адæймагæн йе `гъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ бæрæг бон йæ кувинагимæ ссæуы Дзуармæ. Фæлæ скувыны размæ алчидæр хъуама йæхи бацæттæ кæна Дзуары размæ сыгъдæгæй æрлæууынмæ. Уый тыххæй зæрдыл бадарын хъæуы:
Дзуармæ цæуынвæнд куы скæнай, уæд хъуамæ адарай ком æппын къаддæр 3 боны: ома, æвзæр дзыхæй дын нæй дзурæн, нæй æлгъитæн, сылгоймаджы æмуд нæй цæуæн, æнæ уаг митæ ферох кæн, ирон бæгæныйæ карздæр нозт ма баназ, айк, маргъ æмæ бырынкъджыны фыдæй ма фæхъæстæ у, тамако ма бадым, дæ ныхас æмæ хъуыдытæ хъуамæ уой сыгъдæг.
Хойрагæй дæ хæдзары æрцæттæ кæн кувинæгтæ: 3 уæливыхы, кæд кусарт акодтай, уæд физонæг (раззаг хуылфыдзаумæттæй, кæнæ 3-5-7 фæрсчы кусæрттагæн йæ рахиз фарсæй конд), ирон бæгæны, урс хæцъилы тыхт мысайнаг. Дзуармæ минас æмæ цæл кæнынмæ нæ фæцæуынц, фæлæ кувынмæ, бинонты æмæ сыхбæсты бафæдзæхсынмæ.
Уæлæдарæс хъуамæ уа сыгъдæг. Тар хъуымацæй хуыд дзаумæтты аив нæу бæрæгбонмæ цæуын. Цыбырдыс, гомхъуыр дарæсы Дзуармæ цæуын не ‘мбæлы. Нæлгоймæгæн цæугæ у худы, сылгоймæгæн та сæрбæттæны. Хæлафджын сылгоймаг дзуармæ нæ цæуы!
Де `ртæ кæрдзыны дын хистæртæ куы акувой, уæд дзы саход. Кувинæгтæй æмбæлы аходæггаг æрбахæссын хæдзармæ – бинонтæ дзы цæмæй фæхъæстæ уой. Кæд демæ исчи йæ мысайнаг арвыста, уæд уымæн дæр йæ кувæггаджы хай сæмбæлын кæн.
Дзуары кувæндонмæ нæй хæссæн хъæбæр нозт, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг бæгæнытæ, тамакотæ, нæй дзы хъæрæй дзурæн, æнæуаг ныхас кæнын. Ирон Дзуармæ нæй хæссæн чырыстон сойын цырæгътæ.
Сылгоймагæн йæ номæй ис сдзурæн Хуыцауы Дзуар, Мады Майрæм æмæ Алардымæ. Иннæты нæмттæ йæ дзыхæй хъуамæ уадзгæ дæр ма скæна. Цæуæн дæр йын ис æрмæст ацы Дзуæртты кувæндæттæм.
Дзуары, чи зоны, ерыстæ дæр саразой. Дæхи иуварс ма алас, бавзар иннæтимæ дæ хъару æмæ дæ зонд. Хъазты мидæг дæ кафынмæ куы хоной, уæд «нæ зонын»-зæгъгæ ма зæгъ, фæлæ ракаф.
Дæ фæстæ бафснайын хъом у. Æвгтæ, гæххæттæ, кæрдзынтæ сæмбырд кæн æмæ сæ рахæсс Дзуары бынæй. Нæй æвналæн æрмæст мысайнæгтæм, стæй ма адæм цы мигæнæнтæй фæархайынц, уыдонмæ.
Ацы фиппаинæгтæ уæ зæрдыл бадарут. Абоны бон сæ нæ æрымысыдыстæм, фæлæ нын баззадысты фыдæлтæй. Æмæ цæмæй уæ куывтытæ расугъдæй фехъуысой æмæ рæствæндаг уат, уый тыххай уæ зæрдыл дарут ацы æгъдау.

ÆРТХУРОНÆЙ КУВЫНЫ УАГ

Куывтой алы кары нæлгоймæгтæ усгуры азтæй уæлæмæ уавæртæм амонгæйæ: хæдзары чи куыд æрæййæфтаид, афтæ. Стыр фыд æмæ Стыр мады гасæй, стæй уыдоны хистæр цоты раз кæстæртæм кувыны бар нæ хаудта, фæлæ йæм сæхи цæттæ кодтой чысылæй фæстæмæ хъусæггагæй, уынæггагæй.
Хистæр иугæр йæ бынаты балæууыд гомсæрæй, райста рахизæй къуымæлы кæхц, галиуæй физонæг, уæд иннæтæ лæууынц бæрæг уагыл æмæ хъусынц. Гæзæмæ иуварсæй
цырддæрæй кæсы уырдыглæууæг. Хæдзары лæппу нæй, уæд чызг дæр лæууыд.
Хæрз цыбырæй куывта хистæр. Ардта Хуыцау æмæ зæдты нæмттæ куыд хистæрæй, бæрнондæрæй. Уыдоныл фæдзæхста бинонты æмæ сын куырдта удты æнæнизимæ
сæрты сæрæгас. Бæлццæтты фæдзæхста Уастырджийыл, ныййарджыты сæ цотимæ — Мадизæныл, тыллæджы æрзад — Уациллайыл, фосыконд — Фæлвæрайыл, рæстæджы хорзæх куырдта Дунейы фарнæй.
Сæйраг ракуыоды уаг ахицæн кувæггæгтæй ацаходыны онг, уæд хистæр бавнæлдтаид æртхурон алыг кæнынмæ. Айстаид уал æртыдзыхæтты æндæр тæбæгъмæ.
Æртхурон æмæ æртыдзыхæттæн дардтой цыргъ фæлахс кард, æнцонæй, сыгъдæгæй чи алыг кодтаид, ахæм. Æртхурон æдтæбæгъ рахизæрдæм йæ мидбынаты æрзылдтаид (Хуры зылдмæ амонгæйæ), стæй йыл кард лыгæввонгæй куыд æруагътаид, афтæ куывта: «Бынатыхицау æмæ Сæрызæд, Мадымайрæм æмæ Хуртыхурзæрин, уæдæ нын не ’ртхурон æртæхуронæй Ногазы бæркæдты сæр фæкæнут. Нæ афæдзы бакуысты авд-авды бæркæдтæ куыд уа, бинонтæ куыстхъомæй, æнæнизæй фидæн ацафонмæ фылдæр куыд бауой, нæ зæрдæ кæмæты æхсайы, уыдонæй хорз хабæрттæ куыд фехъусæм, уыйбæрц арфæгонд нæ фæкæнут! Йе ’ртхуроны хай зæрдиагдæрæй, хæрзаддæрæй чи бахæра, уыдонæн та Хуыцауы цæст уæлдай фылдæр хæрзтæ бауарзæд!»
Æртхурон лыггæнгæйæ бинонтæй уæлдай сыбыртт нæ хъуысти, лæууыдысты уырдыг стырæй чысылмæ, дзидзидай сабиты истой сæ хъæбысмæ, науæд сын сæ къухтыл хæцыдысты æнцойæ. Æнæ уæлдай разил-базилæй дихгонд цыди æртхурон бинонты нымæцмæ кæсгæйæ, фæлæ йын аст хайæ къаддæр та уæвæн нæ уыди.
Бинонтæй алкæмæн дæр — хай. Чысылдæр сабитæн — къаддæртæ, хъомылтæн — егъаудæртæ. Бинонтыл нымад цыдысты тугхæстæгæй хæрæфырттæ, æмæ уæлдай кæрстытæй уыдоны ном ардтой фæсвæдмæ дæр. Бынаты куы æрæййæфтаиккой, уæд та — æргом хæйттæ. Хæрæфыртæй уæлдай æртхуронæй бинонтæ никæцы хæстæгæн кодтой хай, уазæг дæр дзы нæ хордта: уыди нæфæтчиагыл нымад.
Æртхурон лыггонд цыди уæливыхы уагыл æмæ æнцондæр уыди уарынмæ. Æртыдзыхæттыл кард уагътой æрмæстдæр æртæ æвæрдæн,- æмæ алы æртæдзыхонæй дæр уади авд хайы: æртыгæйттæ ныхты æмæ фæрсты лыгтæ, иу та астæуккаг. Афтæмæй æртæ æртыдзыхоны уыди 21 хайы, уыдонæй æртæ — астæуы дзаджджынтæ хаудтой кæстæртæм уæлдай хуыздæрæн, æмæ сæ уарæг карды фындзæй иста хибар тæбæгъмæ.
Хæйттæ уæрст фесты, уæд бинонтæ сбадтаиккой фынгты уæлхъус. Хистæр бадгæйæ скуывтаид Стыр Хуыцаумæ, фæсидтаид дæллаг фарсы бадджытæм, банызтаиккой фæйнæ, стæй ахуыстой æртхуроны хæйттæй. Хордтой сабыргай, арæхстгай. Иунæг чысыл мур æрæппарын дæр нымадтой æлгъыстыл æртхуроны хойрагæй. Сывæллæтты’ бадын кодтой ныллæг, сæ хъус сæм дардтой, æмæ сæ алчи дæр хордта йæхи сæрмагонд къусы. Хай хæрд нæ фæци, уæд уæлдæйттæ æвæрдтой сихормæ. Айларты Измаил.

БЫНАТÆХСÆВ

Бынатыхсæв баззад бæрæгæхсæвæй ирон адæмæн Бынатыхицауы номыл. Цуанон, зæгъы, иунæг æхсæв куы скæна лæгæты арт æхсæвиуаты уагыл, уæддæр скувы Бынатыхицаумæ.Ирон хæдзары арт цы уысм скæнынц, уый уæлвæд йæ рахиз фарс къонайыл æрбады Бынатыхицау, йæ бакомкоммæ рæбинаг къуымы та уырдыг алæууы Сæрызæд. Уыдонимæ сусæгæй-æргомæй къуымты зиламантæ сисы бинонты хæйрæджыхай-нæзæгъинаг, дæлимон.
Хæдзармæ, къонамæ уæларвон тыхты хъæлæс хъуысы артдзæсты фæздæгдзоныл — тохынайыл, ердойыл, æмæ ууылты цæуынц бинонты фæндæттæ-бæллицтæ кувыны, курыны хуызы Хуыцаумæ, уæларвон бардуæгтæм. Зæххæй арвы астæу уырдыг лæууы астæурæхыс — Сафа æмæ æхсæвæй-бонæй цæуы уæсхы æвдисæнты тæразыл лæууæгау. Уыдæттыл дзæвгар фæдзырдтам хицæн сæргæвдгы. Ам скæндзыстæм сæйраг хатдзæг: æнæ Бынатыхицауæй нæй ирон хæдзар, æмæ бинонтæм кæсы иугæндзоны хæрзаудæны цæстæй цины, зианы бонты. Бонтæй у хайджын хæдзары бинонтимæ,
æхсæвты фæсахсæвæрæй бонивайæнтæм бакодта хæйрæджыты æвджид. Уымæн баззад ныхас: «Бонтæ — адæмы, æхсæвтæ — хæйрæджыты. Бонтæ — куыстæн, æхсæвтæ — фынæйæн».
Хæйрæджытæ хуры рухсæй куыд лидзынц, арты рухсæй дæр афтæ
стъæлфынц, æмæ уыцы афæтты сæхи куы раргом кæнынц, уæддæр адæймаджы æдзæллагæй, æнæрхъуыдыйæ æмæ æнæмæты митæй. Уыцы уаг хæйрæджытæн Бынатыхицауæй хуыздæр ничи зоны бардуæгтæй, æмæ уый афæливыныл, асайыныл дæр фыдвæндтæ байдайынц. Афæдзы сæрæн уыцы фыдвæндты тæрхоны фæбадынц
Ногбоны размæ æртыццæгæхсæвы. Уый та вæййы Бынатыхсæв алы хæдзарæн дæр. Уыцы æхсæв, зæгъы, хæрзудыбæстæйы мæрдтæ мæрдтыбæстæй сæ хъус фæдарынц хæйрæджыты-дæлимонты змæлдмæ, уæдæ та цы фыдбылызтæ аразын и сæ зæрды удыгæстæн.
Зæрæдтæ куыд амыдтой, уымæгæсгæ уæлон дуне уыди адæмы, дæлзæхх — хæйрæджыты. Уæлон дунейæ дæлзæхмæ, стæй дæлзæххæй уæлон дунемæ æфтыдысты дæлимонтæ мæрдтыбæстыл æмæ куы удыгæсты аууæтты цыдысты, куы мæрдты. Айларты Измаил

ДАУДЖЫТÆ

Фыдæлтæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ — дауджытæм куывтой
бахъуыды заман, фæлæ сын æмхуызон нымад нæдæр афонæй уыдысты, нæдæр бынатæй. Зæдтæм амыдгой комкоммæ сæрмагонд нæмтгæй æмæ сын арæзтой кувæндæттæ — дзуæрттæ. Уыдысты сын уæларвон æмæ зæххон, дзырдтой сæм бардуæгтæй, ахстой
бæрæгæй бæрзонд æмæ ныллæг бынæтгæ, тахтысты базырджынтæй уæлæрвты, фæлгæсыдысты фылдæр бæрзондæй ныллæгмæ. Дауджытæ бадтысты ныллæджыты æмæ сын нæмттæ нæ уыд. Уыцы уырнынады, æмбарынадыл хъуыстысты фыдæлты ныхæстæ,
кувыны хъуыдытæ афон æмæ бынат хынцгæйæ ахæм хуызты:
Хохы зæдтæ æмæ быдыры дауджытæ,
Зæдтæ æмæ дауджытæ,
Изæры зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ,
Боны зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ,
Сæумæйы зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ,
Цы зæд, цы дуаг дæ, ахъаз бакæн!
Уæларвон зæдтæ æмæ зæххон дуæгтæ,
Бон зæдтæ æмæ адæмæн у, æхсæв — дауджытæ æмæ хæйрæджытæн. Зæды номæй дзырдтой бæрæг бынæттæм — Сæрзæд, Хъæуызæд. Дуаджы номæй уыцы хуызы нæ дзырдтой. Уæдæ, зæдтæ фыдæлтæн тахтысты хохæй хохмæ, дзуарæй дзуармæ. Дуаг æртахти, зæгъгæ, никуы фехъуыстон, нæдæр ын фехъусæн уыди, уымæн æмæ
фыдæлтæн дуæгтæ-дауджытæ уыдысты зæххон, æмæ тæхгæ нæ кодтой.
Зæдтæй иутæ цардысты уæлæрвты (Аларды, Йелиа, Уастырджи, Куырдалæгон, Хуртыхурзæрин), иннæтæн сæ бынæттæ уыдысты зæххыл (Фæлвæрайæн, Тутырæн, Уациллайæн, Æфсатийæн, Сафайæн, Сæрызæдæн, Хъæуызæдæн, Бынатыхицауæн, Мадизæнæн).
Дауджытæ уыдысты зæххон æмæ бадтысты, змæлыдысты сæ кувæг адæмы кусæн, улæфæн, цæуæн æмæ кувæн бынæттæм хæстæджыты æмæ хъуыстой алы афæтты царды хъæрмæ, змæлдмæ.
Уыдон дæр, зæдты хуызæн, Хуыцауы фæндонæй афæдз цыппар хатты бадтысты тæрхæтты-уынаффæты. И.Айларты

КОМАХСÆН

Стыр бæрæгбоныл нымадтой фыдæлтæ Комахсæны. Дзыр
дарæзтмæ гæсгæ у дыууæ хайæ: ком æмæ ахсын-æй. Ком ахсын — ком уромын, бæттын. Ком та у дзых. Дзыхæй, комæй хæргæ сты царды бæркæдтæ: урсæгтæ æмæ сойæгтæ, хойрæгтæ æмæ халсартæ. Бæркæдты цы бонты нæ хордтой фыдæлтæ ирон дины кæнонтыл хæцгæйæ, уыдон уыдысты комахсæны, комбæттæны замантæ, хуыд-
той ма сæ мархотæ дæр.
Комахсæнмæ хастой нæл фыстæ æмæ нæл сæгътæ хибарæй. Йæ бон æййæфта цыппæрæмы, йæ изæр фæсæртыццæжы. Йæ размæйы хуыцаубон нымадтой галæргæвдæн хуыцаубоныл. Кæй зæгъынæй хъæуы, алкæй бон гал аргæвдын нæ уыди. Галтæ æргæвстой цæрæгдæр бинонтæ хуыцаубоны фæссихæртты æмæ уыцы изæр кодтой галгуывдтæ, цыдысты дзуары бынмæ æртæ кæрдзыны æмæ физонæгимæ.
Цыппæрæмы размæ изæры, хуры аныгуылыны размæ, цæттæ кодта ирон хæдзар комахсæны кусартæй физонæг æмæ йæ æртæ æртыдзыхонимæ хаста дзуары бынмæ кувынмæ. Кувинæгтæ хастой нæлгоймæгтæ. Кувинæгтæй дзуары бын цы бахордтаиккой куывдцон лæттæ, иннæты здæхтой фæстæмæ тæбæгъты, æмæ сæ адджынæн
ахуыстой бинонтæ чысылæй стырмæ.
Комахсæны æхсæвæрыл (ногбоны хуызæн) ирон хæдзар фынгыл æвæрдта æртыгай уæливыхтæ, къуымæл. Кусарты фыдызгъæл уагътой йæ бонмæ — цыппæрæммæ. Цыппæрæмы алы ирон хæдзар дæр хибарæй куывта йæ аходæны фынджы уæлхъус, стæй райдыдтаиккой хæдзаргайы хуындтытæ — куывдтæ. Уæдмæ арыдтой æмæ фыхтой нывонды сæр, къæхтæ иннæ фыдызгъæлы бæрæг хæйттимæ: бæрзæй æмæ фæхсын, базыг æмæ сгуы, уæн æмæ мурзæг фæрсчытæ, стæй æндæр хæйттæ. Хæдзаргайы куывдты рæгъытæ хастой цыбыр, баст цыдысты хоры æмæ фосы æфтийæгтыл, бинонты сæрæгас æмæ æнæнизыл. Аходæны бинонты хардзæй фосмæ хастой æртæ кæрдзыны æмæ къуымæл арфæтæ кæнынмæ. Фосмæ цыдысты хæдзары кæстæртæ: чындз æмæ тиу, æфсымæр æмæ хо,
амал уæвгæйæ — нæлгоймаг сылгоймагимæ. Арфæгонды кувинæгтæй ахуыстой куывды фæстæ фос, стæй иннæты хастой хæдзармæ, дзуарбыны кувинæгтау.
Комахсæн нымадтой фыдæлтæ æмбис зымæгыл. Уæдмæ æмбис хардзæй дыууæ мæкъуылы хос куы бахордтаид ирон хæдзары фос, дыууæ дзæкъулы ссад нымадæй уæлдай бинонтæ, уæддæр иннæ кæрдæг æмæ хор афонмæ фæхъуагæй тарстысты, æмæ уыйбæрц архайдтой фæстауæрцæй. Уымæн баззад æмбисонд дæр: «Комахсæн
мын зæгъ, æмæ дын зымæг зæгъон». Карз комахсæны æртхъирæнты мæй дæр хуымæтæджы нæ хуыдтой. Усгур лæппуты æнæрхъуыдыйæ-æнæмæтæй сæ уæлбадæнты сæлын кодта, чындздзон чызджытæн æгæр хъал æмæ рогфæлыстæй сыдысты сæ риуты къуыбыртæ. Уыдæттæ хынцгæйæ хъæбæртæ дзураг мæйæн йæ ныхмæ æвæрдтой хъæбæр мадзæлттæ, æмæ уыдоны сæрæвæрæн уыди комахсæны бæрæгбон. Цы хæдзарвæндаг æй нæ арвыстаид æгъдауыл, уыдоны æвыдæй нæ ныууагътаид.
И.Айларты

НОГБОН-НОГАЗ

Ногбон-Ногаз нымад цыди афæдзы райдайæныл, афæдзы бæрæгбæтты сæрæвæрæныл. Ногаз-иу райдыдта Ногбоны изæрæй-æхсæвæй. Уæдмæ адæм æнхъæлмæ кастысты æхсызгонæй, сæхи йæм цæттæ кодтой куыд удхъомысы, афтæ
фæллойы æмæ дзаумайы æппæт хæрзиуджытæй. Ногбонмæ адæм æнхъæлмæ кастысты нæуæг хæрзтæ æрхæссынмæ, зæронд азæн та æрвыстой сæ фыдбылызтæ æппæт
зынтæ æмæ фыдæхтимæ.
Ирон бинонтæ цыфæнды дард балцæй дæр тындзыцтой хæдзармæ уыцы æхсæвмæ. Уæд фæндагыл баззайын, бинонты ’хсæн нæ уæвын нымадтой адæймагæн æппæты
æнамонддæр хъуыддагыл, бинонтæн фыдбылызы нысаныл, æмæ фæндаггæттæн бауромыны хъомыс нæдæр зымæгон тымыгътæ ардтой, нæдæр залты миттæ-зæйтæ.
Ногбонмæ архайдтой ирон бинонтæ фæйнæ ног фæлысты, дзаумайы ссарынмæ. Алкæд уый къухы не ’фтыд, æмæ зæронд дарæс бæстон хуыдтой, сыгъдæг æхсадтой.
Дарæсы, буары сыгъдæгимæ-æфснайдимæ зæрдиагæй цæттæ кодтой кувинæгтæ. Кувинæгтæн — хойраг, фыдызгъæл, урсаг, сойаг æмæ нозт. Мысайнæгтæн — физонæджы уæхст, урс кæрдæйнаджы гæппæл, æвзист æхца.
Хæдзары хистæримæ дзуары бынмæ цыдысты иннæ нæлгоймагæй кæстæртæ дæр авд, фарастазыкконæй фæстæмæ, цыфæнды тымыгъ куы хастаид, уæддæр.
Кувинаджы тæбæгътимæ хастой дзуары бынмæ тымбыл æртыкъахыг фынгтæ. Лæгбæрц миты дæр лæгæрстой, нæмгæ цыдысты æмæ фыццаг дзуармæ бахизæны сæхиуыл дзуæрттæ æфтыдтой, сæхи фæдзæхстой кувæндоныл комкоммæ номæй дзургæйæ, стæй æвæрдтой фæткыл сæ кувинæгтæ фынгтыл, сæ мысайнæгтæ дзуары къусчы.
Рæстæг амыдта, уæд ногбоны изæр дзуарыбын бадгæ дæр кодтой, æгæр сыстад ты-мыгъ, уæд лæугæйæ, худаистæй скуывтаид хъæубæсты хистæр, стæй фæкодтаик кой бæрцæй æртæ сидты: иу Хуыцау æмæ йе сконд зæдты номыл, иннæ хъæубæсты зæды-хæстæгдзуары æмæ сæ кувæг адæмы тыххæй, æртыккагæй ардтой рæстæджы хорзæх бынатæй фæндаггонмæ æмæ сæ фæдзæхстой Уастырджийыл. Ахæм цыбыр æгъдауы дзуарыбынты нæдæр нуазæнтæ лæвæрдтой, нæдæр бæркад æфтыдтой, нæдæр сæм къæсæры кой уыдаид. Æмæ бæстон æркæсгæйæ фыдæлты уыцы цыбыр æгъдау
бирæ цæуылдæрты дзуры абоны нозтуарзаг фæлтæртæн.

СИДÆН-МЫКАЛГАБЫРТÆ

Мыкалгабырыбон иумæйаг нымадæй Цæразонтæ кодтой Майрæмты фæстæ дыккаг цыппæрæмы. Йæ бынатуыди Къасарайы сæрмæ Сидæны уæллаг фæзуаты. Ацы бынат ма хуыдтой Илцы фидар дæр. Уыцы фæзуаты куывды бадгысты Зæрæмæджы æмæ йæ алыварсы хъæуты адæм, куыд бынæттон-фысым адæм, афтæ. Мыкалгабыры бынмæ куывды цыдысты Цæгат æмæ Хуссар Иры алы кæмттæй. Бынаты арæзт уыди сардахътæ мыггæгты номыл, кувæндоны бынаты та уыди иумæйаг сисын быру мысайнæгты къускимæ. Дзуарæн дардтой сæрмагонд дзуарылæгтæ, æмæ уыдон бынаты фыхтой бæгæнытæ, кодтой кусæртытæ.
Æппæт бæркæдты зæд-бардуаг Мыкалгабыр нымад цыди рæдауыл, цæстуарзоныл, æууæнкджыныл, рæстагыл, æмæ йæхи хуызæн кувæг адæмæн цыди æвæджиауы æххуысты хохæй быдырмæ. Цы нæ уарзта, уый магусайæ цæлгæнджыты, давджыты, фыдæхзæрдæты, æнæууæнкты. Нозтæй йын кодтой бæгæны, къуымæл, арахъы нымадтой хæйрæджыты холлагыл. Бæгæны нуæзтой хъæдын нуазæнтæй æмæ дзæбидыры сыкъатæй. Авджын æмæ æндæр нуазæнгæрзтæ йæ бынмæ ничи хаста. Нысайнагæн йæ быны æвæрдтой æвзист æхца, сыгъдæг бæмбæг æмæ кæрдæйнаг, физонджыты уæхстытæ, æхст фæттæ, нæмгуытæ, зæронд цæфхæттæ сæ зæгæлтимæ.
Айларты Измаил

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Пожалуйста, введите свой комментарий!
Пожалуйста, введите ваше имя здесь

Лимит времени истёк. Пожалуйста, перезагрузите CAPTCHA.